Терроризмы ныхмæ къамисы радон æмбырды архайдтой хицауады уæнгтæ. Ныхасы сæйраг нысан уыд Сири æмæ Украинæйæ чи ралыгъд, уыцы сывæллæттæ æмæ сæ чи суазæг кодта, уыцы бинонтимæ уæлæмхасæн мадзæлттæй пайда кæнынимæ, бастдзинады объекттæ æмæ республикæйы динты организацитæ терроризмæй бахъахъхъæныны тыххæй.

Хæстон цаутæ кæм цæуынц, уырдыгæй сывæллæттæ ласыны, цы бинонтæ сæ суазæг кæнынц, уыдонæн æххуысы фæдыл цы куыст цæуы, ууыл уыд йæ ныхас фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæйæн. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ, æппæт бинонтæ дæр сты цæстдарды, аудыны, ахуырады, социалон лæггæдты, бынæттон хиуынафæйады æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады оргæнты бæрны. Лигъдон сывæллæттæн сæ бинонты чи баивта, уыдон паддзахадон æххуыс исынц федералон закъонæвæрынадмæ гæсгæ.

Министры ныхасмæ гæсгæ, бинонты хæстæ æххæстгæнджытимæ кусынц социалон центры специалисттæ. Терроризмæй бахизыны тыххæй дзургæйæ, куыд рабæрæг, афтæмæй социалон æмæ ахуырадон уагдæттæ уый фæдыл уæлæмхасæн мадзæлттæ араздзысты.

Кæронбæттæны министр бафæдзæхста æмбæлгæ органтæн, районты, хæдзариуæггæнæг субъектты разамындæн, цæмæй терроризмы ныхмæ къамисы æппæт амынддзинæдтæ дæр сæххæст кæной. Йæ куысты ахæм хъæндзинæдтæ кæмæн сбæрæг кæной, уыдоны ныхмæ пайдагонд цæудзæн æфхæрæн мадзæлттæй.

 

ТУРИЗММÆ – ФЫЛДÆР  ÆРГОМ

Æрбахæстæг та республикæмæ туризмы рæстæг. Уыцы къабаз фæстаг азты размæ афтæ рацыди, æмæ бирæ регионты фæстейæ фæуагъта. Сбирæ сты, Цæгат Ирыстоны йæ фæллад суадзын кæй фæнды, ахæмтæ. Фæлæ, туризмы рæзтæн ноджы фылдæр архайын кæй хъæуы, уый бæрæг у. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй нæм фæстаг азты туризмы рæзт стынг ис, фæлæ сæ алыхатт æмбæлгæ хуызы суазæг кæнынмæ, хъыгагæн, цæттæ не стæм. «Фæстаг дæсгай азты дæргъы туризмы къабаз уыд рохуаты. Политикон æмæ æндæр цауты аххосæй Цæгат Кавказмæ цæуын туристтæ сæ ныфс нал хастой. Ныртæккæ уавæр аивта. Уазæгуаты нæм чи æрбацæуы, уыцы туристты нымæц кæны фылдæр, бынæттæ та сын фаг нæй. Фæндагон сервис дæр бынтон рæвдз нæма у. Фæлæ туризмы къабаз Цæгат Кавказы рапарахат кæнын у Уæрæсейы Президенты уынаффæ, æмæ йæ хъæуы æххæст кæнын. Уымæ гæсгæ арæзт цæуынц ног туристон маршруттæ. Ирыстоны рæсугъддзинæдтыл, йæ историйыл сын чи дзурдзæн, ахæм дæсны специалистты дæр цæттæ кæнæм, аразæм сын ахуыртæ. Цы историон цыртдзæвæнтæ нæм ис, уыдон паддзахады ‘рдыгæй цæуынц хъахъхъæд, æмæ ацы куыст æххæстгонд цæуы бæлвырд уагыл. Иу дзырдæй, туризмы къабаз райрæзын кæныны хъуыддаджы нæм цы аиппытæ уыд, уыдон иуварс кæнæм æмæ уыимæ бастæй аразæм ног проекттæ. Туристтæ нæм цæмæй фылдæр цæуа, ууыл, æнæмæнг, хорзæрдæм фæзындзæн, ног авиарейстæ нæм кæй фæзындзæн, уыцы хъуыддаг дæр», – Банысан кодта республикæйы Сæргълæууæг.

                                                               Нæ  уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.