1989-2008 азты Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы азфысты фыст æрцыдысты бирæнымæц фыдохы бонтæ. Гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы гуырдзиаг фыдгæнджытæ Хуссар Ирыстоны адæмæн цы стырдæр бæллæхтæ сарæзтой, уыдонæй иу у Зары трагеди. Царды æрцæуы ахæм трагикон цаутæ, кæцытæн ферохгæнæн дæр нæй æмæ ныххатыргæнæн дæр.

Трагедийы развæлгъау историйæ

1992 азы 9-æм майæ гуырдзиаг-ирон конфликты фиппайдæуыд радон эскалаци. Хуссар Ирыстоны территоримæ ‘ввахс æрбацыдысты Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ æмæ уæззау техникæ. Уыдон æнæхъæн суткæты дæргъы æхстой Цхинвалы. 12-æм майы гуырдзиаг бандитон къордтæ бронетехникæимæ бабырстой Присы хъæумæ. Цæрджытæй бирæтæн сæ бон ссис хъæуæй ацæуын, фæлæ дзы чи баззад, уыдонæй фæцæфтæ сты 20 адæймаджы, 8 адæймаджы та фыдмардæй амардтой. 10-12 майы рынчындонмæ æрбаластой 120 адæймаджы, уыдонæй 15 адæймаджы амардысты уæззау цæфты фæстиуæгæн. Цхинвал æппынæдзух кæй æхстой, уымæ гæсгæ 14 майæ райдыдта республикæйæ сывæллæтты æмæ сылгоймæгты эвакуаци.

Ныййарæг мад йæ уарзон хъæбулты уындæй нал æфсæст

Уыцы бон иу уысммæ царды фæндаг фæцу æмæ марцуйы фæндаг кæмæн фестад, уыцы 33 æнæаххос адæймаджы ‘хсæн уыдысты дыууæ уарзæгой æмкъайы – Дзеранты Евгения æмæ Гаглойты Васили дæр. Васили барадхъахъхъæнæг органты бирæ азты дæргъы цæсгомджын куыст бакæныны фæстæ ацыд пенсийы. Евгения та куыста Хуссар Ирыстоны педагогон институты канцелярийы сæргълæууæгæй, лаборантæй. Йæ уарзон ныййарджытимæ арвитгæ фæстаг минутты тыххæй нын радзырдта  сидзæр чызджытæй иу – Гаглойты Аленæ. «1992 азы Цхинвалы æппынæдзух æхстыты бын кæй уыд, уымæ гæсгæ мæн æмæ мæ хо Викторияйы акодтой Цæгат Ирыстонмæ æмæ нæ уым рæстæгмæ барвыстой скъоламæ. Цардыстæм нæ хæстæджыты иухатæнон фатеры. Нæ ныййарджытæ-иу нæ арæх абæрæг кодтой. Нæ хистæр æфсымæр Анатоли та уыцы рæстæджы службæ кодта æфсады рæнхъыты Уæрæсейы», – загъта Аленæ.

Евгения æмæ Васили радон хатт сæ чызджыты абæрæг кæнынмæ Дзæуджыхъæумæ куы ацы-дысты, уæд фехъуыстой æвзæр хабар, гуырдзиаг снайперы нæмыгæй фæмард Василийы æрвад Гаглойты Иосиф. Йосифы лæппутæ фæдзырдтой Василимæ, цæмæй æрцыдаид Цхинвалмæ æмæ сын баххуыс кодтаид сæ мард бавæрынæн. «Мæ ныййарджытæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой Цхинвалмæ ацæуынмæ. Æвæццæгæн,  мæ мад зæрдæйæ банкъардта цыдæр фыдбылыз кæй æрцæудзæн, уый. Ахæм хъарм хъæбыстæ нын фæкодта, раст нæ цыма цæрæнбонты хицæн кодта æмæ нын хæрзбон дзырдта. Абоны онг дæр ын хъуыды кæнын йе ‘нкъард цæстæнгас. Зыдæй нын каст нæ цæсгæмттæм, цыма нын цæрæнбонтæм нæ фæлгæндзтæ бахъуыды кæнынмæ хъавыд, уыйау. Уыцы бон мах нæ мады федтам фæстаг хатт», – радзырдта Гаглойты Аленæ.

