А-дунейы, мах, нæлгоймæгты уæвынад бирæ цæуылдæрты баст у. Алкæмæн  дæр йæхи хъысмæт вæййы. Уыцы «бирæ цæуылдæрты» нæ нымайдзыстæм, уыдон бирæ сты, фæлæ се ‘ппæтæй ахсджиагдæр нæ царды у сылгоймаг.

Лæппуйæн чызгмæ уарзондзинады уылæнтæ зæрдæйæн цавæрдæр алæмæттаг æхсызгондзинад æвзарын фæкæнынц, сæууон хурмæ зайæгой  куыд фæрæзы, дидинæг куыд рæсугъдæй фæзыны, афтæ йæм фæкæсы йæ уарзон чызджы бакаст. Уæлдай уæззаудæр вæййы лæппуйы сусæг уарзт, йæ зæрдæ дзæгъæлтæ кæны, уарзты цæхæртæй риу фæсудзы, хæдзары свæййы æгоммæгæс, фæцух вæййы æмгæрттæй, хиуæттæй, скатайаг вæййы. Мæнгæй нæ загъта Къоста: «куыддæр-иу ныхъхъус дæн, суæлдай мæ цард», кæнæ «куыд царæфтыд дæн, цæмæн æмбæлдтæн дæуыл, мæ иунæг сæры бон… куыд ма цæрдзынæн æнæ дæу…»

Æмæ раст у, сылгоймаг кæлæнгæнæг у, æнæ уый дуне бамыр, банымæг уаид, уымæн æмæ йæ сыгъдæг уарзт, æгъдау æмæ фидыцæй райынц нæ зæрдæтæ. Кæсы нæм афтæ, цыма сылгоймагæй цæуы уды цавæрдæр алæмæттаг рæсугъдгæнæг тых, хъары нæ уæнгты, кæны нæ цæрæццаг, æхсызгонæй лæдæрсæн кæны нæ удты, исæм дзы æхцондзинад. Йæ æгæрон уарзты тых, йæ фæлмæн ныхасæй нæ удтæ фæрæсугъддæр вæййынц, нæ риуты бацæуы цавæрдæр уæларвон хъару. Сылгоймаг уый хаты æмæ нын нæ тыхтæм æфтауы дывæр тых, дывæр уæндондзинад æмæ адæймаджы зæрдæ цины малты аленк кæны, хъуыды кæныс, куыд диссаг у сылгоймаг, цы хуыцау æй сфæлдыста хорзæн, удæнцойæн, уарзтæн, цард аразынæн? Нæ цардвæндаг рухсгæнæг у æмæ зæдты кой куы фæкæнæм, уæддæр нæ зæрдыл æрбалæууы дидинæнгæс сылгоймаг. Уæларвон зæдтæ фенын не ‘нтысы махæн, фæлæ зæххон зæдтæ – сылгоймæгтæ та нæ фарсмæ вæййынц, цæрын дæр нæ уымæн фæфæнды. Йæ уарзт дæр фурдау тыхджын у æмæ йæ Секъа йæ радзырд «Азау»-ы уымæн равдыста. Азауæн йæ уарзон Таймуразы амардыл кæд дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр æнцойад нæ ардта, фæндыд æй йæ уæлмæрд фенын æмæ йын уыцы фадат куы фæцис, уæд йæ уарзоны ингæны уæлæ йæ уд аскъуыд, уадз, æмæ мæрдты бæсты иумæ уæм, зæгъгæ. Уый у сылгоймаджы æнувыд судзгæ уарзты æгæрон тыхыл дзурæг…

Сылгоймагæй цæуы хæдзары бæркад æмæ царды сой, хиуон, хæстæджыты æнгомгæнæг æгæрон тых æмæ йæ никуы æвгъау кæны. Фæзæгъынц, сылгоймаг, дам, æдых у, фæлæ йæ фыдæбæттæ, йæ фæразондзинад уымæн нæлгоймагæй бирæ фылдæр æмæ тыхджындæр сты: хъомыл кæны сывæллæтты, цас æгъуыссæг æхсæвтæ арвиты авдæны уæлхъус, фæстæдæр сæ рæвдз кæны скъоламæ, тыхсы сын сæ хæрд, сæ дарæсыл,  æфтауы сæ ахуырыл, куыстыл, æппæт уыдæттыл æххæссы, тых кæны, нæ фæллайы æмæ диссаг дæр уымæн у. Хъæбултæ бастыр вæййынц, фæхъуыды кæны, цæмæй хорз амæндтæ ссарой, сæ цард цæуа нывыл. Уыдонæн дæр фæзыны хъæбултæ æмæ та уыдон дæр йæ аудинаг свæййынц.   Æмæ та æрымысæм Къостайы дзырдтæ: «куыд фæрæзта уыйас, æппæтæй дæр фаг…». Ахæм зæрдæйы хицау дæ, сылгоймаг, хъомыл кæныс дæ цæугæ царды райгуырæн бæстæйæн патриоттæ, хъайтартæ, зонадон кусджытæ, профессортæ, фысджытæ, раззагон кусджытæ æмæ чи фæуыдзæн нымад дæ бирæ хæрзтæ ацы дунейы?! Денджызы уылæнтау дын æнцойад нæй æмæ дын рафтæн макуы уæт, нæ царддæттæг!!!

Дунескæнæг дын æххуысгæнæг уæт, зæххон стъалы!

КОЗАТЫ Павел

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.