Карз инфекцион низтæм чи хауынц æмæ эпидемион æгъдауæй чи парахат кæнынц, уыдонæй сæ иу у сальмонеллез, кæцыйы фæзынын кæнынц æндæр æмæ æндæр хуызы бактеритæ. Уый арæхдæр фæзыны афæдзы уыцы иу афон, сæйраджыдæр хъарм рæстæджы. Эпидемиологион хъусдарды управленийы инфекцион хайады хистæр Елдзарты  Кристинæ, нын куыд зæгъы, афтæмæй уалдзæджы æрбалæудимæ бонтæ дæр кæй фæхъарм вæййынц, уымæ гæсгæ. Зæрдыл дарын хъæуы ахæм инфекцийæ хи бахизыны фæткойтæ. Хъарм рæстæджы кæй апарахат вæййы, уый æмбæрст вæййы уымæй æмæ уæд хæрзвадат уавæртæ вæййы  йæ цырынгæнджыты тагъд фæзынынæн. Сæйраджыдæр уыдон фæзынынц хæлцадон продуктты. Сальмонеллезы  инфекцийы сæйраг гуырæн сты хъæууонхæдзарадон цæрæгойтæ æмæ мæргътæ, уæлдайдæр та кæрчытæ, ставдкъах фос æмæ хуытæ. Æрдзы мидæг ацы инфекци тынгдæр парахат кæнынц мыстытæ æмæ æндæр æхсынджытæ. Йæ парахатгæнджытæм хауы адæймаг йæхæдæг дæр.

Сальмонеллез уæлдай æмхицдæр у кæстæр кары сывæллæттæм, афтæ ма йæ иммунитет лæмæгъ кæмæн у, ахæм ацæргæ адæймæгтæм дæр. Кæуыл бахæцы ацы низ, уый уæлдай тæссагдæр у æндæртæн уæд, кæд æмæ йæ архайд баст у хæринаг цæттæ кæнын æмæ йæ фынгмæ хæссынимæ, афтæ ма хæлцадон продукттæ уæй кæнынимæ. Цырынгæнæг инфекци æндæр адæймагыл бахæцыны фактортæ, сæйраджыдæр, сты дзидза æмæ урсаджы продукттæ, æйчытæ, кремæй арæзт хæринæгтæ, майонез æмæ æйчыты хус ссадæг. Зындгонд сты сальмонеллезæй фæрынчыны ахæм цаутæ, кæцытæ баст сты цыхт, фæздæгдзыд кæсаг æмæ денджызы продукттæй пайда кæнынимæ дæр.

Инфекци цырынгæнæг цасдæрбæрцæй вæййы дон дæр. Эпидемион тасдзинад æвзарын кæнынц, чъизи дæттæ кæдæм æмбырд кæнынц, æмæ уымыты цы дæттæ æмбырд кæнынц, уыдон дæр.

Иу адæймагæй иннæмæ инфекци арæхдæр ахизы стационарон уавæрты æмæ йыл бахæцы йæ алыварс уæвæг предметтæй, чи лæггад кæны, уыдоны къухтæй, хуыссæнгæрзтæй, æфснайæн инвентарæй æмæ æндæр ахæмтæй.

Сальмонеллезы инкубацион рæстæг  аххæссы 2-6 сахатæй 2-3 бонмæ. Хæдзарон уавæрты куы бахæцы, уæд та, гæнæн ис, фæфылдæр уа 4-7 бонмæ.

Диагноз бæлвырд æрцæуы низы клиникон миниуджытæм гæсгæ кæнæ та лабораторон иртасæнты, эпидемиологион анамнезы фæстиуджытæм гæсгæ.

Елдзарты чызг ма куыд загъта, афтæмæй, сальмонеллез нæ республикæйы территорийыл фæзынын æмæ йæ апарахат кæнынæй бафæдзæхсыны нысæнттæн афæдзы дæргъы  комитеты кусджытæ сæ компетенцийы фæлгæтты уадзынц контролон-хъусдарæн мадзæлттæ базарад æмæ æхсæнадон объектты, скъолайы агъоммæ ахуырадон уагдæтты, иумиагахуырадон уагдæтты æмæ коммуналон объектты. Уыдоны бæрæг кæнынц, Республикæ  Хуссар Ирыстоны санитарон закъондæттынады домæнтæ куыд æххæст цæуынц, бæлвырддæрæй та сгæрст цæуынц хæлцадон продукттæ куыд æфснайд цæуынц æмæ сæ фæлхасгæнджытæн куыд реализаци кæнынц, уый. Зæгъæм, бæрæг цæуы доны гъæд, сывæллæтты æмæ хистæр кары адæймæгты коллективтæ цы мигæнæнтæй пайда кæнынц, афтæ ма сæ алыварс цы предметтæ ис, уыдон. Æсгæрст цæуынц медицинон æмæ æндæр организацитæ дæр.

Ивгъуыд аз нæ республикæйы рабæрæг сальмонеллезæй фæрынчыны 12 цауы.

Цæмæй ацы низæй уæхи бахизат, стæй æрмæст ацы низæй  нæ, фæлæ тъæнгты цахæмфæнды инфекцийæ дæр, уый тыххæй алчидæр хъуамæ зона æмæ æххæст кæна ахæм иумæйаг фæткойтæ:

– хæрды размæ æхсут уæ къухтæ. Уый у, чысыл сабийæ фæстæмæ кæй зонæм ахæм ахсджиаг фæткой, фæлæ цахæмфæнды инфекцийы ныхмæ  дæр у иууыл ахадæн-дæр фæрæз.

– хом дзидза æмæ кæсагæн дарут хицæн кард æмæ сæ цæуыл лыг кæнут, уыцы фæйнæг. Уыдонæй спайда кæныны фæстæ сæ хъæуы хорз ныхсын æмæ сæ уый фæстæ æхсидгæ доны сæвдулын.

– ма хæрут, æххæст фых чи нæу, ахæм  дзидза, ма хæрут æмæ ма нуазут хом æйчытæ, фыцын сæ хъæуы 10 минуты бæрц.

– нуазут æрмæстдæр æхсыст æхсыр.

– ма æлхæнут æхсыры продукттæ æнæсанкцигонд базаргæнæн бынæтты.

– сæрды рæстæджы уæхи хизут, дызæрдыг кæуыл кæнут, ахæм æхсæнадон хæлцады объекттæй.

Ахæм профилактикон мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ, сымах фæкъаддæр кæндзыстут сальмонеллезæй фæрынчыны тасдзинад.

   БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.