Цæгат Кавказы фыццаг сылгоймаг-режиссер Брытъиаты Зарифæйы райгуырдыл сæххæст 105 азы. Йæ спектакль «Отелло»-йы Стырбританийы успаддзах Елизавета II банымадта театры историйы хуыздæр сæвæрдтытæй сæ иуыл.

Афтæ зæгъæн ис æмæ чызгæн йæ хъысмæт развæлгъау бæрæг уыд. Чысылæй фæстæмæ бауарзта аивад. Æндæр куыд хъуамæ уыдаид? Зарифæ у фыццаг ирон драматург Брытъиаты Елбыздыхъойы чызг. Йæ фыды рæстмæ нæ хъуыды кодта, фæлæ мад сывæллæттæн арæх дзырдта, сæ фыд театр куыд тынг уарзта,  куыд курдиатджын драматург уыд, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый  чысыл сывæллæтты зæрдæты ныууагъта арф фæд.

Брытъиаты Елбыздыхъо – ирон драматургийы бындурæвæрæг, алывæрсыг курдиаты хицау, йæ ном лæууы нæ дуджы стыр фысджыты нæмтты рæнхъы. Зынгæ драматургон уацмысты авторæн æрдз рæдауæй слæвар кодта публицист æмæ прозаикы курдиат. Уый стыр хайбавæрд бахаста ирон литературæ æмæ профессионалон театры рæзтмæ.

Елбыздыхъо æмæ йæ цардæмбалæн уыд цыппар сывæллоны. Каникулты рæстæджы-иу сæ арæх арвыстой хъæумæ. Уым сабитæ кæттагæй арæзтой импровизацигонд сценæ æмæ дзы æвдыстой æцæг театралон равдыстытæ æмæ мини-спектаклтæ, арæх æвæрдтой сæ фыды уацмыстæй скъуыддзæгтæ. Æвæццæгæн, уæд аскъуыддзаг кодта Зарифæ йæ хъысмæт аивадимæ сбæттын. Азтæ цыдысты, фæлæ йæ бæллиц нæ ахуыссыд, ноджы йын тынгдæр ссыгъд. ГИТИС-ы фыццаг рауагъдонтæ сæ райгуырæн бæстæмæ куы æрæздæхтысты, уæд Зарифæмæ бахатыдысты актерон курсмæ бацæуыны тыххæй. Фæлæ сын Зарифæ сæ хъазт сценæйыл куы федта, уæд ахъуыды кодта, зæгъгæ, мæ бон никуы суыдзæн афтæ хорз ахъазын æмæ хорз актрисæ суæвын, фæлæ мæ режиссер рацæудзæн. Чызгмæ афтæ каст, цыма режиссер суæвын æнцондæр уыд. ГИТИС-ы йæ хъысмæт æрбакодта Алексей Поповы курсмæ. Стыр дæсныйы фæрцы æнæхъæн курс сæ зæрдæ радтой режиссурæйæн.

«ГИТИС-ы нæм хорз ахаст дардтой. Сылгоймæгтæ уыдысты цыппар æви фондз, иннæтæ  – нæлгоймæгтæ. Уæд райдыдтой сылгоймæгтæ режиссурæмæ цæуын» – йæ зæрдыл-иу æрлæууыд Брытъиаты чызгæн. Йæ ахуыр ын аскъуыдта хæст. Зарифæ ацыд фронтмæ. Къахта траншейтæ, арæзта хъахъхъæнæн арæзттæ. Фæстæдæр хорзæхджын æрцыд «За оборону Кавказа», «За оборону Москвы» æмæ «За доблестный труд»-ы майдантæй.

1944 азы Зарифæмæ фæсидтысты ГИТИС-мæ, цæмæй йæ ахуыр кæронмæ фæуыдаид. Ирон театры сценæйыл йæ дипломон спектаклæй йæхи базонын кодта. ГИТИС-ы рауагъдон уæд хъуыды дæр нæ акодта, уыцы театры бирæ азты дæргъы сæйраг режиссер кæй уыдзæн, ууыл. 1945 азы Зарифæ сæвæрдта йæ фыццаг спектакль «Талынджы фембæлд» – йæ фыццаг æнтыст. Спектаклæн бæрзонд аргъ скодтой куыд йе ‘мкусджытæ, афтæ театралон критиктæ дæр.  Йæ фыд, Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæтæ уыдысты йæ фыццаг фæлварæнтæ.

