Театралон аивады стъалыбардзы æхсæнæй ныр 47 азы дæргъы æрттивы Тадтаты Фатимæйы стъалы æмæ уал азы дæргъы рухс хæссы сценæмæкæсджыты зæрдæтæм. Бæрзонд аивадмæ фæндæгтæ зын сты, фæлæ сыл Фатимæ фæцыдис ныфсджынæй, йæ æрдзон курдиат ын йæ къух арæзта, афтæмæй. Куыд артисткæ, афтæ нæ паддзахадон драмон театры бæстыхайы къæсæрæй фыццаг хатт йæ къах бавæрдта 1977 азы. Фæлæ уый размæ дæр уырдæм фæндаг ардта куыд сценæмæкæсæг, афтæ. Æмæ лæмбынæг каст, уæды рæстæджы сценæйыл цы артисттæ хъазыдысты, уыдонмæ. Астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд уым дæр уыдис хæдархайгæ драмон къорды активондæр архайджытæй сæ иу. Хъазыдис алыгъуызон комикон ролты æмæ йæ хъазт тынг цыдис ахуырдзауты зæрдæмæ.

Фæлæ æвзонг чызг æмбæрста, уый стыр аивад кæй нæ уыдис æмæ æдзухæй йæ хъус дардта паддзахадон  драмон театрмæ. Ахæм спектакль нæ уыдис, цалдæр хатты кæй нæ федта. Фарастæм къласы куы ахуыр кодта, уæд Къостайы райгуырæн боны цытæн цы мадзал ауагътой, уым Фатимæ бакаст Къостайæн йæхи фыст æмдзæвгæ. Уыцы рæстæджы театры сæйраг режиссер уыд Хъайырты Владимир. Мадзал куыддæр фæцис, афтæ йæ уæлхъус æрбалæууыд æмæ йын афтæ зæгъы: «Гыццыл чызг, театрмæ дæ нæ фæнды?». «Æмæ мæ чи уадзы уырдæм?» – дисгæнгæ йæм скаст чызг. Уый йæ мидбылты бахудт, фæлæ дзургæ ницы скодта. Цалдæр мæйы фæстæ газет «Советон Ирыстоны»-ы бакастис, зæгъгæ, театр конкурс расидтис, хъæуынц æй æххуысгæнæг къордмæ артисттæ. Уæд æрцагуырдтой сæрмагондæй Фатимæйы. Æрбалæууын æй кодтой репетицион залы æмæ йын йæ бæрны бакодтой чысыл роль спектакль “Фæныкгуыз”-æй. Йæ арæхстдзинад сæ дисы бафтыдта. Йæ хæдфæстæ та йæм æрхаудта ноджы вазыгджындæр хæс – Гаглойты Владимиры пьесæ “Мады кадæг”-ы Агуындæйы роль. Режиссер та йын уыд Хъайырты Владимир – ирон театралон аивады корифей, диссаджы уæздан æмæ курдиатджын адæймаг.

Афтæ райдыдта йæ театралон карьерæ Тадтаты Фатимæйæн. Дыууæ азы фæстæ Хуссар Ирыстоны фæсивæды къорды арвыстой Щепкины номыл театралон институтмæ ахуыр кæнынмæ, цæмæй ног фæлтæры тыхтæй фæфидар уыдид нæ театр. Ахуыры азтæ бæлæттау атахтысты æмæ æрыздæхтысты фæстæмæ сæ уарзон театрмæ. Алы ролыл дæр-иу зæрдиагæй бакуыста Фатимæ æмæ йæ фæстиуæг та уыд сценæмæкæсджыты дæргъвæтин къухæмдзæгъд.

Афтæ райдыдта аивады дунемæ Фатимæйы зын, фæлæ æмбисонды рæсугъд æмæ арфæйаджы сфæлдыстадон фæндаг. Æнцон нæ уыди уыцы фæндаг, кæм – лæгъз, кæм – гуыргъахъхъ, кæм – цин, кæм та цæстыссыг. Уæлахизтимæ къуыхцытæн дæр æнæ уæвгæ нæ вæййы. Фæлæ ахæм иугай къуыхцытæ Фатимæйæн уыдысты арфдæр ныхъхъуыды æмæ сфæлдыстадон бæрндзинадыл нысагъæсы уысмтæ, стæй бæрзонддæр къæпхæнмæ схизыны фæрæз.

