10-æм апрелы 80 азы сæххæст Одессæйы  ссæрибар кæныны боныл. Сау денджызы былыл ацы горæт фашисттæм амынæты уыд дæргъвæтин æртæ азы дæргъы. Сырх Æфсады легендарон хæстонтæн сæ бон ссис горæты оккупантты дзæмбытæй æрмæст ратонын нæ, фæлæ ма йæ бахъахъхъæнын дæр – бирæнымæц бæстыхæйтты цыбыр рæстæгмæ асыгъдæг кодтой немыцаг минæтæ.

1941-1944 азты Одессæйы

Одессæйы размæбырсæн операци аххæссыд 26 мартæй 1-æм апрелы онг. Горæты штурм сæххæст кодтой æхсæвы  9 апрелæй 10-æм апрелмæ. Операцийы рæстæджы ныппырх кодтой 6-æм немы­цаг æмæ 3-æм румынийаг æфсæдты. Знæгтæй фæмард 27 мин адæймаджы, амынæты ракодтой 11 мин адæймаджы. Ныхмæлæууæг фесæфта 952 хæцæнгарзы, 443 танкæйы æмæ штурмгæнæн хæ­цæн­­гарзы, хæстон æрмæджытæ æмæ хæлцадон продукттимæ 95 æфта­уц­доны.

«Фюреры фидар»

Одес­сæйы немыцаг-румынаг æф­сæд­тæ бацахстой 1941 азы октябры мæйы. Цæрджытæ сæ горæт удуæлда­йæ хъахъхъæдтой 73 боны дæргъы. «Фюреры фидар»-æй уымæн рахуыдтой æмæ фашисттæ горæт-портæн лæвæр­дтой ахсджиаг стратегион нысаниуæг. Горæт сæ баста Хъырымимæ. Æдæп­пæтæй немыцаг-румынаг къорды уыдис 350 мин салдаты бæрц, 3,2 мин хæцæн­гарзы æмæ минæзгъалы, 160 танчы æмæ 550 хæдтæхæджы.

Сæ ныхмæ лæууыдысты 3-аг укра­инæйаг фронты æфсæдтæ уæлæмхас тыхты æххуысæй. Командæ сыл кодта одес­сæйаг инæлар Родион Малиновский. Уыдис сæм 470 мин хæстоны, 400 танчы бæрц, 12 мин сармадзаны æмæ минæз­гъалы, 400 хæдтæхæгæй фыл­дæр. Æфсады размæбырстæн ныхдур­тæ æвæрдта бынаты рельеф. Сæйраг ныхдур та сын уыд цæугæдон  Южный Буг. Хъуыдис сæ йæ сæрты хизын. Уы­имæ уыцы уалдзыгон бонты уыд тынг æв­зæр боныгъæдтæ.

 

Кардæлвæстæй

Фæлæ советон æфсæдтæ хъæбатырæй тох кодтой знæгты ныхмæ. Маршал Василий Чуйков йæ мемуарты  куыд фыста, афтæмæй сидт «Разæй ис Одессæ», зæгъгæ, арæзта æнахуыр дис­сæгтæ. Салдаттæ цыдысты астæумæ цъы­фы, ихджын доны. Немыцаг командæ­кæнынад уый æнхъæл нæ уыд æмæ советон æфсæдтæн цыбыр рæстæгмæ сæ бон кæй суыдзæн ахæм æрдзон уæз­зау ныхдурты сæрты ахизын.

Æмæ ам уæлдай нысаниуæг уыд инæлар Плиты Иссæйы бæхджын-ме­ханизацигонд къордæн. Схуыдтой йæ «лæбурæг рейдты дæсны». Стыр Фы­ды­бæстæйон хæсты рæстæджы ахæм дæлхæйттæ сæхи равдыстой тынг хорз, арæз­той рейдтæ ныхмæлæууæджы фæс­чъыл­дыммæ дæр.

Одессæмæ фæндагыл Плиты Иссæ­йы бæхджын-механизацигонд къорд ба­цах­ста цалдæр ахсджиаг объекты, уыцы нымæцы æфсæнвæндаджы станц «Раз­дельная» æмæ донтæрæн, кæцы ифтонг кодта Сау денджызы порты – фашисттæ йæ хъуамæ спырх кодтаиккой фæс­тæмæ куы алæууыдысты, уæд. Уæлдай вазыг­джындæр рæстæджыты, хæстон­тæн-иу фырфæлладæй сæ бон куынæуал уыдис, уæд-иу Плиты Иссæ йæхæ­дæг атакæйы акодта бæхджын æф­сады. Арæх-иу бацыдысты къухæй тох­ты дæр. Кубайнæгты æхсаргæрдтæй фашисттæй бирæ фæмард.

«Инæлар-булкъон Шернер нæ æн­тыс­­тджын архайдтытæм æрра кодта æмæ нæ цæмæй æрурæдтаиккой, уый тых­хæй нæ ныхмæ ракодтой штурм­гæнæн авиаци. Æртæ сахаты дæргъы нæ алыварс зæхх æнкъуыст авиасармадзантæ æмæ пулеметты ниуынæй, бомбæты срæмыгъдтытæй. Зæхх хъæр­зыдта. Уæды онг арæх нæ уыдтон зна­джы авиацийы ахæм ныхмæлæуд», – фыс­та Плиты Иссæ чиныг «Разгром «ар­мия мстителей»-йы. Фæлæ никæмæн суыдаид йæ бон ацы  бæхджын æфсады бауромын.

