Зонадон конференци Гæбæраты Никъалайы цытæн

 

Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты актон залы 19-æм майы уыдис зынгæ ахуыргонд, филологон зонæдты доктор, профессор Гæбæраты Ясоны фырт Никъалайы ном ссарынæн зонадон конференци. Хайад дзы райстой институты кусджытæ, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ журналисттæ.

Бацæуæн ныхасы ХИЗИИ-йы сæргълæууæг, историон зонæдты кандидат Гаглойты Роберт цыбыртæй æрдзырдта Никъалайы цард æмæ сфæлдыстадыл, цахæм лæггæдтæ бакодта ирон æвзагæн æмæ, иумæйагæй та, ирон адæмæн. Банысан кодта, зæгъгæ, Никъалайы ном ссарыны фæдыл зонадон конференци ирон æвзаг æмæ литературæйы бонимæ æнæхъуаджы баст нæу – егъау хæзнатæ бахаста ирон æвзаджы къæбицмæ.

Уый фæстæ доклад бакаст ХИЗИИ-йы ахуыргонд нымæрдар, профессор Битарты Зойæ: «Гæбæраты Никъала æмæ ирон ныхасы культурæ». Банысан кодта, зæгъгæ Никъала ирон æвзаджы разамонæгæй æвзæрст æрцыд 1959 азы æмæ дзы суанг йæ амæлæты бонмæ, 2014 азмæ фæкуыста, ома 55 азы.

«Фæнды мæ ноджыдæр бахатын ирон адæммæ – «аудут, хъахъхъæнут ирон дзырды, дзурут иронау». Мæ фæстæ Никъалайы тыххæй раныхас кæндзысты æмæ уын æрдзурдзысты зонады йæ чысылдæр куыстытыл. Уымæн æмæ нын нырма бирæ ис бакусинаг йе сфæлдыстадон егъау фæллойыл. Гæбæраты Никъала зонадон бындур æрæвæрдта ирон ныхасы культурæ раиртасынæн, сахуыр кæнынæн. Тыбылты Алыксандр 1931 азы фыста, зæгъгæ, культурæйы хæзнатæ хъахъхъæны æмæ сæ æвæры æвзаг», – загъта Битарон.

Докладгæнæг ма бамбарын кодта, зæгъгæ, ныхасы культурæ куы нæ уа, уæд культурæйы иннæ хуызтæн дæр уæвæн нæй. Никъала 2010 азы Цæгат Ирыстоны-Аланийы уæвгæйæ рацыд ныхасы æмæ афтæ загъта: «Адæймаг цы æргъæдтæ скодта йæ цардвæндагыл, уыдонæй иууыл сæйрагдæр у монондзинад. Æвзаджы фесæфджытимæ сæфы монондзинад дæр. Ацы сæйраг æргъад, ома, нæртон симд, Нарты кадджытæ, Къостайы «Ирон фæндыр»-ы æвзаг, нæ куырыхондзинады хæзна, æмбисæндтæ, загъдаутæ, фразеологизмтæ.

Уыдон иууылдæр сты нæ монондзинады феномен æмæ сæ куы фесафæм, уæд нал уыдзæнис ирон адæмыхатт, ирон адæмæн сæ равзæрд чи нæ зоны, ахæм адæймæгтæ, ома аборигентæ. Уæдæ чи стæм, кæд иу ирон дæр нымæцонтæ иронау нæ дзуры? Æрбайсгæ дзырдтæн парахатæй бакодтам дуæрттæ æмæ абон уыцы дуар æрæхгæнын уæззау хъуыддаг у. Нæй нын хицау».

«Дзургæ æвзагæн йæ архайд, йæ закъæттæ хуымæтæг æмæ сæрибар сты. Фæлæ иутæм хъусынæй нæ бафсæддзынæ, иннæтæм та сæдæ дзырдæй фылдæр нæ байхъусдзынæ. Фæлæ фысгæ æвзаджы домæнтæ карздæр сты, нæ уадзы «гоби» дзырдты æмæ уый раст у. Нæ поэтикон æвзаг хъуамæ цæвиттойнаг уа, хъуамæ уый фæзмгæйæ архайæм нæ ныхасы аивдзинад бæрзонд кæныныл», – кæронбæттæны загъта Битарон.

