Æрæджы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, цæгатирыстойнаг Дзотты Лазарæн Воронежы Чижовкайы плацдармы цытджын æгъдауæй байгом кодтой  бюст. 1942 азы 15-æм августы 454-æм æхсæг взводы ко-мандир хъæбатырæй фæмард Чижовкæйы плацдармы сæрыл тохты. Дзотты Лазар йæ риуæй бамбæрзта немыцаг дзоты амбразурайы æмæ афтæмæй баурæдта тæссаг знаджы.

Хъайтары биографийæ

Дзотты Лазарь райгуырд Цæгат Ирыстоны Дур-Дуры хъæуы. Скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта хъæууонхæдзарадон кусæгон факультеты, фæстæдæр бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты исто-рион факультетмæ. Институт каст фæуыны фæстæ куыста Дур-Дуры хъæуы 1-æм астæуккаг скъолайы историйы ахуыргæнæгæй. «Дур-Дуры хъæуы Дзотты Лазары сгуыхтдзинæдты тыххæй зоны алы цæрæг дæр. Йæ ном хæссы уынг, парк æмæ скъола. Лазарь хайад иста йæ арæзтады, ацы скъолайы ахуыр кодта æмæ куыста историйы ахуыргæнæгæй. Фæлæ сæйраг урок у йæ хъайтардзинады урок. Абон нын уæлдай æхсызгондæр уый у, æмæ не ‘мзæххоны тыххæй мысынад кæй цæры воронежæгты зæрдæты дæр. Мах сæрыстæр стæм, Дур-Дуры хъæуæй рацæугæ Воронежы, йæ бæстæйы сæрыл кæй тох кодта, уы-мæй! Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтары сгуыхтдзинад у тынг хорз цæвиттон адæмты иудзинадæн Райгуырæн бæстæйæн уæззау рæстæджы», – загъта Дзæуджыхъæуы Ирыстоны районы сæрдар Дзотты Ацæмæз.

Хъайтары æввахс хион Дзотты Аламбег цалдæр хатты æрцыд Воронежмæ, цæмæй ссардтаид йæ кадджын хионы рухс ном йæ мысинæгтæм гæсгæ, Лазарь ахуыр кодта тынг хорз, фæскомцæдисонтæ йæ сæвзæрстой сæ секретарæй. Курсант Лазары авторитет ноджы фæбæрзонддæр йæ цардæн тæссаг уавæрты знаджы куы баурæдта, уый фæстæ 1942 азы уалдзæджы æфсæддон ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ ацыд Вологдæмæ, цыран уыд 454-æм æхсæг полкы пулеметон взводы командир. 1942 азы знаг Воронежмæ куы æрбабырста æмæ йын йæ фылдæр хай куы бацахста, уæд командиртæн хæслæвæрд радтой цæугæдон Воронежы рахис донбылгæрон Чижовкæйы поселокмæ бабырсын. Дзотты Лазарь æнтыстджынæй ахызт цæугæдоны сæрты, рахызт рахиз донбылгæроны. Йе взводы размæдзыд æрурæдта немыцаг пулеметчикы. Лазарь фæцæф æмæ бауадзыг. Йæхимæ куы æрцыд, уæд уыны йæ автоматонтæ размæ куыд лидзынц æмæ пулеметы æхстытæй зæххыл куыд хауынц, уый. Хæстонтæ балыгъдысты сæ командирмæ йæ цæфтæ бабæттыны æмæ йæ æдас ранмæ ахæссыны тыххæй, фæлæ сын сæ командир радта бардзырд, зæгъгæ, «мæн уе ‘ххуыс нæ хъæуы, размæ цæут!». Атакæ адарддæр кодтой…

Лазармæ тыхтæ нал уыд, йæ цæстытæ талынг кодтой, фæлæ уæддæр бабырыд стыр дуры цурмæ æмæ йæ фæстæ бамбæхст. Цалдæр хатты автоматæй иу къухæй фехста знаджы дзоты амбрæзурайы, фæлæ æнæхъуаджы. Знæгты пулемет-иу иу уысммæ æрсабыр, стæй та-иу æхсын райдыдта. Дзоты фырт йæ цуры ауыдта, чи не спырх, ахæм грана-тæ. Систа йæ æмæ, фæстаг тыхтæ æрбамбырд кæнгæйæ, йæхи аппæрста дзоты амбрæзурæмæ. Знаджы пулемет ныссабыр. Тохы фæстæ йын йæ мард буар  куы ссардтой, уæд лейтенанты къухы æлхъывдæй уыд йæ фæскомцæдисон билет æмæ йæ мидæг та – запискæ фæдзæхстимæ, кæцыйы ныффыста бæрзбæласы къалиу æмæ йæ тугæй…

«Мæ адæммæ. Советон адæмы тыххæй ме службæйы рæстæджы мæ туджы фæстаг æртахы онг тох кæндзынæн советон зæххы кад, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады тыххæй. Æнувыд дæн мæ ардбахæрдыл, кæцыйы райстон мæ адæмы цæсгомы раз. Мæ царды фæстаг минутты онг мæхи нымайын мæ адæмы æнувыд фыртыл. Размæ Сталины тыххæй! Лейтенант Дзоты фырт».

