Республикæ Хуссар Ирыстоны конституцион закъон «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ депутаттæ æвзарыны тыххæй» æвзæрстыты цы партитæ хайад райсдзысты, уыдон сæ радон съездты раразмæ кæндзысты æвзарæн зылдты партион æмæ иумандатон кандидатты номхыгъдтæ. 

Уыцы нысанæн Республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон» ауагъта йæ X-æм съезд. Мандатон къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ куысты хайад райстой 244 делегаты, уыдон нымæцы – партийы бындурæвæрæг, бæстæйы раздæры президент Бибылты Анатоли дæр.

Парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæрдар Бибылты Ацæмæз бузныг загъта съезды хайадисджытæн. Райгондæй банысан кодта партийы идеятæ æххæст кæй цæуынц æмæ хуымæтæг адæм æххуыс кæй æнкъарынц партийы архайды руаджы. Политикон парти бæстæйы æндидзынады процессмæ хæссы йе стыр хайбавæрд æмæ æппæтдæр  аразы, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæр цæрой сæрибар æмæ размæдзыд бæстæйы.

Съезды боны фæткмæ гæсгæ сусæг хъæлæсæппæрстæй раразмæгонд æрцыдысты парти «Иугонд Ирыстон»-æй æмæ иумандатон æвзарæн зылдты Хуссар Ирыстоны æстæм сæвзæрст парламенты депутаттæм кандидатты номхыгъдтæ.

Парламенты депутаттæм кандидатты номхыгъды сæргъ ис партийы сæрдар,   Хуссар Ирыстоны парламентон комитеты сæргълæууæг Бибылты Ацæмæз. Дарддæр сты Тадтаты Алан, Пухаты Владимир, Коцты Олеся, Гулиты Уасил, Дудайты Инал, Дзуццаты Андрей, Гæбæраты Юри, Кокойты Алан, Икъоты Алан æмæ æндæртæ.

Иумандатон зылды кандидатты номхыгъды та сты: Цхуырбаты Геннади, Тадтаты Анатоли, Санахъоты Феликс, Пухаты Алан, Чехойты Анатоли, Букуылты Димитр, Зæгъойты Александр, Туаты Андрей, Сиукъаты Олег, Хъотайты Димитр æмæ Хуыбылты Илья.

Партийы раздæры сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн йæ цæст бауарзта Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстыты æнтыстыты фæндиæгтæ.

Централон æвзарæн къамис куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ æстæм сæвзæрст парламентмæ æвзæрстыты хайад исыны бар ис 12 политикон партийæн.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.