Цæгат Ирыстоны 78 азы Уæлахизы бæрæгбонмæ цæттæ кæныны мадзæлттæ райдыдтой мæй раздæр патриотон æмæ рухстауæн мадзæлттæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ республикæйæ фæцыд 100 мин адæймагæй фылдæр. Уыдонæй хæсты быдыры æнустæм баззадысты 47 мины.

Республикæйы разамынды хъæппæрисæй æрæджы ацыд бæрæгбонмæ цæттæгæнæн комитет «Победа»-ы æмбырд. Ныхас дзы цыд, бæрæгбоны мадзæлттæ куыд хуыздæр арæзт æрцæуой, ууыл. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты советон адæмы Уæлахизы 78 азы бæрæгбоны мадзæлттæм хауынц, алы аз дæр традицион чи сси, уыцы хæстон парад æмæ æфсымæрон ингæнтæ æмæ цыртдзæвæнтыл диндинджытæ сæвæрын. Уымæй дарддæр, арæзт æрцæудзысты социалон ахадындзинадимæ, культурон-рухстауæн проекттæ, æппæтуæрæсейон æмæ республикон акцитæ, хæстон намысы бынæттыл ацæудзысты автодугътæ, арæзт æрцæудзæн концерт-реквием æмæ афтæ дарддæр.

Уыимæ, Цæгат Ирыстоны æвзонг æфсæддонты штабы разамонæг Чемысаты Алан куыд радзырдта, афтæмæй хъуамæ 9 маймæ æвазонг æфсæддонтæ байуарой 15 мин Георгиаг ленты. Йæ ныхасмæ гæсгæ, змæлды сæрæн сывæллæттæ архайдзысты цалдæр патриотон акцийы

Дзæуджыхъæуы Уæлахизы парад, планмæ гæсгæ ацæудзæн 9 майы райсомы 10 сахатæй 11 сахатмæ. Рацæудзысты дзы 58-æм æфсады дæлхайæдтæ, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады æмæ тыхы структурæты минæвæрттæ алыхуызон хæстон техникæимæ. Фыццаг хатт парады рацæудзысты суворовон æмæ кадетты училищеты курсанттæ дæр.

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, уымæ гæсгæ, бæрæгбоны мадзæлттæ хъуамæ ацæуой бæрзонд цæттæдзинады æмвæзадыл. Уымæн æмæ Уæлахизыл æмбæлæм Украинæйы сæрмагонд хæстон операцийы рæстæджы.

РЦИ—Аланийы Культурон бынтæ æмæ объекттæ хъахъхъæныны комитет 9 маймæ хæстонты цыртдзæвæнты æппæт цалцæггæнæн-арæзтадон куыстытæ дæр хъуамæ фæуа.

Куыд фæбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ сæрмагонд цæстдард хъæуы, сывæллæттæ æмæ фæсивæдæн цы бæрæгбоны мадзæлттæ арæзт æрцæудзæн, уыдонмæ. Регионы Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, æрыгон фæсивæд хъуамæ зæрдиагæй хъахъхъæной æмæ зоной сæ бинонты, Ирыстоны æмæ Уæрæсейы истори.

Уымæй дарддæр, ивгъуыд азы хуызæн, республикæйы ацæудзæн акци «Посмотри на их лица». Уый тыххæй спайда кæндзысты æппæт баннертæй.

Ацы хатт Уæрæсейы регионты бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, нæ рацæудзæн «Æнæмæлгæ полкъ». Организатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæй бафæнда, уыдонæн сæ бон уыдзæн хæсты фæмардуæвæг хиуæтты къамтæ машинæтыл, сæ дзаумæттыл, социалон хызты равæрын.

Сæйрагдæр хъуыддагыл нымад у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантыл аудын канд Уæлахизы бон нæ, фæлæ æрвылбон дæр. Æрвылаз куыд вæййы, афтæ та ныр дæр республикæйы Сæргълæуæджы номæй райсдзысты æхцайы æххуыс.

                                                                      Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.