Нæ республикæйы Æмбæстагон хъахъхъæнынады, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ иуварс кæныны министрад æндæр министрадтæм абаргæйæ, æрыгондæр у, фæлæ йæ архайд ахсджиаг, æнæмæнгхъæуæг кæй у, уый æнкъарынц цæрджытæ, уæлдайдæр та сæ æххуыс кæй бахъæуы, уыдон. Ивгъуыд аз ын цы бантыст саразын, афтæ ма ног азы сæ разы цы хæстæ лæууы, уыдæттыл ныхас цыдис министрады коллегийы рауæрæхгонд æмбырды.

Йæ куысты хайад райстой Президент Гаглойты Алан æмæ республикæйы разамынады æндæр бæрнон кусджытæ æмæ байхъуыстой министрады дæлхæйттæ æмæ службæты разамонджыты хыгъдтæм сæ бакæнгæ куысты тыххæй.

Банысангонд министрады разамонæджы фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй ивгъуыд азы зынгсивæрзтытæ ахуыссын кæнынмæ, фæндагон-транспортон цаутæм, минæтæй ссыгъдæг кæнынмæ, санитарон эвакуацимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийæ фæмардуæвæг хæстонты ласын, цæрджытæ æмæ организацитæн алыгъуызон æххуыс бакæныны тыххæй сæхи сæрмагонд техникæйыл ацыдысты 948 хатты.

Раныхасгæнæджы ныхæстæм гæсгæ карзæй лæууы фарст министрады кус-джыты пенсион ифтонгады тыххæй æмæ йыл куыст цæуы. Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады уæлдæр ахуыргæнæндонмæ æрвыст æрцыдысты 6 курсанты, академиты та ахуыр кæнынц 10 кусæджы.

Республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады паддзахадон унитарон куыстуат «Ирвæзынгæнæг»-ы кусджытæ афæдзы дæргъы куыстой цæрджыты æрдзон газ æмæ æндæр ахæмтæй фæхъæстæйæ бахизыныл. Басгæрстой æмæ ныссыгъдæг кодтой 4945 фатеры фæздæгдзæуæнтæ æмæ вентиляцион каналтæ. Газæй хъармгæнæн прибортæ раст æвæрд кæй нæ уыдысты æмæ  раст эксплуатаци кæй нæ цыдысты, уымæ гæсгæ уыдис газæй фæхъæстæ уæвыны 13 цауы, фæхъæстæ сты 29 адæймаджы, фæлæ уды зиан не`рцыдис.

Бестауы фырт куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд азы райдианы сæ уæрæсейаг коллегæтимæ сбæлвырд кодтой министрады проблемон фадгуытæ. Уæлвæткон уавæрты эффективондæрæй архайыны тыххæй хъæуы кусджыты штатон нымæц фæфылдæр кæнын, хъæуы сног кæнын спецтехникæ æмæ ифтонггæрзтæ. План цæуы иууон диспетчерон службæ саразын. Министрад дарддæр куыста Уæрæсейы Федераци, Абхаз, Донецкы Адæмон Республикæйы, Луганскы Адæмон Республикæйы æнгæс министрадтимæ æмгуыстад фидар æмæ рæзын кæныныл. Йæ кусджытæ хайад истой, Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрад цы дунеон мадзæлттæ уагъта, уыдоны. Æдасдзинад ифтонггæнæг фæрæзты дунеон салон “Комплексон æдасдзинад – 1923”-йы фæлгæтты фембæлдысты министрадты разамонджытæ. Министрады делегаци ма хайад райста аварион-ирвæзынгæнæн службæтæ æмæ баиугæндты  минæвæртты lV æппæтуæрæсейон конференцийы, горæт Псковы.

Æмбæстагон хъахъхъæнынады фæдыл министры хæдивæг Санахъоты Руслан æмбæстагон хъахъхъæнынады ахсджиагдæр хæстæй сæ иуыл банымадта хи бахъахъхъæнын æмæ эвакуацийы амæлттæ æмæ методтыл цæрджыты ахуыр кæнын. Хайадты кусджытæ сæрмагонд хъусдард здахынц скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты æдасдзинады уроктæ уадзынмæ.  Ахуы-рады министрады минæвæрттимæ афæдз дыууæ хатты ахуырадон уагдæт-ты ауадзынц ахуыртæ æмбæстагон хъахъхъæнынады фæдыл.

Агурæн-ирвæзынгæнæн отряды архайды тыххæй дзургæйæ, раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, дæлхай ифтонг у, Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады сæрмагонд ахуыргæнæн центрты профессионалон цæттæдзинад чи райстой, ахæм специалисттæй. Уыцы кусджытæй сæ иу – Марданты Д. Р.-йæн лæвæрд æрцыд “Дунеон къласы ирвæзынгæнæджы” ном, 4 донбынагурæгæн та ис дунеон дайверсон бæлвырдгæнæнтæ.

Афæдзы дæргъы ирвæзынгæнджытæ цæрджытæн алыгъуызон æххуыс бакæныны тыххæй ацыдысты 194 хатты. Хайад истой, министрад цы ахуыртæ уагъта, уыдоны.