Зар: 1992 азы  20-æм май

Гаглойты Иосифы куы бавæрдтой, уый фæстæ 20-æм майы Васили бынтон æнæнхъæлæджы сфæнд кодта фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ ацæуын. Евгенияйы нæ фæндыд цæуын, уыимæ уыцы бон радгæс уыд куысты, фæлæ бинонты хистæр йæ фæнд нал аивта. Гаглойты Васили æхсæвы федта тæссаг фын. Уый фæстæ йын йæ чызджытæн куыд радзырдтой, афтæмæй йæ фæндыд йæ цардæмбалы мæлæтæй аирвæзын кæнын. Цардæмбæлттæ ацæуыны тыххæй бирæ фæбыцæу кодтой, æгæрыстæмæй, сыхæгтæ дæр фехъуыстой Васили йæ цардæмбалæн бæрзонд хъæлæсæй цы ныхæстæ загъта, уыдон: «Ды абон ацæудзынæ мемæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ». Цы гæнæн ма уыд Евгенияйæн æмæ сразы йемæ ацæуыныл. Цæмæй йæ зыдтой, сæ фæстаг фæндагыл кæй цæуынц, уый. Гаглойтæ сбадтысты адæмæй йедзаг машинæйыл, кæцыйыл Дзæуджыхъæумæ цыдысты Цебойты цардæмбæлттæ, афтæ ма Гаглойты Иринæ йæ цыппараздзыд фырт Астемыримæ æмæ Гаглойты Емзар, кæцы тыххæйты сбадт багажникы хызынтимæ. Ацы машинæйы  бæлццæттæ Астемыр æмæ Гаглойты Емзарæй дарддæр иууылдæр фæмард сты. Чысыл лæппуйы йæ буарæй бамбæрзта йæ мад. Емзары та  уæззау цæфтæй бахæццæ кодтой рынчындонмæ. «Иууыл тæссагдæр та уый уыд, æмæ мæ мад кæй бафæлвæрдта алидзынмæ. Рагæпп кодта машинæйæ æмæ хъæдмæ фæцæйлыгъд, фæлæ йæ гуырдзиæгтæ баййæфтой æмæ йæ амардтой хъæды», – цæссыгкалгæйæ радзырдта Аленæ.

Æрцæугæ трагедийы тыххæй уыцы бон не схъæр кодтой сæ чызджытæн, загътой сын, зæгъгæ, сæ ныййарджытæ фæцæфтæ сты. Дыккаг бон Василийы хæлар Цхинвалмæ æрласта Виктория æмæ Аленæйы. Уæд Викторияйыл цыд 15 азы æмæ Аленæйыл та – 13 азы. Сæ ныййарджыты сау табæтты куы ауыдтой, уæд цы стресс, цы зæрдæрыст бавзæрстой, уымæн дзыхы ныхæстæй зæгъæн дæр нæй. Сæ ныгæнæн боны тыххæй уæззау мысинæгтæ дзурын чызгæн йæ бон не ссис, афтæ зын ын у абоны онг дæр.

20-æм майы фæстæ æхстытæ ноджы фæтыхджындæр сты æмæ чызджытæ дыууæ суткæйы фæбадтысты сæ хæстæджыты ныккæнды, уый фæстæ сæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ акодтой. «Нæ ныййарджыты трагикон амæлæты тыххæй не ‘фсымæрмæ арвыстой тел. Уый йе службæ ныууагъта æмæ æрцыд хæдзармæ. Цалдæр мæйы мах Анатолиимæ цардыстæм нæ хæстæджыты иухатæнон фатеры. Фæлæ ирон-мæхъæлон хæсты фæстæ нæ хæстæджыты сæ чысыл сывæллæттимæ ба-хъуыд Сунжæйы хъæуæй рацæуын æмæ сын сæ фатер ссæрибар кодтам»,- йæ ныхас дарддæр кодта Гаглойты Аленæ.