30 азы дæргъы йын бирæ зæрдылдарæн фембæлдтытæ уыд сценæмæкæсджытимæ. Йæ режиссерон куыстытæ систы Ирыстоны театралон аивады хуыздæртæй сæ иутæ. Йæ диссаджы сæвæрдтыты нымæцы сты Шекспиры цыппар драмæйы – «Ромео и Джульетта», «Много шума из ничего», «Отелло» æмæ «Двенадцатая ночь». Ацы сæвæрдтытæ фæцыдысты Уæрæсе æмæ Англисы Шекспиры зонджыты зæрдæмæ. Фæстæдæр спектакль «Отелло» æвæрд æрцыд Шекспиры Райгуырæн бæстæйы – Лондоны, ирон æвзагыл. Сæвæрдæн стыр аргъ скодта Англисы успаддзах Елизавета II. Тæбæхсæуты Балойы Отелло   нымад æрцыд дунейы хуыздæрыл.

Брытъиаты чызг куыд нымадта, афтæмæй  Ирон театры  сценæйыл уыцы рæстæджы хъазыдысты зынгæ актертæ – Таутиаты Соломон, Икъаты Серафимæ, Беккуызарты Орзетæ, Сланты Къоста, Хъарджиаты Варварæ æмæ бирæ æндæртæ. «Йæ бон æнахуыр роль саразын кæмæн уыд, уыдонæй алчидæр мæнæн  уыд уарзон адæймаг», – дзырдта Брытъиан.

Йе сфæлдыстадон цардæй дæс азы снывонд кодта Цæгат Ирыстоны Уырыссаг театрæн. Райдайæны куыст уыдис тынг уæззау – театры нæ уыд хорз атмосферæ. «Мах уыдыстæм гастролты – æз фыццаг хатт ацыдтæн семæ. Спектаклы рæстæджы фæхыл сты дыууæ актеры. Сæ кæрæдзийыл æхстой сæ батинкæтæ. Хыл кодтой æцæгæй. Æз сæ æрæмбырд кодтон æмæ сын загътон, зæгъгæ, фехъусын кæндзынæн Цæгат Ирыстоны разамынадæн, зæгъгæ, Уырыссаг театр нæ зонынц иумæ кусын æмæ бахатдзынæн, цæмæй ауадзой труппæйы. Афтæ куы загътон, уæд иууылдæр басабыр сты. Уый фæстæ мæ райдыдтой фæрсын: «Куыд?». «Мæнæ афтæ! Иууылдæр уæ ссæрибар кæндзыстæм æмæ райсдзыстæм ног труппæ, уымæн æмæ сымах иумæ кусын нæ зонут». Уый сыл бандæвта æмæ сындæггай нормæмæ æрцыдысты». Ирон æмæ Уырыссаг театрты æмæ сыхаг республикæты сценæтыл Зарифæ сценæмæкæсджыты рæгъмæ рахаста бирæ хорз сæвæрдтытæ: «Чермен», «Дыууæ хойы», «Перед грозой», «Разлом», «Фатимæ» æмæ æндæртæ. Уый æххæстæй йæхи дæт-та театрæн æмæ йæ спектаклтæ уымæн афтæ зæрдæмæхъаргæ уыдысты, сценæмæкæсджыты æвæлмасæй нæ уагътой.