Кусджытæ цæттæ кæнын æмæ тыхæй пайда кæныны фæдыл министры хæдивæг Захаров Алан куыд радзырдта, афтæмæй тыхтæ бацæттæ кæныны хайад аивгъуыйгæ азы зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайадты ауагъта теоретикон æмæ практикон ахуыртæ, контроль кодта зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн дæлхæйтты хæстон цæттæдзинадыл, бацæттæ кодтой æмæ ауагътой ерыстæ спорты тыхон хуызтæй министрады дæлхæйтты æхсæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сæ кусджытæ хайад райстой аварион-ирвæзынгæнæн службæты æмæ баиугæнды Æппæтуæрæсейон конференцийы. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадимæ æмархайд кæнгæйæ, Цхивалы медтехникумы базæйыл уыдон рацæуынц курсытæ фыццаг медицинон æххуыс бакæныны фæдыл æмæ сын лæвæрд æрцæуы сертификаттæ. Уыцы курсыты сæ зонындзинæдтæ фылдæр кодтой 29 адæймаджы.

Хъусдардон архайды фæдыл министры хæдивæг Гæбæраты Таймураз та хыгъд радта профилактикæ æмæ зынгсивæрзты æдасдзинады фæдыл мадзæлтты тыххæй.

Куыд загъта, афтæмæй азы райдианы уыдон сарæзтой мадзæлтты план, кæцымæ гæсгæ сæ инспектортæ бакодтой зынгæ куыст республикæйы горæттæ æмæ районты инфраструктурæйы алыгъуызон объектты. Æдæппæт басгæрстой 194 объекты æмæ сæ къухдариуæггæнджытæн бацамыдтой, цæмæй сæ объектты æркæной зынгсивæрзты æдас-дзинады домæнтæм гæсгæ. Чи сæ хæлдта, уыдонæй 105 объектыл арæзт æрцыдысты акттæ. Зынгсивæрзты æдасдзинады нормæтæ æмæ фæткойтимæ базонгæ кæныны тыххæй лæвæрд æрцыд 35 æвдисæндары, алыгъуызон организациты сæ архайд дарддæр кæныны  тыххæй райстой лицензитæ.

Цалынмæ ахуыры аз нæ райдыдта, уæдмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ басгæрст æрцыдысты скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæ – æдæппæт 78 объекты. Сæ разамонджытæн бацамындæуыд, цæмæй аиуварс кæной зынгсивæрзты æдасдзинады домæнтæ халыны цаутæ.

Кæронбæттæны  раныхас кодта республикæйы уæлвæткон уавæрты министр Гассеты Ибрагим æмæ банысан кодта, зæгъгæ, куыст цæуы “2030 цæрджыты æмæ территориты уæлвæткон уавæртæй 2030 азмæ хъахъхъæныны фæдыл РХИ-йы паддзахадон политикæйы бындуртæ” æмæ “азмæ зынгсивæрзты æдасдзинады къабазы РХИ-йы паддзхахадон политикæйы бындуртæ”-йы тыххæй РХИ-йы президенты барамындты проекттыл, кæцыты бæлвырд æрцæудзысты ацы къабæзты РХИ-йы паддзахадон политикæйы нысæнттæ, хæстæ æиæ приоритетон здæхтытæ, афтæ ма сæ реализаци кæныны механизмтæ дæр.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй иуварс æрцыдысты сæдæгай уæлвæт-кон уавæртæ. Зынгсивæрзты æдасдзинад сифтонг кæныны нысæнттæ 2024 азы къухты бафтын кæныны тыххæй сæйрагдæр хæстыл уый банымадта рес-публикæйы территорийыл æппæт юридикон æмæ физикон цæсгæмттæ зынгсивæрзты æдасдзинады фæткойтæ куыд хъахъхъæнынц, ууыл реалон хъусдард сорганизаци кæнын; ацы къабазы закъондæттынад чи халы, уыдоны ныхмæ уголовон-прцессуалон мадзæлттæ исын æмæ æндæр ахæмтæ.

Ведомствойы сæргълæууæг банысан кодта зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайадты æмæ агурæн-ирвæзынгæнæн отряды рæнхъон сконды профессионалон цæттæдзинады æвæрццаг динамикæ.

Ног азы, йæ ныхæстæм гæсгæ, фылдæр хъусдард здахын хъæудзæн нормативон-барадон базæ хуыздæр кæнынмæ. Бакусын æмæ сфидар кæнынмæ бавдисын хъæудзæн къорд нормативон-барадон акттæ.

Министр стыр нысаниуæг радта дунеон æмкуысткæнынадæн. Уæрæсейы уæлвæткон уавæрты министрады æппæтфарсон æххуысы руаджы РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрадæн фадат ис йæ материалон базæ хуыздæр кæнынæн. Бакуыст æрцыд 2024 азæн уæл-вæткон уавæртæй фæдзæхсын æмæ сæ ликвидаци кæныны къабазы æмкуысткæнынады тыххæй æхсæнхицауадон сразыдзинад реализаци кæныны фæдыл дыууæ æнгæс министрады иумæйаг мадзæлтты планы проект. Министр æрсидт иумæйаг тыхтæй сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ. Алы кусæг дæр, зæгъгæ, хъуамæ бæрндзинад æнкъара бахæсгонд хъуыддаджы тыххæй.

       Бестауты Валя

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.