Æрвылаз дæр 20 майы нæ зæрдæты рыст фæтыхджындæр вæййы

«Азтæ цыдысты æмæ мæм афтæ каст, цыма мын фенцондæр уыдзæн, уымæн æмæ алчидæр дзуры, зæгъгæ, рæстæг хосгæнæг у. Фæлæ уый раст нæу. Цæмæдæр гæсгæ мын ноджы азæй-азмæ зындæр кæны. 20-æм маймæ æввахс нæ зæрдæты хъæдгæмтты рыст ноджы фæтыхджындæр вæййы нæ ныййарджытæ нæ фарсмæ кæй нал сты, уый тыххæй. Гуырдзиаг фыдгæнджыты аххосæй нæ бафсæстыстæм кæрæдзийы уарзт æмæ сæ уындмæ бæл-гæйæ æрвитæм нæ царды бонтæ», – загъта Аленæ.

Æмæ æцæгæйдæр, ацы сидзæрты хъысмæтыл ахъуыды кæнгæйæ, адæймаджы зæрдæ уæлдай рыст скæны. Иу уысммæ фесæфтой сæ ныййарджыты æмæ сæ тæккæ мад æмæ фыд уарзыныл куы уыдысты, уæд бынтон сидзæртæй аззадысты. О, Стыр Хуыцау иуы дзы истæйы æфсон уæддæр бафæстиат кодтаис æмæ йæ ма рауагътаис мæлæты фæндагыл рацæуын. Афтæ æвзæнгтæй цы уæззау уавæры бахаудысты, ууыл дзурын уæлдай у. Сæ цахъхъæнтæй мад æмæ фыды рæвдыдæй фæцух уай, уый стыр трагеди у.

Ацы рæнхъыты автор дæр хорз зонгæ уыд Евгения æмæ Василиимæ. Иууыл иумæ цыдысты, зындис сыл, тынг æнгомæй кæй цæрынц, уый. Æвæццæгæн, æнæ кæрæдзи нæ бафæрæзтаиккой æмæ сæ мæлæт дæр лæгсырдты къухæй иумæ уымæн ссардтой. Аленæ мын куыд радзырдта, афтæмæй сæ Евгенияйы мады мад Мæргъион æппынæдзух фæдзæхста, зæгъгæ, иууыл иумæ ма цæут. Æвæццæгæн, фыны æгъдауæй исты федта æмæ сын тынг тарст, фæлæ адæймагæн йæ ныхыл фыст цы уа, уымæй йын ирвæзæн нæй. Сидзæртæ æнæ ныййарджытæй цы мæгуыры бонтæ арвыстой, ууыл дзурын дæр уæлдай у. Фæлæ уæддæр сæхи рахастой, каст фесты уæлдæр ахуыртæ. Виктория кусы барадхъахъхъæнæг органты, ис ын булкъоны чин, Аленæ та у юрист.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Васили йе ‘мкъайимæ Къостайыхъæуы сæхи тыхтæ æмæ тугвæллойæ цы хæдзар са-рæзтой, уым сын цæрын нæ бантыст трагиконæй кæй фæмард сты, уымæ гæсгæ. Фæлæ хæдзар дæр бацис гуырдзиаг сырдты амæттаг. 2008 азы гуырдзиаг тыхæйисджытæ куы æрбабырстой, уæд ныппырх кодтой Гаглойты хæдзар дæр. Хæдзар абоны онг дæр æндидзыд нæма æрцыд, кæд сидзæртæ хъаст кæнынц алы инс-танцитæм, уæддæр. Йæ сæндидзын кæнын та æнæмæнг хъуыддаг у. Уадз, уымæй сидзæрты рыст зæрдæтæ уæддæр барухс кæнæм. Хорз уаид, кæмæ æмбæлы, уыдон ацы фарст æвæрццагæй куы аскъуыддзаг кæниккой, уый.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.