Кæддæриддæр сфæлдыстадон адæймæгтæ вæййынц паддзахады æмæ æхсæнады монон рахæцæнтæ, национ культурæ чи дарддæр кæны, ахæмтæ. Аивадæн чи табу кæны æмæ йæ царды ахсджиаг кæмæн свæййы, ахæм курдиатджын адæймæгтæ Хуссар Ирыстоны сты бирæ. Уыдонæй иутæ сæ цард снывонд кодтой аивадæн, иннæтæ та ныртæккæ слæууыдысты ацы фæндагыл æмæ йыл цæуынц уæндонæй. Уыцы курдиатджын гоймæгтæй сæ иу у нæ горæты цæрæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, арттыгъдад «Южный портал»-ы организатор Джиоты Къоста.

Ныр цалдæр азы дæргъы Къоста мынæг кæнын нæ уадзы культурæ æмæ аивæдты центр «Южный портал»-ы сфæлдыстадон архайд. Джиойы фырт  æнтыстджынæй каст фæцис горæт Самарайы культурæйы институт æмæ уæдæй абонмæ йæ зæрдæ нæ ивы йæ профессийыл.

Цалдæр азы размæ Къоста æввахс базонгæ ис Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон баиугæнд «Портал»-ы организатортæ æмæ сæ архайдимæ. Тынг фæцыдис йæ зæрдæмæ æмæ сфæнд кодта, йæхийау сфæлдыстадон æмхъуыдыгæнджытимæ Хуссар Ирыстоны дæр ахæм æнгæс культурæ æмæ аивæдты центр бакæнын, ома, цæмæй сфæлдыстадон фæсивæдæн фæзындаид, сæ ног идеятæ æмæ сæ курдиат кæм дих кодтаиккой кæрæдзийæн æмæ æндæртæн дæр ахæм фæзуат.

Уæдæ цы у «Южный портал»?

Уый у фæсивæдон интерактивон арттыгъдад сфæлдыстадæн, концерттæ æмæ алыгъуызон изæртæ уадзынæн, мастер-къластæн, лекцитæ æмæ равдыстытæн. Ацы хæрзиуæгон культурон хъуыддагæн æвзæрст æрцыд, бирæ азты дæргъы æдзæллаг уавæры чи уыд, ахæм агъуыст нæ горæты Ирæтты уынджы.

Ныртæккæ ацы культурæ æмæ аивæдты центр цы уавæрты кусы æмæ сæм цавæр пълæнттæ ис, уый базоныны тыххæй Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центрмæ хуынд æрцыд Джиоты Къоста. Уый, фыццаджыдæр, журналистты зæрдыл æрлæууын кодта «Южный портал» куыд сырæзт, бæстыхайы арæзтады цалцæггæнæн куыстытæн сын чи баххуыс кодта æмæ ма саразинаг цы ис, уыдæттæ.

«Мах арæх ауадзæм сфæлдыстадон мадзæлттæ: концерттæ, равдыстытæ, тематикон изæртæ æмæ уым кæд-дæриддæр хайад райсынц куыд бы-нæттон артисттæ, афтæ Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы регионтæй дæр. Афтæ нæ зæгъдзынæн, æмæ нын сæрмагонд график ис, æмæ уымæ гæсгæ аразæм нæ куыст дæр, фæлæ тырнæм, цæмæй арæхдæр æмбæлæм æмæ уадзæм сфæлдыстадон изæртæ. Уыдис-иу афтæ æмæ-иу алы къуыри дæр уагътам цымыдисон мадзæлттæ, стæй нæ архайд рæстæгмæ фæкъуылымпы ис. Иу рæстæджы сорганизаци кодтам нывгæнджыты равдыст, кæддæр та нæм цымыдисон лекциимæ фæуазæг историк Цыбырты Алексей æмæ афтæ дарддæр. Махæн нæ бон у цыфæнды мадзал дæр чысыл аудиторийæн ауадзын. Сæйраг у, цæмæй нын сфæлдыстадон адæймæгтæ развæлгъау фехъусын кæной æмæ нæм сæхи идейæтимæ æрбацæуой. Мах не ‘взарæм хистæр æмæ кæстæр кары артистты, алкæмæндæр бар ис нæ мадзæлтты хайад исынæн. Хуыцаубоны нæм уыдзæн концерт. Уый уадзы, æрæджы нæм цы ног музыкалон къорд сырæзт, уый. Уыдон сты скъоладзау фæсивæд, фæлæ сын нырма сæхи ном нæй. Цавæр жанры архайдзысты, уый нырма бæрæг бæлвырд нæу, фæлæ ныридæгæн активонæй уадзынц репетицитæ æмæ сæхи цæттæ кæнынц сæ фыццаг концертмæ. Табуафси, хонæм уæ. Концерт уыдзæнис изæры 19:00 сахатыл», – банысан кодта Джиоты Къоста.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд къуырийы кæрон «Южный портал»-ы нæ горæты цæрæг Гуыцмæзты Иннæйæн уыдис сфæлдыстадон изæр. Майы мæйы та æнхъæлмæ кæсынц Цæгат Ирыстоны зындгонд ансамбль «Уацамонгæ»-йы æрцыдмæ. Фæнд кæнынц сæ ног программæ равдисын. Куыд зонут, афтæмæй «Уацамонгæ» арæх вæййы Хуссар Ирыстоны æмæ ныридæгæн уарзон у хуссарирыстойнаг аивадуарзджытæн.

