Хъæууонхæдзарадон куыстытæ сæххæст кæнынмæ кæд разæнгардæй бавналынц республикæйы фермерон æмæ хисæрмагонд хæдзарадтæ, уæддæр сæ хатт бакъуылымпы кæны техникæ æмæ æртаджы цухдзинад дæр. Банысан кæнын хъæуы, уыдонæй нырма фаг ифтонг кæй не сты нæ хæдзарадтæ. Цæвиттон, техникæйы иу хай сты зæронд, раджы ахицæн сæ кусыны рæстæг æмæ уымæ гæсгæ хæлынц арæх. Уæддæр уыцы цух-дзинæдтæм нæ кæсгæйæ, зæхкусджытæ фæтындзынц æппæт куыстытæ дæр сæххæст кæнынмæ.

Æрхæссæм бæлвырд цæвиттонтæ, сæ разы цы ныхдуртæ сæвзæры, уыдон тыххæй. Цхинвалы районы хæдзарадтæн а-фæззæджы æртаджы цухдзинад кæй уыд, уымæ гæсгæ æххæстæй нæ бакодтой сæ фæззыгон тауыны куыстытæ, ома, байтыдтой фæззыгæнд мæнæу æрмæстдæр 80 гектары фæзуатыл Ирыхъæу, Тъбет æмæ Къостайыхъæуы быдырты. Уавæр хуыздæр уыд Знауыры районы æмæ сын бантыст 200 гектармæ æввахс байтауын Мугут, Уелит æмæ æндæр хуымзæххыты. Тауыны куыстытæ иууыл рæвдздæр ацыдысты Ленингоры районы, уыимæ ма спайда кодтой фæззыгон хорз боныгъæдтæй дæр æмæ бахуым кодтой дзæвгар фæзуат. «Ирагропромсервис»-ы директор Мамытаты Вахтъанг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæм цы кусæн техникæ ис, уыдон цалцæг æмæ куыстæввонг скæнынмæ бавналдзысты, цæмæй уалдзыгон куыстытыл сæмбæлой æмбæлон æгъдауæй. Цалцæг кæныны тыххæй сæ цы ивæн хæйттæ хъæудзæн, уыдон самал кæныныл дæр бацархайдзысты рæстæгыл æмæ куыстытæ нæ бакъуылымпы уыдзысты. Афтæ ма комбайнтæ дæр техæркасты ацæудзысты æмæ сын уый тыххæй ис бадзырд Стъаврополы краймæ. Хъæууонхæдзарадон куыстытæ æххæст кæныны сæйраг сты механизатортæ æмæ республикæйы сæ нымæц хæццæ кæны 40 адæймагæй фылдæрмæ. Фæлæ Мамытайы фырты ныхæстæм гæсгæ  уыдон уæддæр фаг не сты.

                                                                  ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.