Æмæ мæнæ 8-æм апрелы Плиты Ис­сæ тел райста генералон штабы хистæр Ал­ександр Василевскийæ ахæм бар­дзырдимæ: «…Æнæнхъæлæджы ата­кæ­йы фæрцы фæсчъылдымæй бацах­сут Одессæйы». Ацы атынд хъуамæ суыдаид ныгуылæнæй Одессæйы штур­мы райдианы сигнал. Размæбырсты раз­мæ хъазахъхъæгтæн сæ къухты бафтыд Одессæмæ развæдсгарæн къорд арви­тын æмæ партизантимæ хи сбæттын. Зын­дгонд уыд, фæстæмæлæууæг ги­тле­ронтæ давтой хæдзæртты, тыхми код­той сылгоймæгтæн. «Хъуыдис тагъд кæнын одессæйæгтæн баххуыс кæнынмæ», – фыста Плиты Иссæ.

Бæхджын-механизацигонд дæлха­йæн уæлдæфæй хъуамæ æххуыс код­таид 9-æм хæццæ авиакорпус инæлар Тол­с­тиковы командæйæ. Фæлæ фæс­тæ­дæр уый куыд банысан кодта, афтæ­мæй аэродромтæ кæй нæ бæззыдысты, аф­тæ ма æвзæр боныгъæдты аххосæй тæхджытæн сæ бон не ссис æмбæ­лонæй баххуыс кæнын. Знæгты авиаци та æппынæдзух æхста советон æф­сæд­ты.

Атакæ сæ кодтой алырдыгæй дæр. «Раз­мæ нæ алы къахдзæф дæр нæ къухты æфтыд зынг æмæ тугæй. Нæ хæ­цæн фæрæзтæ иууылдæр куыстой, æгæ­рыстæмæй, сæ хæтæлтæ дæр дон кодтой. Хæцæнгæрзты æппæт хуыз­тæй, уæлдайдæр та артиллерийы шра­пелон æхстæй комкоммæ дæрæн код­там знæгты хæйтты», – фыста йæ мысинæгты Плийы фырт.

Æмæ мæнæ, æппынфæстагмæ, скъуыд­­­дзаггæнæн атакæ. «Бæхджын æф­сады дивизитæ тохы рæстæджы слæу­уыдысты иу эшелоны, æмæ размæ ракодтой æппæт танкæты дæр, хæд­дзæ­угæ ифтонгад, артиллери æмæ, æгæ­рыс­тæ­мæй, санитарон эскадронтæ дæр. Иу дзырдæй, иууылдæр сæхи аппæрс­той размæ… Иу уысммæ бæхджынтæ схæццæ сты ныхмæлæууæджы салдат­тимæ æмæ быдыр уайтагъд байдзаг ис гитлеронты мæрдтæй. Уый фæстæ ба­быр­стам Одессæйы уынгтæм», – дзыр­д­та Плиты Иссæ.

Уæдæ бæрæг куыд у, афтæмæй Одес­сæ ссæрибар кæныны операцийы стыр нысаниуæг уыд Плиты Иссæйы хъæ­батыр æмæ удуæлдай архайдты­тæн. 1944 азы 10-æм апрелы горæт ссæри­бар кæнынæй цалдæр боны фæс­тæ Плийы фыртæн ацы æнтыстджын операцийы тыххæй лæвæрд æрцыд Со­ве­тон Цæдисы хъайтары ном.

Сырх Æфсад æмæ Плиты Иссæйы сгуыхтдзинад 80 азы размæ

Уæлахизы сæраппонд Мæскуыйы уыд салют. 324 хæцæнгарзæй 24 хатты сарæзтой артиллерион æмæхстытæ. Горæт ссæрибар кæныны рæстæджы уæлдай хъæбатырдæрæй сæхи чи рав­дыстой, уыцы 27 баиугæндтæ æмæ хæйттæн лæвæрд æрцыд цытджын ном «Одесские», зæгъгæ. Горæты сæрыл тохты хъæбатырдзинад чи равдыста, уыдонæй 14 адæймагæн саккаг кодтой Советон Цæдисы хъайтары нæмттæ. Дыууæ мин адæймагæй фылдæр хор­зæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй.

1945 азы 1 майы Уæлдæр командæ­гæнæджы бардзырдæй Одессæ расидт æрцыд горæт-хъайтарæй. Немыцаг-фашистон тыхæйисджыты ныхмæ тохы рæстæджы одессæйæгты равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй 1965 азы 8-æм майы Советон Цæдисы Уæлдæр Со­веты Президиумы барамындæй горæт Одессæ хорзæхджын æрцыд Ленины ор­ден æмæ «Сырх Стъалы»-йы майда­нæй.

Стыр хъыгагæн, та абон ногæй ба­хъуыд горæт Одессæйы ссæрибар кæ­нын. Ныр та украинæйаг фашисттæй. 80 азы размæ Стыр Фыдыбæстæйон хæс­ты рæстæджы кæронмæ не стыдтой фашист Бандерайы уидæгтæ æмæ та сæ сæртæ сдардтой. Уæрæсейы та бахъуыд ногæй фашизмы ныхмæ тох кæнын. Сæрмагонд æфсæддон операцийы Бандерайы фæдонты ныхмæ уы­рыс­­саг хæстонты æмрæнхъ удуæлдай тох кæнынц ирæттæ дæр. Ныридæгæн дзы æртæйæн саккаг кодтой Уæрæсейы хъайтары нæмттæ. Ныфс нæ ис, ацы хатт фашизм кæронмæ куынæг кæй æрцæудзæн, уымæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.