Æхсарджын ирон хæстоны ныстуан иу мæйы фæстæ ныммыхуыр кодтой газет «Комсомольская правда»-йы. Газеты уыцы номыр æрвыст æрцыд æппæт æфсæддон дæлхæйттæм. Политруктæ йæ кастысты хæстонтæн, моралон тых сын лæвæрдтой.

Дзотты Лазарь ныгæд æрцыд 1-æм æфсымæрон уæлмæрды (Чижовкæйы плацдармы мемориал). Йæ мыггаг сыгъзæрин дамгъæтæй фыст у мемориалон къулыл Воронежы сæрыл йæ цард чи радта, уыцы хъайтарты ‘хсæн.

Йæ райгуырæн хъæуы нымад цæуы æцæг хъайтарыл

Дур-Дуры хъæуы ис Кады аллейæ, кæцы хæссы Дзотты Лазары ном. Уым ын æвæрд æрцыд цырт. Йæ номыл ис скъола. Ныффыстой йыл зарæг дæр. Æрвылаз дæр Дыгуры районы уагъд æрцæуынц алыгъуызон спортивон ерыстæ Дзотты Лазары номыл. Историон-мемориалон музейы æфснайд сты фæскомцæдисон лейтенанты цард æмæ хæстон фæндаджы тыххæй иллюстративон, архивон æмæ документалон æрмæджытæ. Воронежæй Ирыстонмæ хъайтары хæстæджытæ æрластой капсулæ, æфсымæрон уæлмæрдæй сыджыт. 2012 азы йæ фыды æфсымæры лæппу Дзотты Аламбег Воронежмæ æрласта Лазары  ныййарджыты уæлмæрдæй армыдзаг сыджыт.

Воронеж: Матросовы уынг, æмæ йæ фарсмæ та – лейтенант Дзоты фырты уынг…

Ацы факт горæт Дигорайы историон-мемориалон музейы хистæр зонадон кусæг Корниаты Георгийæн æхсызгон дæр у æмæ йын хъыгаг дæр у. Георгийы ныхæстæм гæсгæ,  иуæрдыгæй тынг хорз у нæ иумиаг фыдыбæстæйы дыууæ кадджын фырты хъайтардзинæдтæ горæт Воронежы сыхаг уынгты нæмтты кæй сæнусон кодтой, уый. Фæлæ тынг æвзæр  та у уый, æмæ советон хæстонтæ кæд иугъуызон сгуыхтдзинад равдыстой, уæддæр сæ иу у Советон Цæдисы хъайтар, æмæ иннæ та нæу! Уымæй дарддæр ма, Дзотты Лазарь немыцаг дзоты амбразура йæ риуæй Александр Матросовæй бамбæрзта æрдæг азы раздæр. 1942 азы 11 сентябры газет «Комсомольская правда»-йы номыр ис районы музейы экспозицийы, цыран ирдæй æвдыст æрцыд ирон хъайтары сгуыхтдзинад. Æмæ иууыл сæйрагдæр та у, газеты номыры йæ мæлæты размæйы запискæ мыхуыр кæй æрцыд, уый. Уæдæ цæмæн афтæ рауад  æмæ аккаг адæймаг хорзæхджын не ‘рцыд Сыгъзæрин Стъалыйæ? Дзотты мыггаг архайы, цæмæй рæстдзинад фæуæлахиз уа æмæ хъайтарæн лæвæрд æрцæуа Уæрæсейы Федерацийы хъайтары ном, уымæн æмæ Советон Цæдис ныппырх æмæ нал ис. «Ныр ын йæ цырты цурмæ кæндзысты скъоладзауты æмæ сын дзурдзысты ирон хæстоны сгуыхтдзинады тыххæй», – загъта Воронежы областы ирон общинæйы сæрдар Бестауты Уырызмæг.

Уæдæ нæ ныфс ис, ирон хъайтармæ цы стыр хорзæх æмбæлд, уый йын йæ амæлæты фæстæ кæй саккаг кæндзысты, уымæй.

              ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.