1-æм мартъийы райгуырд стыр поэт Хаджеты Таймураз

Ӕнӕхъӕн царды размӕ, ивгъуыд ӕнусы ӕвдайӕм азты, фӕсхохӕй ӕрыхъуысти, зӕрдӕйы уидӕгтыл чи ӕмбӕлди, уды тарфы бӕрзонд сӕнттæ  чи хъал кодта, йемӕ ӕнахуыр уӕлтӕмӕнгӕнӕг рухс чи хаста, ахӕм зарӕг, ӕмӕ йӕм мах, уӕды литературон фӕсивӕд, цымыдисӕй ныхъхъуыстам.

Йӕ кӕлӕнгӕнӕг мыртӕм-иу цӕстыты раз куы айнӕг къӕдзӕхтӕ февзӕрд, куы – хосгӕрдӕн тъӕпӕнтӕ, куы – ӕвӕлмон ӕмӕ ӕвӕлмас горӕт, куы – ӕнӕхин хъӕууон царды нывтӕ; фӕйлауӕнтӕ кодта денджыз, тындзыдтой фыдуаг цӕугӕдӕттӕ; хъуысти бӕхы хуыр-рытт, поезды цъӕхахст ӕмӕ адӕмы дзолгъо-молгъо; зӕрдӕ агайдтой ӕвзонг уды сагъӕс, йӕ мидхъуырдухӕнтӕ, йӕ рис ӕмӕ уарзт.

Кӕрӕдзийы къухтӕй скъӕфӕгау кодтам ӕмӕ зыдӕй кастыстӕм ӕмдзӕвгӕты къаннӕг ӕмбырдгонд, “Фараст барӕджы”, зӕгъгӕ, ахӕм сӕргондимӕ, йӕ автор – Хаджеты Таймураз. Авторы ном не ‘ппӕтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ уыд, никуы йын федтам йӕхи дӕр, фӕлӕ нын уыйхыгьд йе ‘мдзӕвгӕтӕ та тырысайау систы.

 

“Ехх, кӕд зæрдӕйы фыдрыстӕн

Ис ӕвдадзы хос – бынат?..

Ир, мæ урс хъыгты Ирыстон,

Цӕстытыл æфтауы арт».

 

«Хауынц рындзæй комы кæхцмӕ дуртӕ,

Уый дӕр сӕм йӕ риуыгуыдыр дары.

Хох – чъынды лӕг, саст къӕйдуры муртӕ

Арӕхстгай йӕ фӕдджитӕм ӕвзары»

Загъдӕуыд, ӕппӕты хуыздӕр дзырдтӕ, дам, ӕппӕты хуыздӕр фӕткыл куы равӕрай, уӕд уый у Поэзи. Чи зоны, афтӕ дӕр у, фӕлӕ ма уыимӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ уа, уырзӕй бавналӕн нӕ, фӕлӕ, зонд кӕй нӕ ахсы ӕмӕ зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ноджы ахӕм ӕбӕрӕг цыдӕр. Ӕвӕццӕгӕн, нӕ фыдӕлтӕ Хуыцауы комытӕф уый хуыдтой. Ӕвӕццӕгӕн, сӕйрагдӕр уый кӕны афтӕ зӕрдӕскъӕфгӕ Хаджеты Таймуразы сфӕлдыстад, ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ адӕймаг сагъдауӕй уымӕн аззайы.

 

Горӕт аныгъуылд мигъы,

Тар ӕууилы йæ рӕстӕджы хай.

Max, хъӕдласӕджы дзоныгъау, уигъы

Афтид трамвай.

Зӕрдӕ – донгуырӕн абон.

Ног уым абухы цардӕн йӕ хин.

Ды – мӕ фӕстиат амонд –

Ма уадз уарзын дӕхи.