Цымæ цас диссаджы спектаклы сæвæрдтаид Зарифæ, цас ма йын бантыстаид аивады саразын, гениалон режиссеры сфæлдыстадон архайд урæд куынæ æрцыдаид, уæд. Карз режимимæ 12 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста адæмон артисткæйæн советон тæрхондон. Цыдис ыл уæд 65 азы, уыцы азтæй 43 азы снывонд кодта театрæн. Уæд, 1980 азты райдианы,  Æппæтцæдисон театралон æхсæнады хайады бæрнон секретарь, сæйраг бухгалтер æмæ кассиримæ бадзургæйæ, Зарифæйыл баконд æрцыд уголовон хъуыддаг, социалистон исад хи бакæныны тыххæй. Уыцы хъуыддаг дисы баппæрста æнæхъæн театралон æмæхсæнады. Иууылдæр æй зыдтой æгъдауджын, раст адæймагæй. Иууылдæр банысан кодтой, æнæхин кæй уыд  æмæ алкæуылдæр кæй æууæндыд, уый. Куысты финансон фарсмæ кæй нæ цымыдис кодта, уый йæ æркодта æнæсрастгæнгæ фæстиуджытæм. Йæ алыварс адæм не ‘мбæрстой, афтæ куыд рауад, уый. Æмæ æрмæстдæр Зарифæ – Ирон театры сæйраг режиссер, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, Цæгат Ирыстоны автономон областы аивæдты сгуыхт архайæг, УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, УФ-йы адæмон артисткæ, Æппæтуæрæсейон театралон æхсæнады регионалон хайады сæрдар æмбæрста, ахæм уавæры цæмæн бахаудта, уый. Хъуыддаг æрцыд хуымæтæг хæлæгдзинады аххосæй. Йæ театралон стыр æнтыстыты æмæ карьерон рæзт систы йе ‘ппæт фыдбылызты аххосаг. Зын уыд куыстуарзаг, хъаруджын æмæ æгæрон курдиаты хицау Брытъиаты чызгимæ конкуренци кæнын.

«Æппæт бынæттæ дæр бацахста Брытъиаты Зарифæ. Цæмæй йæ раппæрстаиккой, уый тыххæй йыл мысын райдыдтой алыгъуызон цаутæ. Зæгъæм, профессионалон æгъдауæй ахæм бæрзонд æмвæзадыл нæу, цæмæй йæ æдзухдæр размæ кæной. Уыцы ныхæстæн ницы нысаниуæг радтой, уымæн æмæ иууылдæр уыдтой тынг хорз спектаклтæ, кастысты, хъуыстой критикты æмæ сценæмæкæсджыты ‘рдыгæй æппæлæн ныхæстæ. Алыхатт дæр – æн-тыст æмæ аншлаг. Уæд хъуыды кæнын райдыдтой, дарддæр цы æрымысой, ууыл. Æрхъуыды кодтой мæныл цъыф калын», – дзырдта Брытъиаты Зарифæ йæхæдæг.

Фыдзæрдæ адæймæгтæн сæ бон не ссис режиссеры ном счъизи кæнын. Уæд аскъуыддзаг кодтой, уголовон хъуыддаг ыл бакæнын. Æрбарвыстой йæм басгæрст æмæ йæ фæаххосджын кодтой финансты бахардзæй. «Цахæмдæр сылгоймаджы æрбарвыстой, райдыдтой къахын уæдмæ, цалынмæ дзы не ссардтой, зæгъгæ, æхцатæ фæткыл не сты, æмæ мын загътой: ды халыс хъазты уагæвæрдтæ… Уæд ын загътон: «Байхъус мæм, æз ам службæ нæ кæнын, æз æхсæнадон куысты дæн, цæмæн дæ фæнды исты чъизи сласын? Чи дын бахæс кодта?». Бирæ йæ фæфарстон æмæ басаст – загъта мын йæ мыггаг, Кучийы фырт у, зæгъгæ. Уый уыд ацы хъуыддаджы сæйраг адæймаг. «Уый мын загъта, зæгъгæ, хъæуы нæ дæуыл компромат ссарын. Мах æй агурæм æмæ йæ мах ссардзыстæм!», – загъта, басгæрст чи уагъта, уыцы сылгоймаг.

