Ног  завод

Майы мæйы нæ республикæйы Присы хъæумæ хæстæг байгом уыдзæн консервон завод. Заводы арæзтад финансгонд цæуы 2022-2025 азты инвестицион программæйы руаджы. Проекты тыххæй инвестицион фондæй хицæн æрцыд 656 милуан сомы.

Мах  фембæлдыстæм ацы консервон заводы бындурæвæрæг  æмæ генералон директор Пæррæстаты Уырызмæгимæ.

Инвесторæн бузныг загътам, Хуссар Ирыстонмæ йе ‘ргом кæй раздæхта, уый тыххæй æмæ йæм радтам цымыдисгæнæг фарстатæ.

– Бузныг, уæ фæрæзтæ нæ республикæйы рæзты бавæрын кæй нæ фæтарстыстут, уый тыххæй. Куыд дæм кæсы, Хуссар Ирыстоны инвестицион проекттæ аразынæн фаг фадæттæ  ис?

– Фыццаджыдæр уал зæгъдзынæн, æз Хуссар Ирыстоны кæй райгуырдтæн. Мæ фыдæлтæ сты Цъорбисæй, мæхæдæг ахуыр кодтон Цхинвалы 6-æм скъолайы. Æмæ уый диссаг макæмæ хъуамæ кæса, инвестицион проект ам конд кæй цæуы, уый. Ныртæккæ Присы хъæуы консервон заводæн цы цехтæ рæзы, уыдон конструкциты монтаж фæуыдзыстæм апрелы мæйы, йæ мидæг ын цы ифтонггæрзтæ хъуамæ сæвæрæм, уыдон дæр бынаты сты. Иу хай ма дзы æрласинаг у, фæлæ уыдон дæр æлхæд сты, æрласын та сæ хъæуы Цæгат Ирыстонæй. Нæ завод цы фæзуатыл рæзы, уым фидæны ноджыдæр сырæздзæнис цехтæ. Уый фæрцы фæзындзæн ноджы фылдæр кусæн бынæттæ.

– Уæ куыстуат цы продукци уадздзæн æмæ ма ноджы цы проектыл архайут?

– Уадздзыстæм уæрæх ассортименты продукци. Дыргътæй араздзыстæм алыгъуызон продукттæ – дыргъы дæттæ, пъавидлатæ, джемтæ, пастила къаффеттæ æмæ алыгъуызон консервизацигонд компоттæ. Заводы гæнæнтæ уыдзысты уæрæх.  Халсартæй араздзыстæм консервтæ. Завод пайда кæндзæн куыд фыццаг сорт продукцийæ, афтæ дыккагæй дæр. Заводы фæрцы хъæууон фермертæн нал сæфдзæн сæ тыллæг. Фæнд кæнæм продукци исæн пункттæ бакæнын алы районты æмæ стырдæр хъæуты. Уырдæм адæм хæсдзысты сæ дыргътæ æмæ халсартæ. Уырдыгæй сæ заводмæ ласдзысты нæ экспедитортæ. Мæнмæ гæсгæ, хъæууон цæрджытæн уый стимул дæтдзæн сæ дыргъдæттæ æмæ цæхæрадæттæ кусынæн.

Мах нæхæдæг дæр фæнд кæнæм интенсивон æгъдауæй дыргъдæттæ саразын.

Уый тыххæй нын ныридæгæн ис бадзырдтæ хицауадимæ. Цхинвалы районы Присы хъæуы 50 гектары фæзуатыл цы дыргъдон арæзт æрцыд цалдæр азы размæ, уый дæр райстам. Ныртæккæ дзы талатæ æхсæдынц фараст кусæджы. Фæткъуыбæлæстæй сæ фылдæр сты рынчын.

Йæ рæстæджы ам ныссагътой æртæ мин талайы æндæр æмæ æндæр сорттæ. Талатæ сластой Сербийæ æмæ уыдысты, фæлхасгæнджытæ иууыл тынгдæр цы талатæ агурынц, ахæмтæ. Ныссадзыны размæ уæдмæ æмбæлон куыст бачындæуыд мæр сахуыр кæнын æмæ йын анализ саразыны фæдыл. Арæзт æрцыд æппæт процедурæтæ дæр, цæмæй талатæ нæ климатыл æрцахуыр уыдаиккой. Зæххы мæры нывæрдтой сæрмагонд донхæры шлангтæ дæр.