Ӕмдзӕвгӕйӕн йӕ рӕсугъддзинадыл нӕ дзурдзынӕн – ӕнӕхъӕнӕй дӕр зарӕгау у, фӕлӕ дзы кӕй ӕрхастон, уыцы кадавар аст рӕнхъы дӕр диссаг сты: фаг разындысты адӕймаджы хъысмӕт, йӕ удыхъӕд ӕмӕ йӕ мидхъуырдухӕн равдисынӕн. Драмон уавӕр ноджы уӕззаудӕр кӕны ӕддаг ӕууӕлтӕй: мигъ, трамвайы афтид ӕмӕ йе ‘нахуыр цыд (хъӕдласӕджы дзоныгъау). Фӕстаг фӕлгонц уыцы иу рӕстӕг банысан кӕны лирикон хъайтары социалон уидӕгтӕ дӕр ӕмӕ уый фӕрцы, ӕмткӕй райсгӕйӕ, фӕтыхджындӕр вӕййы уацмысы эмоционалон ахадындзинад.

Кӕд Поэты дунейы йӕ райгуырӕн Ирӕн сӕрмагонд бынат ис (“мӕ зӕрдӕйы уарт”), уӕддӕр йӕ зӕрдӕ нӕ быхсы адӕмты ӕхсӕн арӕнтӕн (“арӕх мӕ тавта ӕцӕгӕлон арт”) ӕмӕ ныфсхастӕй фӕзӕгъы: “Гъей, ды, ӕнӕзонгӕ! Хъусут, знагӕй, хӕларӕй! Ӕз дӕн адӕмтӕн се ‘ппӕты фырт”.

Раст у, Поэты удыхъӕды тыххӕй йе ‘мдзӕвгӕтӕй хуыздӕр ничи зӕгъдзӕн: “Уыд мӕ царды ӕппӕтдӕр хуымӕтӕг: Хордтон ногдзыд пысыра цӕххимӕ. Уӕлвӕз цӕндты сӕрӕй хуымӕллӕг ӕз бӕгӕныйӕн хастон нӕхимӕ. Изӕр хъарм галты астӕу бадтӕн Бӕрзы урс зӕнджы рухсмӕ кӕрты”; “Уарзтон хуримӕ уарыны найын, Нозтон мӕимӕ ‘хсыр мӕ худӕй”.

Нывы: Агънаты Гæстæн, Хаджеты Таймураз, Кокайты Тотрадз.

Фӕлӕ раст у уый дӕр, ӕмӕ, дзырд табуйаг кӕмӕн у, уый никуы бафӕллайдзӕн Хаджеты Таймуразы сфӕлдыстадыл дзурынӕй. Ӕгӕрон ӕнӕхӕрд бӕстӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы литературӕиртасджытӕм, Поэты ӕмдзӕвгӕтӕй та бирӕты зарджытӕ суӕвынмӕ бирӕ нӕ хъӕуы. Фӕлӕ поэт уыдӕттӕ нал фендзӕн, мӕнӕ ацы ног чиныг куыд нал фендзӕн, афтӕ. Йӕ фыссӕн стъолыл баззадысты йӕ ног уацмыстӕ – ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ тӕлмацтӕ, йӕ хорз хӕлӕрттыл зӕрдӕхӕлар мӕс-тӕймарӕнтӕ. Чи зоны, кӕцыдӕртыл ма дзы йӕ зӕрды акусын уыд, фӕлӕ…

 

Ӕмгъуыд бонӕй раздӕр ӕвӕрын мӕ уаргъ,

Ныууарыди залты мит царды ӕфцӕгыл…

Мæ тухиты фӕндаг цыбыр уыди, даргъ,

Поэт лӕг йæ бӕхæй ӕрхизы рӕстӕгыл!..

Ӕмӕ кӕд нӕ базыдтон арвау нæрын,

Мӕ рифтаг фыдӕнхъӕл у амондӕй, кадӕй,

Рӕстудӕй мын бантыст, бӕласау, цӕрын,

Зæххон царды адджинаг банызтон адӕн…

Ӕмӕ-иу мыл ма ку!.. Мӕ царды ӕдде

Мæ уарзт ӕмӕ де ‘рвон хуыз уадзын мӕ фӕстӕ;

Фыдох уацыл ма ‘ууӕнд – фӕсайдта дӕ тел:

Поэт та йӕ ног балцы араст ӕрмӕстдӕр!..

Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ у, мыййаг? Ӕндӕра уӕд дунейы фӕтк бӕлвырдбӕрӕг ницӕмӕй фӕивтаид?!