Журналистты цымыдис кодта ацы арттыгъдады сырæзты истори. Къоста куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæ уырнгæ дæр нæ кодта æмæ йæ хъуыддагæй исты рауадаид. Йæ ныхæстæм гæсгæ агъуыст дыууын азæй фылдæр уыдис æдзæллаг уавæры æмæ йе ‘мбæлтты, æмæ ма сфæлдыстадыл иузæрдион чи у, уыцы адæймæгты руаджы, абон ис хуыздæр уавæры, ома, кæм кусой, ахæм æрдæгарæзт уавæрмæ йæ æркодтой.

«Сæрæй ацы агъуыст йедзаг уыдис алыгъуызон быронæй. Раст зæгъгæйæ, уыййас кусинаг куы федтон, уæд мæ ныфс дæр нæ уыд æмæ нæ хъуыддагæй исты рацыдаид. Бавдæлдыстæм æмæ йæ ныссыгъдæг кодтам. Бирæ адæм нæм фæкастысты, сæ цæрæнбонтæ бирæ. Уый фæстæ Фæсивæды комитеты хаххыл мах райстам грант фæсивæды монон хæрзæгъдауон хъомылады программæйы фæлгæтты æмæ уыцы æхцайы фæрæзтæй сарæзтам нæ цалцæггæнæн æмæ арæзтадон куыстыты фылдæр хай. Фæлæ уæддæр аразинаг нырма бирæ ис. Фыццаг уæла-дзыг хъæуы бæстонæй саразын, ис æдзæллаг уавæры. Дыккаг уæладзыгмæ схизыны тыххæй дæр хъæуы асинтæ саразын, кæмдæрты аразинæгтæ у йæ агъуыст дæр. Мах нæ ма-дзæлттæ уадзæм дыккаг уæладзыджы», – зæгъы уый.

Джиоты Къоста ма куыд банысан кодта, афтæмæй активисттæ сæхи тыхтæй фæнд кæнынц асинтæ саразын, афтæ ма сæ пъланы ис сæрдыгон сценæ саразын дæр. Фæлæ ма уым хъæудзæн æндæр цалцæггæнæн-арæзтадон куыстытæ дæр бакæнын, фæлæ сын уыдонæн нæй æхцатæ.

«Мах не стæм нæдæр бюджетон организаци, нæдæр коммерцион. Æхсæз азы мидæг нæ куыст кæнæм активисттæ, æмæ нын бархийæ хæрзиуæгон финансон æххуыс чи бакæны, уыдоны руаджы. Тынг арæх нын баххуыс кæнынц нæ хорз хæлæрттæ æмæ ма æнæзонгæ адæймæгтæ æмæ сын уый тыххæй арфæ кæнын», – банысан кодта Къоста.

Пресс-конференцийы уазæджы бафарстой, зæгъгæ, фидæны цавæр хæстæ æвæрынц сæ разы æмæ цы нысанмæ цæуынц. Къоста дзуапп радта, ома, сын ис равзаргæ фæндаг æмæ йыл цæуынц куыд ыл æххæссынц, афтæ уæндонæй. Сæйраг проблемæйыл та нымайынц сæ агъуысты фарст.

Джиоты Къоста ма журналисттæн фехъусын кодта, зæгъгæ, сæрды фæнд кæнынц музыкалон фестиваль ауадзын. Цавæр уыдзæн, уымæ та хъæудзæн бакæсын, нæ зынаргъ газеткæсджытæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.