Хуыцау адæмæн царды хæрзиуджытæ куы уæрста, уæд уымæн та схай кодта уды хæдæфсарм æмæ зæрдæйы сыгъдæгдзинад, фыдыбæстæмæ æнæкæрон уарзондзинад æмæ лæджы намыс. Йæ цард нывондæн цы фыдыбæстæйы сæрвæлтау хаста, уый, æппынфæстаг, знагæй куы ссæрибар æмæ хорзæхтæ, хæрзиуджытæ исыны рæстæг куы ‘рбалæууыд, уæд ферох, Хуыцауæй дæр æмæ уыцы хорзæхтæ парахатæй, æнауæрдонæй чи уæрста, уыдонæй дæр…

Æмæ баззад æнæрæвдыдæй – Хуыцауæй дæр æмæ фыдыбæстæйы хицæуттæй дæр. Фæлæ нæ фæтæргай. Уымæн æмæ йæ ницы хъуыд, ницы домдта, ницæмæ æнхъæлмæ каст… Цæмæ æнхъæлмæ каст, уый æрцыд, йæ фыдыбæстæ знагæй ссæрибар, нымад æрцыд йæ тугæй æрхæсгæ хæдбардзинад…

Хуыцауæй йæ хъуыд хъæбуламонд æмæ фыдыбæстæ. Æмæ йын сæ бауарзта йе сфæлдисæджы цæст. Йæхи удмæ кæй ницы рæвдыд æрхауд, æнувыдæй кæмæн фæлæггад кодта, уыцы фыдыбæстæ йæм дыккаг мады цæстæй йæхæдæг кæй нæ ракаст – уый кæйдæрты уазалзæрдæйы аххос кæй уыд, уыдæттæ дæр куыднæ æмбæрста. Æмæ уымæн быхста, уымæн ныхъæцыд алцæуыл дæр.

Джыгкайты Шотайы фырт Вадим, кæнæ та йе ‘ввахс адæмæн æввахсдæр цы номæй уыд – Хуыбыли… Дзауы райгуырд цыппæрдæс æмæ дыууиссæдз азы размæ, уым райста астæуккаг ахуырад дæр, уырдыгæй фæцыд нæ уæды иумæйаг Райгуырæн бæстæйы бахъахъхъæнынмæ дæр, Советон Æфсады службæмæ, уырдæм, Дзауы районы къухдариуæгады номыл цыдысты арфæйы фыстæджытæ дæр, сержант Джыгкайты Вадим намысджынæй кæм службæ кодта, уыцы æфсæддон хайæ.

Чизоны йын ахæм рæсугъд удыхъæд дæр уымæн уыд, Дзауы рæсугъддæр хуызтимæ кæй схъомыл…

Йе ‘фсæддон хæс куы бафыста, уæд ныллæууыд дарддæры ахуыры фæндагыл дæр – каст фæцис Цæгат Ирыстоны Хъæууонхæдзарадон (ныры Аграрон университет) институты экономикон факультет. Ныр йæхæдæг дæр æмæ йæ бинонтæ дæр æнхъæл уыдысты, цы дæсныйад равзæрста æмæ райста, уыцы дæсныйадмæ гæсгæ кусын æмæ йæ цæрын йедтæмæ кæй ницыуал хъæуы, фæлæ… Уæдмæ ныппырх, Вадим намысджынæй кæй æдасдзинадæн баслужбæ кодта, уыцы стыр Райгуырæн бæстæ. Ныппырх, цы тыхарæзт «адæмты æфсымæрдзинад» дзы уыдис, уый дæр, æмæ уæдмæйы хотæ æмæ æфсымæртæ цыфыддæр знæгтæ фестадысты, кæрæдзийы хурхысæртæм бавнæлдтой, бæлвырддæр зæгъгæйæ, уыцы тыхарæзт æфсымæрдзинады ныппырхмæ æнæрхъæцæй чи æнхъæлмæ каст, уыцы адæмтæн фадат фæцис сæхицæй æдыхдæрты аныхъуырынæн. Фæлæ та Ирыстон æмæ ирон адæмы аныхъуырынмæ чи æрхъавыд, уыдонæй ферох, цæрæнбонты сæ кæрдтæ кæмæ цыргъ кæнынц, уыцы ирæттæ, кæд уыдонмæ абаргæйæ армыдзаг йедтæмæ не сты, уæддæр сæм Джыгкайты Вадимы хуызæн лæппутæ кæй рахъомыл!..