Фыццагау хъӕддаг Кӕрдо урс дидин калы Къуыдары;

Ӕхсӕв – Ручъы урсгуыр ӕхсӕрдзӕнтӕй урс, ӕмӕ йӕ уӕрагыл, сабийау, ӕрфынӕй вӕййы Бон; Фӕззӕг – цӕрмыстыгъд фиуы бурау, Иры бӕрзонд рӕгътыл ӕм ӕрхъуызы урс гӕды – Зымӕг, ӕмӕ Зымӕджы урс риуыл, Алӕмӕты фӕлындӕнау, фӕсудзы Уагъылы…

КОСТЫ Лизæ

 

 

***

…Поэтӕн йӕ уаз мӕт “адӕмы нӕргӕ цин” куы свӕййы, уӕд уый у ӕцӕг адӕмон поэт. Хаджейы-фыртӕн уыцы ном нӕ радтой. Уӕвгӕ йӕ ныгӕнӕн бон, ныййарӕг мадау цы зӕххы уарзта, уымӕй йын хай нӕ разынд нӕ горӕты ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ногиры уӕлмӕрдты. Хъыгагӕн, иуӕй-иухатт нӕ разагъды лӕгтӕн ахӕм “кад” дӕр скӕнӕм.

Адӕймаджы хуыздӕр ӕнкъарӕнтӕ баст сты йӕ ныййарӕг мадимӕ. Ныййарӕг мад та хъӕбулӕн у йӕ царды райдиан. Фыццаг къахдзӕфӕй зӕронды бонмӕ йӕ зӕрдӕйы рӕсугъдӕй кӕй хӕссы, уыцы стыр хӕзна ӕмӕ йӕ никуы рох кӕны. Таймуразӕн та йӕ ныййарӕг мад у нӕ Ирыстон, нӕ Ир.

 

Мæ чысыл Ир! Ӕз дæp дæ фырт дæн!

Ӕдæрсгæ сдзурын мæ фæнды.

Мæ рухс бӕллицтимæ фӕзындтæн

Ирон куыстдзагъд лæджы кæрты.

 

Ӕмӕ-иу мын ысдӕрдта ног мæй

Кӕддæр мæ саст авдӕны хъæд.

Дæ зӕххыл мæ фæндыдис сонтӕй,

Сосланау, уадзын арвыл фæд.

 

Сырдтон-иу сабийæ фыдрасыг

Тæхгæ дымгæйы зилгæ рыг;

Уыдтон, куыд калдта ‘хсæвы талынг

Нæ хуымтыл сусӕггаг цæссыг.

 

Фыдæлты намысæн йæ дзырддаг:

Ирон фæдæ, уæд у фӕрнæй;

Ӕфсарм – дæ ном, лæгуарз – дæ мыггаг,

Ӕндæртыл баивæн сæ нæй.

 

Зыдтон, хъызт боны уад куыд симы,

Зымæг нæ къулхæдзар куыд рызт.

Лæджы зынæвзарæнты чиныг

Мæ къахвӕндӕгтыл разынд фыст.

 

Ӕз хæрзтæй равзæрстон лæгдзинад –

Фæнды мæн самонын хъӕрæй

Фыдæлты зард. Сæ ныфс – зæрин саг,

Мӕн сайы урс хæхты сæрæй.

скуыддзаг  ГТРК «Алани»-йы

литературон-музыкалон радиокомпозицийæ.

Автор æмæ æххæстгæнæг

АБАЙТЫ Маирбег

 

 

ГАБУТЫ Хазби

 

ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗӔН

 

Мӕ саг ӕфсымӕр! Цом Къуыдармӕ! –

Дӕ хъӕу фӕмысыс ‘мӕ йӕ фен.

Лӕууы ма дзы дыууӕ хӕдзары, –

Вӕййы дзы пецты арт цырен.

 

Мӕ хъӕу та – Замтарет, ды алкӕд

Кӕй хоныс Джусойтыхъӕу, уым

Мӕ хо йӕхи уагъд хорз арахъхъӕй

Уыдзӕн нӕ дыууӕйӕн фысым.

 

Цӕуӕм! Сӕрдыгон тар ӕхсӕвы

Нӕ цъаламӕ ӕрцӕудзыстӕм

Ӕмӕ тӕлтӕг доны сӕр-сӕры

Уынӕрмӕ уым ныззардзыстӕм.