Ревизигæнæг сæххæст кодта йæ хæс. Басгæрсты фæстиуджытæм гæсгæ рабæрæг финансты цухдзинад 70 мин сомæй фылдæры бæрц. Ацы факты бындурыл баконд æрцыд уголовон хъуыддаг. Йæ бахъахъхъæныны тыххæй сыстадысты æрмæст аивады республикон архайджытæ нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æндæр регионтæй йæ коллегæтæ, хæлæрттæ. Уыдон куырдиæттæ фыстой  алыгъуызон инстанцитæм. Советон Цæдисы адæмон ар-тисттæ Василий Лановой, Андрей Попов, Михаил Ульянов, Георгий Товстоногов, Рубен Симонов фыстой генералон секретарь Леонид Брежневмæ тæрхон аивыны тыххæй. Фæлæ республикæйы æмæ бæстæйы разамынад ницæмæ æрдардтой аивады архайджыты куырдиæттæ.

Зарифæйы уырныдта рæстдзинад кæй рабæрæг æмæ фæуæлахиз уыдзæн, уый. Фæлæ рæстæг цыд, хъуыддаджы фæдыл процесс дарддæр кодта. Барæй æрмысгæ фыдракæнды тыххæй Зарифæйæн тас уыд 12 азы ахæстоны фæбадынæй. Зынгæ дагъыстайнаг поэт Расул Гамзатов уыцы рæстæджы уыд Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы уæнг. Зарифæ йæм бахатыд рæстдзинад сбæрæг кæныны куырдиатимæ. Уымæн æмæ уголовон хъуыддаг бакæныны бындур уыдысты æрмæстдæр секретарь-мыхуыргæнæджы æвдисæн-дзырдтæ, фæлæ дзы иу факт дæр раст нæ уыд. Уыдон райстæуыд шантаж æмæ æртхъирæнты фæрцы. Ууыл уый басаст тæрхондоны. Гамзатов рахæцыд Зарифæйы æвварс. Йæ фæрцы ахæстоны фæбадыны æмгъуыд фæкъаддæр кодтой 4,5 азы онг. «Худинаг хъуамæ уа æппæт ирон адæмæн,  ахæм сылгоймаджы æрцахсын кæй бауагътой, уый тыххæй!», – загъта поэт.

Брытъиаты Зарифæ ахæстоны арвыста цыппар азæй чысыл фылдæр. «Хорзæй дзы ницы уыд. Æниу мæм ахæстоны къухдариуæгад хорз ахаст дардта. Иууылдæр мæ фарстой: «Цæмæн дæ ам?». Æз-иу сын сдзуапп кодтон: Бафæрсут Цæгат Ирыстоны. Ничи йæ æмбæрста ахæстоны мæ цæмæн сбадын кодтой, уый. Аххосаг та уыд  хæлæгдзинад».

Брытъиаты Зарифæйы куы сæрибар кодтой, уыцы бон æм æрбацыдысты йæ хæлæрттæ, æввахс адæймæгтæ, кæцытæ йыл сæхи нæ атигъ кодтой, нæ фæтарстысты хицауады ‘рдыгæй бафхæрынæй. Ракодтой йæ изæры. Йæ хæлæртты ныхæстæм гæсгæ, сæм Зарифæ бахатыд, цæмæй йæ райхъал кæной Цæгат Ирыстонмæ бацæуæны. Йе ‘мбæлттæ йæ нæ райхъал кодтой фынæй кæй кодта, уымæ гæсгæ. Цалдæр сæдæ метры райгуырæн зæххыл куы ауадысты, афтæмæй æвиппайды йæхæдæг фехъал æмæ ныхъхъæр кодта: «Бауромут машинæ!». Рахызт, цæссыгкалгæ æрхауд йæ зонгуытыл,  систа армыдзаг сыджыт æмæ бафарста: «Цæй тыххæй мæ бафхæрдтай, райгуырæн Ирыстон?».

Уый рацард ирд æмæ трагикон цард. Ахæстоны тухитæ бандæвтой Зарифæйы æнæниздзинадыл. Йæ царды фæстаг азты бакуырм æмæ уыд уатон. Фæлæ йæ уæддæр æнæрастдзинад нæ асаста. Не сфыдзæрдæ, нæ фесæфта йæ адæймагдзинад. Йæ адæмæн та  баззад, цахæмæй йæ зыдтой, ахæм стыр Брытъиаты Зарифæйæ.

Стыр сылгоймаг цардæй ахицæн 2001 азы 29 августы 82-аздзыдæй.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.