Райдыдта хæст. Ирыстон аныгъуылд, дыууынæм азы рæстæгмæ кæй ныццауæзтой, уыцы геноциды æнæбын хуыдымы. Райдыдта æнæмсæр, лæгæвзарæн хæст, Джыгкайты хъæбатыр лæппу сержантæй булкъоны онг кæм сырæзт, уыцы, æцæг фыдыбæстæйон хæст.

Хæсты тæккæ фыццаг бонты райста Вадим йæ къухмæ хæцæнгарз, хæсты тæккæ райдианы бамбæрстой йе ‘мхæстон лæппутæ, цыфæнды уæззау уавæрты дæр Вадим уыдоны разæй йæхи уды æдасдзинадыл кæй нæ батыхсдзæн. Цал æмæ цал æмбалы фервæзын кодта, цал хæстон лæппуйы байста æгъатыр мæлæты дзыхæй, кæд-иу йæхи уд æрдуйыл ауыгъд уыдис, уæддæр.

Æмæ æрмæст йе ‘мтохгæнджытыл уыдис афтæ æнувыд?.. Иу бон та, гуырдзыйы мæлæтхæссæг сармадзанты нæмгуытæ горæты уынгты куы хæлдысты, уæд, Мамсырайы фырты уынгыл чи фæцæф, уыцы сывæллæттæм дæр Вадим фæзынд ирвæзын кæнынмæ, уый сæ бахæццæ кодта рынчындонмæ. Æнæхъæн горæтыл нæмгуытæ ихуарæгау кодтой, тæссаг уыд йæхи удæн дæр, фæлæ нæ фæтарст, сывæллæтты-иу йæ гуырæй бамбæрзта, афтæмæйты сæ фæхæццæ кодта бынатмæ.

Вадимау Ирыстоны чи хъахъхъæдта, уыцы хæцæг лæппутæй рох никуы уыдзæн, кæддæриддæр ын æхсызгонæй, фæлæ зæрдæрыстæй мысдзысты йæ рухс ном. Гæджиты Радион арæх æрымысы, Джыгкайты Вадимимæ куыд базонгæ сты, уый, нæ дзы рох кæны сæ фыццаг фембæлд. Гуырдзиаг лæджыфыдхортæ Чъехæй Чъребамæйы фæндаг куы æрæхгæдтой, уæд блокадæйы бахауæг ирон адæмы бар-æнæбары бахъуыд æдасдæр рæтты царды фæндæгтæ агурыны сæр. Иугæр сын ахæм фæндаг нæ уыд, уæд æй бахъуыд аразын – Зары ‘фцæгыл. Æмæ сырæзт йæ саразæг Харебаты Леонид æмæ уый хуызæн удуæлдай патриотты фæрцы. Фæлæ уыцы фæндагыл цæуын дæр, йæ удæвдæрзæг фыдæбæтты уæлдай, бынтон æдас нæ уыд, хъахъхъæнын æй хъуыд гуырдзиаг хотыхджын лæгсырдтæй. Æмæ йæ хъахъхъæдтой нæ хæцæг лæппутæ радгай. Иу æмбисæхсæвы… Цалдæр боны къæвда йæ уарынæй нæ банцад, арв æмæ зæхх сæхи кæрæдзийыл хостой. Гæджиты Радион æмæ йе ‘мбæлттæ  уыцы фыддон-фыддуры куыддæр Зары æфцæджы тæккæ рагъмæ схæццæ сты, афтæ сæ разы февзæрд, бæласы фæстейæ рахизæг къæдзæхы хуызæн æндæрг æмæ сæм æхсæн-гарз ныддардта. Сæ амонд уыд, æмæ йæм иронау сдзырдтой, æндæра…

Уый уыд Джыгкайты лæппу Вадим, уый та Дзауæй рацыд Зары æфцæг хъахъ-хъæнынмæ. Уымæн уыдис йæхи хæстон къорд. Йе ‘мтохгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, куыддæр хæст райдыдта, афтæ уайтагъд йæ алыварс бамбырд кодта, йæ зæрдæ тынгдæр кæуыл дардта, ахæм лæппуты æмæ кæд дæсæй фылдæр нæ уыдысты, уæддæр сæм уыд хæстхъомдзинад æмæ патриотизм. Сæ хæстхъомдзинад æрмæст Ирыстоны хуссар хайы нæ равдыстой, фæлæ, Цæгат Ирыстонмæ хъулгъа куы ныббырстой, уыцы хæсты дæр.