 

Уым хи зӕххыл фыдыбӕстӕйӕ

Ӕмдалынг сау тары иппӕрд.

Ӕмыр хъӕдрӕбынӕй нӕ хъӕумӕ

Фӕхъусдзӕн дард зарӕджы зӕлд.

 

Ӕнӕнхъӕл цау уыдзӕн ӕхсызгон

Хъӕубӕстӕн – талынджы ныгъуылд.

Нӕ иувӕрсты та Хъламуры дон

Кӕндзӕн йӕ сыбар-сыбур лыгъд.

 

Уым хиды уӕле, ‘рдхорд ӕмбӕлттӕ,

Нӕ фаг фӕзардзыстӕм дзӕбӕх.

У Замтарет мӕ фыдыбӕстӕ,

У Тамаджын дӕ фыдызӕхх.

 

Ӕмӕ ныззарыд! Цардхӕтӕнты

Цы фесӕфт, уыдон гас кӕнынц.

Хъӕубӕстӕм уыцы талынг ӕрвты

Йӕ зӕлтӕ удӕнцой хӕссынц.

 

Цыма ныр та хӕххон рӕу тары

Кӕй зардмӕ байрайы йӕ хъӕу?

Йӕ бӕстӕм ‘рыздӕхгӕ, Къуыдары

Кӕй ӕрдхорддзинад рохгонд нӕу?

 

Ӕмбалы гадзрахатӕй тарды.

Дӕрдцаг бӕстӕты чи хӕтыд.

Фӕстӕмӕ ‘рцӕугӕ, ‘хсӕвы тары

Йӕ хъӕуӕн чи ‘рвиты рӕвдыд?

газ. “Хурзӕрин”, 17.08.2002, №64

 

 

ДЖУСОЙТЫ Георги

 

ЦЫРАГЪАУ БАСЫГЪДИ ЙӔ ЗӔРДӔ

 

Ӕрцыд ын нал бантыст йӕ кӕртмӕ

Йӕ хохы хӕдзарӕй, йӕ уд

Къостайау атахти дзӕнӕтмӕ,

Дӕуӕй ӕнӕрӕвдыд, нӕ дуг!

 

Ӕмӕ ма уый уӕлдай поэты

Мӕрдтӕм ныррӕхуыстой мӕнгард,

Къуыдарӕн, дам, сӕ уӕлмӕрд Леты

Зӕгъы нӕ иухатты “Цӕгат”.

 

Бынат тъӕпӕн хъӕуы зынгӕ ран

Ӕрмӕст ма “Ног ирӕттӕн” ис.

Ӕмӕ Таймураз уым куы нӕ уа,

Уӕд-иу ыл ма фӕкӕнут дис.

 

Нӕ мыггаг, ‘ркъул кӕнут уӕ сӕртӕ,

Нӕ гуырдтӕй иу хуыздӕр фӕхъуыд.

Цырагъау рухсӕн сыгъд йӕ зӕрдӕ,

Аккаг ын аргъгӕнӕг нӕ уыд.

 

Сымах та, абоны “уӕздӕттӕ”,

Уӕ фӕздӕгӕй ӕхгӕнут хур.

Нӕ цӕуы лӕг куыдзау уӕ фӕстӕ,

Уӕд ыл мӕрдтӕм дӕр згъалут дур.

Уӕ иу нӕ бахаста йӕ сӕрмӕ

Поэтыл авӕрын йӕ къух,

Нӕ бахызт иу дӕр уӕ йӕ кӕртмӕ,

Уӕ иу дӕр ын нӕ загъта рухс.

 

Ӕмӕ, кӕд ис Хуыцау, йӕ разы

Кӕддӕр уӕ дзуапп дӕттын хъӕудзӕн.

Уӕ митӕ бардзӕн уын тӕразыл…

Ӕви нӕ фӕнд кӕнут мӕрдтӕм?

 

Нӕ мыггаг ‘ркъул кодтой сӕ сӕртӕ,

Таймураз, ма тыхсӕд дӕ уд!

Сымах та, о, ныры “уӕздӕттӕ”,

Уӕхиуыл рагацау кӕут!

газ. “Фидиуӕг”, 26.07.1997

 

Æрмæджытæ ист сты Таймуразы

тыххæй чиныг «Æрдхæрæны зарæг»-æй

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.