Ныхасы ма рацыд ХИЗИИ-йы ирон æвзаджы хайады хистæр зонадон кусæг, профессор Тыбылты Ингæ ахæм докладимæ – «Гæбæраты Никъала æмæ ирон æвзаджы хайады зонадон кусджыты куыст ирон грамматикæйы фарстатыл». Йæ раныхас райдыдта уымæй, зæгъгæ, кадджын Адæймаг йæхæдæг нæ, фæлæ йæ ном вæййы хъуыстгонд.

«9 азы Гæбæраты Никъалайы уæздан ныхас мах нал хъусæм, фæлæ йæ ном рох нæу. Цæры йæ ном йæ бинонты, йæ мыггаджы ‘хсæн, йæ коллегæты хсæн, йæ арф алыварсон зонадон куыстыты, мысынц ын йæ ахуыргæнинæгтæ йæ уæздан, æмбаргæ, хуымæтæг ныхас, йæ куырыхондзинад, йæ цыргъ юмористон пародитæ. Куыд диссаг у: адæймаг нал ис, фæлæ йæ ном цæры», – бахахх кодта Тыбылон.

Никъала йæхæдæг куыста лексикæ æмæ грамматикæйы фарстатыл, дзырды мидисыл, йæ арæзтыл. 1982 азы бахъахъхъæдта докторон диссертаци: «Нырыккон ирон æвзаджы дзырд æмæ дзырдарæзты морфологион структурæ». 1969 азы мыхуыры рацыд йæ «Ирон æвзаджы инверсион дзырдуат», кæцыйы ис 30 318 дзырды. Ирон æвзаджы лингвистикæйы цыдæриддæр терминтæ ис, уыдон чи сарæзта æмæ кæд арæзт цыдысты æмæ куыд, уый тыххæй Никъала сарæзта чиныг «История становления осетинской лингвистической терминологии». Иумæйагæй Гæбæраты Никъалайы зонадон куыстыты нымæц хизы 100-йы онг.

Никъала æрмæст зонадон куыст нæ кодта, уый ма арæзта ахуыргæнæн чингуытæ астæуккаг скъолатæн. Ацы чингуытæ куы фæзындысты, уæдæй фæстæмæ цалдæр хатты ногæй уагъд æрцыдысты æмæ сын ис стыр зонадон, академион нысаниуæг. Ахуырдзаутæ базыдтой дзырды грамматикон формæтæ, сæ бастдзинад ныхасы, базонгæ сты ирон æвзаджы морфологи æмæ синтаксисимæ баст терминтимæ. Чингуыты теориетикон æрмæг лæвæрд цæуы хуымæтæг æмбаргæ ирон æвзагыл æмæ уымæн стыр нысаниуæг ис. Ӕвзаджы рæзты æрдз ахæм  у, æмæ æппынæдзух кæны ивгæ, рæзы, æмæ уымæ гæсгæ грамматикæйы кæддæры фидаргонд теоретикон æрмæджытæ хатт æвзаджы практикон æрмæгимæ æмдзу нал фæкæнынц. Уыцы ногдзинæдтæ æнæмæнг хæссын хъæуы ахуыргæнæн чингуытæм.

Конференцийы ма бакастысты ноджы цалдæр цымыдисон доклады: «Гæбæраты Никъала – ирон æмбисæндты æмбырдгонд саразæг» – ХИЗИИ-йы ирон литературæйы историон хайады кусæг Пухаты Элинæ,  «Ирон æвзаджы дæсны, филологон зонæдты кандидат Дзаттиаты Г.П. зонадон куыстытыл афæлгæст» – ХИЗИИ-йы ирон æвзаджы хайады зонадон кусæг Тъехты А., «Ирон æвзаджы дæсны, филологон зонæдты кандидат Цхуырбаты З. куыст синтаксисы фадыджы» – ХИЗИИ-йы ирон æвзаджы хайады зонадон кусæг Дзассохты Л. Раныхас ма дзы кодта Галаты Барисы Хæдзар-музейы сæргълæууæг, филологон зонæдты кандидат Гаглойтэ Лиана ахæм темæйыл «Архивы æрмæджытæ Галаты Барисы Хæдзар-музейы, Гæбæраты Никъалайы ахастыты тыххæй æппæтдунеон зынгæ ахуыргæндтимæ».

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.