Уыдысты футболæй Уæрæсейы Фыццаг ди­визионы чемпионаты 26-æм туры хъæз­тытæ. Дзæуджыхъæуы «Алани» дарддæр дæр æвдисы мæгуырау бæрæггæнæнтæ. Командæ ныр та хъазыд чемпионаты лæ­мæгъ­дæр командæтæй сæ иу – «Ленин­градец»-имæ æмæ та йын нæ бантыст рамбулын. Фембæлд фæцис 3:3 хыгъдæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ «Алани» кæй æмбылды кодта 3:2 хыгъдæй. Æрмæстдæр ын хъазты уæлæмхас рæстæджы 11-метрон цæфы фæрцы бантыст хыг­ъд сæмхуызон кæнын. Алайнæгты скон­ды расгуыхтысты Цæллæгаты Ибрагим, Гаг­л­о­йты Тарас æмæ Николай Гиоргобиани.

Афтæмæй «Алани» фæстаг 11 хъазтæй фæуæлахиз æрмæстдæр иу хатт. Уыцы хабар, кæй зæгъын æй хъæуы, бандæвта турнирон таблицæйы командæйы уавæрыл. «Алани» 37 очкоимæ цæуы 6-æм бынатыл.

Ирыстоны сæйраг футболон командæ радон хъазт акæндзæн 13-æм апрелы Крас­ноярскы «Енисей»-мæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.