Стæм адæймæгтæ сты, зæххыл дыууæ цардæй цæрыны амонд кæмæ æрхауы. Ахæмтæн се `цæг дунемæ ацæуыны фæстæ дæр сæ бакæнгæ хъуыддæгтæй сæ нæмттæ фæцæрынц фæлтæрæй фæлтæрмæ. Ацы хъуыддаджы стыр амонд æрхауд нæ фысджыты хистæр фæлтæры минæвар, зынгзæрдæ поэт, прозаик æмæ курдиатджын драматург Хацырты Сергеймæ. Стæм разындзæн Иры фысджыты æхсæн, йæ амæлæты фæстæ Хуссар æмæ Цæгаты дæр, йæ зарджытæ сценæйæ кæмæн зæлланг кæнынц. Уыдонæй иууыл популярондæр сты «Горæты фембæлдтæн чызгыл», «Донласæг», «Дзæбидыртæ» æмæ бирæ æндæртæ. Адæм абон дæр не ‘фсæдынц уыцы зарджытæм хъусынæй.

Йе `мдзæвгæты æмбырдгонд “Фæндаджы фарн” мыхуыры рацыд 1988 азы. Уæдмæ дæр Хацырты Сергей уыд цалдæр прозаикон æмæ драмон  чингуыты автор, фæлæ йын, цæмæдæр гæсгæ, уæлдай æхсызгондзинад æрхаста йе ‘мдзæвгæты фæзынд. Уыцы чиныджы йын мыхуыргонд æрцыдысты, йæ зæрдæ иууыл тынгдæр кæуыл дардта, уыцы æмдзæвгæтæ, уæлдайдæр та йæ лирикон æмдзæвгæтæ.

Сергей æрдзæй рахаста йæ диссаджы курдиат. Литературæйы нæ баззад иунæг ахæм къабаз дæр, уый йæ тыхтæ кæм нæ бафæлвæрдта. Уæдæ прозæйæ зæгъай, драматургийы, публицистикæйы, тынг арæхст аивадон уацмысты царды алы фæзындтæн анализ кæнынмæ…

Йæ драматикон уацмыстæн сæ фылдæр фыст сты стихтæй, ома, поэзийы æвзагæй. Йæ пьесæтæ та мыхуыры рацыдысты 1956 азы “Ирон пьесæтæ”, зæгъгæ, ахæм номимæ. Сергейы драмон уацмысты æнтыст та ис уый мидæг æмæ сæ сюжеттæ сты цардæй ист. Уый хорз зыдта, адæм цæмæй цæрынц, цæмæй улæфынц, уыцы лыстæг фæзилæнтæ æмæ сæ йæ уацмысты арæхстгай пайда кодта.

Прозæйы жанры дæр Сергей уыд тынг курдиатджын. Йæ фыццаг роман “Хæзна”-йы автор  равдыста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ азты колхозон хæдзарадтæ куыд æндидзыдтой. Цы дыууæ колхозыл дзырд цæуы, уыдон басастой ног зæххытæ, бахуым сæ кодтой, байтыдтой сæ, дон сæм рауагътой æмæ дыууæ дæр райстой хъæздыг тыллæг. Романæн йæ ном ”Хæзна”дæр уымæн рахуыдта.

Фæстæдæр Сергей ныффыста йæ зындгонд роман “Хæхты фæдисон”. Ацы романы архайд цæуы 1905-1907 азты Ирыстоны зæххыл сæрибары сæрыл тохтæ куы цыдис. Романы сæйраг архайджытæ сты Хацырты Олгъа æмæ Хуыбиаты Уасо. Уыдон уыдысты реалон адæймæгтæ. Романы архайджытæ цæттæ сты сæрибары сæрыл сæ удтæ нывондæн æрхæссынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы уæззау рæстæджыты Уæрæсейы паддзах æппæтдæр сарæзта, цæмæй куынæг цыдаиккой сæрибары сæрыл тохгæнджытæ. Ахæм хъысмæт баййæфта Дриаты Антъоны дæр. Уый æнгузы къалиуыл бабастой æмæ йæ æвирхъау мардæй амардтой.

Роман “Хæхты фæдисон”-ыл чиныгкæсæг сæмбæлд тынг æхсызгонæй. Уый цыд къухæй къухмæ. Уый фенгæйæ Сергей бацархайдта æмæ стырдæр тиражæй мыхуыры рацыд Мæскуыйы уырыссаг æвзагыл “Тревога”, зæгъгæ æмæ дзурæг у фыссæджы сфæлдыстадон æнтыстыл.

Чиныгкæсджытæ зæрдиагæй сæмбæлдысты Сергейы уацау “Алæмæт”-ыл дæр. Романы сæйраг хъайтартæ Алæмæт æмæ Азæмæт сты царды дидинджытæ, сæ базонгæйы сахатæй суанг кæронмæ ацы дыууæ æвзонг уды зарæг зæланг кæны чиныгкæсæджы зæрдæйы.

Йæ иннæ уацмысты хъауджыдæр, Хацырты Сергейы лирикон зæрдæйы комулæфт  иууыл тынгдæр разынд йæ чиныг ”Царды фæндæгтыл”. Уым цы радзырдтæ æмæ уацаутæ ис, уыдоны тынг разынд авторы удысконд. Сергей-иу цы уацмыс хъуамæ ныффыстаид, уымæ-иу йæхи развæлгъау кæй бацæттæ кодта, уый бæрæгæй разынд йæ уацау “Мила”-йы. Ам цæрæгойы удысконд афтæ сахуыр кодта æмæ чиныгкæсæг хъуыдытыл фæвæййы, зæгъгæ, Мила куыдзы ном хæссынæн тынг æвгъау у. Ахæм æмбаргæ цæрæгойыл адæймаг æрмæстдæр аргъæутты фембæлы.

Хацырты Сергейы уацмыстæ кæсгæйæ адæймаг хаты цахæмдæр стыр эмоционалон тых, стыр зæрдæйы æндæвд. Уый та уымæн афтæ у æмæ йе ‘мдзæвгæтæ райгуырынц æцæг поэтикон æнкъарæнты фæстиуæгæн. Семæ рахастой поэты судзгæ зæрдæйы цæхæр. Йе ‘мдзæвгæты ирдæй архайы адæймагæн цард бауарзын кæныныл, ныфсхастдзинад æмæ зæрдæйы тых радтыныл.

Æмæ, абон кæд не ‘хсæн нал ис, уæддæр уалдзæджы фыццаг бон, йæ райгуырæн боны, нæ зæрдыл æрлæууы йæ рухс ном.

      БЕСТАУТЫ Валя

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.