Цхинвалы районы администрацийы культурæйы управленийы кафты ансамбль «Амонд» хайад райсдзæн Фольклор æмæ традицион культурæйы дунеон фестиваль «Горцы»-йы. Уый тыххæй нын фехъусын кодта Цхинвалы районы культурæйы хайады хистæр Гаглойты Ростик. Фестиваль цæудзæнис 30-æм июнæй 5-æм июлмæ Дагъыстаны Республикæйы. Фестивалы географи у уæрæх, ам хайад райсдзысты 50 сфæлдыстадон къордæй фылдæры бæрц. Уыдоны нымæцы: Монголи, Беларуси, Уæрæсе, Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæ æмæ бирæ æндæр рæттæй.
«Фольклорон фестивалы программæмæ хаст æрцыдысты æндæр æмæ æндæр жанрты аивадон-сфæлдыстадон проекттæ. Нæ ансамбль уым равдисдзæнис цалдæр номыры», – загъта Гаглойты Ростик. Уымæй дарддæр ма ансамбль «Амонд» концерт равдисдзæн Махачкалайы.
Нæ уацх.