Фæлæ профессионалон актер суæвынæн æрмæст æрдзон курдиат æмæ куыстхъомдзинад фаг не сты, хъуамæ зонай актеры вазыгджын дæсныйады сусæгдзинæдтæ æмæ фæзилæнтæ. Фатимæйæн уыдис актрисæйæн æнæмæнгхъæуæг миниуджытæ: сценикон рæсугъд цæсгом, гуырвидыц, абухгæ темперамент. Уыдоны руаджы-иу ын режиссертæ йæ бæрны бакодтой амæй-ай хуыздæр æмæ вазыгджындæр ролтæ. Æмæ-иу сæ Фатимæ фыдæнхъæл никуы фæкодта, йæ саразгæ рольтæ иу фæндаг ссардтой сценæмæкæсджыты зæрдæтæм. Асиат – Брытъиаты Елбыздыхъойы “Дыууæ хойы”, Тамарæ – Хуыгаты Георы “Бинонтæ”, Биби – Гаглойты Владимиры “Тугæйдзаг чындзæхсæв”, Ел-зарон – Гаглойты Владимиры “Саухъус æлдар”, Роксанæ – Уанеты Владимиры “Хилачы фидар” æмæ бирæ æндæртæ, æппынфæстаг – Фатимæ – Къостайы “Фатимæ”-йы. Ацы вазыгджын, арф психологон рольты уæлдай тынгдæр фæбæрæг Фатимæйы актерон сфæлдыстады бæрзонд дæсныйад.

Йæ актерон курдиат у алыварсон. Уымæн йæ бон у канд драматикон, трагикон ролтæ æххæст кæнын нæ, фæлæ ма, дæрзæг сатирикон рольтæ дæр. Уыдон æхсæн сты: абадгæ чызг Агафья, Гоголы – “Ускурын”, Гадзыгыз – Хуыбецты Рая æмæ Саламты Къолайы комеди “Дыууæ чындзæхсæвы”, Уæлинкъа – Гаглойты Владимиры “Сухтаг фыдсылтæ”, Дуду – Нартыхты Григолы комеди «Дуду»-йы. Бантыст ын саразын æмæ сценæмæкæсджыты размæ рахæссын 60 фылдæр сценикон фæлгондзы, канд ирон нæ, фæлæ ма фæсарæйнаг классикон драматургийæ дæр. Ахæм сты йæ фæллой, йе сфæлдыстадон æнтыстытæ Тадтаты Фатимæйæн театралон аивады. Фатимæ йæ удыйас уарзы ирон театр. Уарзы йæ фанатикон уарзтæй. Æмæ канд уарзгæ нæ, фæлæ йын радта йе ‘ппæт цард.

Курдиатджын адæймаг домаг вæййы йæхицæй. Ахæм у Фатимæ дæр. Уый зоны æцæг аивадæн аргъ кæнын. Талф-тулф куыст йæ сæрмæ никуы хаста. Уый нæ аргъ кæны аивады æнцон фæндæгтæ чи агуры, уыдонæн. Уыйхыгъд зоны кæстæртыл аудын, баххуыс сын кæнын. Гъе, ахæм у Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ – Тадтаты Фатимæ.

Арæх фехъусæн ис актеры тыххæй, зæгъгæ, афтæ арф аныгъуылынц сæ профессийы, афтæ йæ уарзынц æмæ сын рæстæг нал вæййы бинонты цардмæ фаг хъусдарынæн. Фæлæ уый раст нæу, уæлдайдæр та Тадтаты Фатимæйы тыххæй куы дзурай, уæд. Фатимæ йæ цард баиу кодта йæхиау хæрзæгъдау лæппу Плиты Тенгизимæ æмæ абоны онг дæр цæрынц адджынæй, кæрæдзийы æмбаргæйæ. Цы æртæ хъæбулы схъомыл кодтой, уыдон дæр бафтыдтой сæ царды фæндагыл.

Фатимæйыл æрæджы сæххæст 70 азы. Зæрдиагæй йын арфæ кæнæм мах дæр. Бафæнддзæн нæ, цæмæй уа амондджын, æнæниз, уа йын ног сфæлдыстадон æнтыстытæ æмæ ма бирæ азты дæргъы лæггад кæна ирон сценæйæ йæ уарзон адæмæн.

        БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.