Фæстæдæр, цард цадæггай йæ гаччы бадын куы райдыдта, уæд талф-тулфæй æрæзтæрцæуæг хæстон къордтæ, куыд фæзæгъынц, къух нал арæзтой, цадæггай райдыдтой сæ ахадындзинад сафын. Уымæн æмæ бонæй-бон тыхджындæргæнæг знаджы хæстон машинæйы ныхмæ регулярон, мобилон гарзджын тыхтæ æрлæууын кæнын хъуыд. Æмæ нæм фæзынд хъахъхъæнынады министрад, нырма лæмæгъ, цыбыркъух, фæлæ бындурон, структурон дæлхæйттимæ. Джыгкайты Вадим нырма уыд Дзауы гарнизоны хистæр, фæстæдæр ссис республикæйы хъахъхъæнынад æмæ уæлвæткон уавæрты министрады 8 æхсæг батальоны командир, уыдис министры хæдивæг.

Вадим йæхи нæ бамбæхста, 2008 азы нын нæ цыфыддæр знæгтæ цы иууыл карздæр хæст расидтысты, уыцы хæсты дæр, нæ ахъуыды кодта йæ цардыл, йæ уд бавæрыныл, кæд уыцы хъысмæтæвзарæн рæстæджы хи уды æдасдзинадыл чи хъуыды кодта, ахæмтæ йæ разæй фесты хорзæхтæ исынмæ, уæддæр…

Æниу… Нæ уарзта ахæм цæуылдæрты дзурын. Йæ сæрмæ йæ нæ хаста æви йæ бон базыдта, ацы царды рæстдзинад кæй никуы уыд æмæ уыдзæн, уымæй…

Нæдæр сæ иу, нæдæр – се ‘ннæ! Вадимы хуызæн гуырдтæ ахæм цæуылдæрты нæ фæхъуыды кæнынц, ахæмтæм сæ нæ февдæлы. Иу хатт та…  Дзомагъгомы та зымæджы тæккæ карзы электроны рухсы телтæ куы аскъуыдысты, æмæ та адæм æнæрухсæй куы баззадысты, уæд дæр афтæ бакодта – лæгбæрц миты алæгæрста йе ‘мбæлттимæ, нæ фæтарст карз уазал æмæ тызмæг хæхты æгъатырдзинадæй. Уазал дзы бацыд, фæрынчын, фæлæ фæсмон нæ фæкодта. Царды уæззау цæфтæ æмæ хъысмæты фыдæвзарæнтæн лæг хъæуы. Æмæ иугæр лæджы ном хæссыс, уæд хъуамæ хæссай, де ‘ргъомбасты цы уæз ис, уый дæр.

Ахæм уыд йæ царды позици Вадимæн, йæ ныхыфыст, йæ удысконды фæтк.

Æрмæст ын æгæр раджы бакъуындæг æмæ баталынг ацы уæлион дуне, æгæр раджы ацыд, лæджы цардæй цæрынæй кæм нæ бафсæст, уыцы цардæй. Хъысмæты цæфтæ æмæ хæсты тасæй цы уд нæ фæтасыд, уый ныр уыцы коммæгæс разынд мæлæты раз, йæ тыхджын, йæ уарзæгой зæрдæ йæ кусынæй банцад.

Афтæ у адæймаджы цард. Хуыцау æй радты, Хуыцау æй айсы. Æвæццæгæн Хуыцауы дæр хуыздæрты удтæ хъæуынц, æвзæртыл не ‘ввæрсы…

Абон йæ дыууиссæдзæм бон у… Ничи йæ зоны, дыууиссæдзæм бонмæ ма адæймагæн йæ уд хæдзары æцæгæй вæййы æви зæрдæйы рыст сафыны æфсон у, фæлæ Вадимы уды фарн йæ раттæг адæмы, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты цæргæйæ кæй баззайдзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

Рухсаг у, Вадим. Хæрзаудæн кæн дæ хъæбултыл, кæмæн лæггад кодтай, уыцы фыдыбæстæйыл!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.