Проекты инициатор фыццаг дыууæ азы хорз дардта йæ хъус дыргъдонмæ, фæлæ уый фæстæ цыдæр аххосæгтæм гæсгæ фæткъуыбæлæстæм нал базылд æмæ æдзæллаг уавæрмæ æрхаудтой. Ныр мах архайæм уыдонæн «ног цард радтыныл». Дыргъбæлæстæн сæ фылдæр бахус сты. Сæ бынæтты ныссадздзыстæм ног талатæ. Ирыстоны районты бирæ ис ахæм зæххытæ, кæцытæ лæууынц æнæхъуаджы æмæ уыдон æнæмæнг хъæуы скусын кæнын, цалынмæ не схъæд сты. Мах климаты иттæг хорз рæзынц дыргътæ æмæ халсартæ. Æрмæст сæм хъуамæ афоныл хаст цæуой хъацæнтæ. Уымæн æвдисæн Цъунары хъæуы «Южный сад»-ы дыргъдон. Мах дæр фæнды «Ирыстоны дыргъдæттæ» райтынг кæнын, цæмæй Хуссар Ирыстон суа дыргъгуысты къабазы бренд.

– Уыйбæрц дыргъдæттæ саразынæн хъæуы талахъомылгæнæнтæ дæр…

– Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй нæ проект реализаци цæуы экономикæйы реалон секторы рæзтæн конд Инвестицион программæйы фæлгæтты. Махмæ ис фæлтæрддзинад ацы здæхты. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ацы проекты фæстæ фæзындзысты æндæр хъæууонхæдзарадон проекттæ. Æппæт хъомысадæй куы скусæм, уæд бадзырдтæ уадздзыстæм æндæр инвестортимæ дæр. Уыцы нымæцы бынæттон фермертимæ, ома, чи цымыдис кæны хъуыддагмæ, уыдонимæ. Дыргъгуысткæнынады хъуыддаджы Хуссар Ирыстоны цы хъæздыг традицитæ уыд, уымæ гæсгæ æнæмæнг разындзæн ахæм адæймæгтæ таладон чи сараза. Уый афтæ зын ма хъуамæ уа, сæйрагдæр у санитарон контроль рацæуын æмæ мæры температурæмæ хъус дарын.

– Халсартæй дæр кæй араздзыстут алыгъуызон консервтæ, уый тыххæй ма нын бæстондæр радзур, продукци кæм амал кæндзыстут?

– Хъуамæ арæзт æрцæуой зонадон-аграрон хъæрмуаттæ. Бацархайын хъæуы пъамидоры ног хуызтæ скæныныл, ома, нæ æрдзон климаты иттæг хорз чи æрзайдзæн, ахæмтæ. Хъæрмуатты ауадзын хъæудзæн хъармдзинады системæ, кæцы æмбæлон режиммæ йæхæдæг хиздзæн. Уыцыиу рæстæг уыдон дæтдзысты хъармдзинад æмæ уымæлад дæр. Хъæрмуатты цы халсартæ сагъд æрцæуа, уыдонмæ хæсдзыстæм æрмæст натуралон хъацæнтæ. Нæ республикæйы ис ахæм бынæттæ, макро æмæ микроэлементтæ кæм амал кæнæм. Ацы биохъацæнтæ хъæздыг кæнынц зæхх, зайæгойтæ зайынæн та у иттæг хорз фæрæз. Хъацæнты сидераци аразынц кæрдæджытæй æмæ уый зæхх хъæздыг кæны азот æмæ органикон элементтæй. Кæрдæджытæ ныккалын хъæуы уæрмы, уым бамбийынц æмæ сæ стæй цадæггай хæссынц мæрмæ. Уыдæттæ иууылдæр хъæуы зонын æмæ уый тыххæй æрхондзыстæм фæлтæрд специалистты. Хъæрмуаттæ саразын нæ фæнды заводмæ æввахс, уымæн æмæ базальтон заводæй коммуникацитæ рауадзын æнцон уыдзæн. Хъæрмуаттæ æнæмæнг хъуамæ уой æхгæд, уымæн æмæ зайæгой йæ чысылæй фæстæмæ хъахъхъæнын хъæуы алыгъуызон низтæй. Стæй кæд кæронмæ адаптаци рацæуой нæ æрдзон-климатон уавæрты, уæд уый фæстæ апарахат кæнын хъæуы тауинаг. Уадз, æмæ республикæйы æндæр районты цæрджытæ дæр пайда кæной ахæм гъæдджын тауинагæй.

– Бузныг, Уырызмæг, нæ зæрдæ дын зæгъы стыр æнтыстытæ.

Ныхас кодта УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.