Ирыстоны кад æмæ намыс

25-æм ноябры 120 азы сæххæст Дыккаг дунеон хæсты полчы номдзыд раздзог, армийы инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар Плиты Иссæ Александры фырты райгуырдыл. Ирон адæмы аккагдæр минæвар уыд планетарон масштабы гоймаг дæр. Зæронд Бæтæхъойы хъæуæй рацæугæ адæймаг стыр фæд ныууагъта Ирыстоны историйы. Уый у ирон адæмы кадджындæр хъæбултæй иу. Куыд Францæн – Наполеон, Уæрæсейæн – Суворов, афтæ ирон адæмæн та йæ ирддæр æфсæддон разамонæг у Плиты Иссæ. Зындгонд у йæ цыргъ зондæй, йæ ныфсхастдзинадæй.

Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар, Монголийы Адæмон Республикæйы хъайтар Плиты Иссæ зыдта иууыл вазыгджындæр уавæрæй рахизын. Куы-иу æй бахъуыд, уæд та-иу знаджы басаста хиндзинадæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Сырх æфсады къухты Иссæйы фæрцы алыхатт дæр æфтыдысты æнтыстытæ. Йæ курдиаты тыххæй йын базыдта фашистон Герман дæр.

«Тох кодтам цыппар суткæйы дæргъы, æхсæв æмæ бонæй æххæст æрхъулайы уавæрты. Цæфтæ мæм уыд тынг бирæ, хъуыдис сæ немæ аласын, хæстон æрмæджытæ, æртаг дæр фæуд кодтой. Немыцæгтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ æз фæстæмæ скæсæнмæ ацæуон, нæ фыццаг белорусаг фронты æфсæдтимæ æрбаиу уæвыны нысанæн. Æз ме ‘фсæдты фæстæмæ скæсæнмæ куы акодтаин, уæд мæ дивизийы салдаттæ иууылдæр фæмард уыдаиккой, уымæн æмæ немыцаг æфсæдтæ уыдысты махæй бирæ фылдæр. Уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодтон немыцæгты фæсайын. Æмæ мæхи скæсæнмæ цæуæг скодтон. Немыцæгтæ сæ тыхтæ аппæрстой уырдæм. Æнхъæлдтой, зæгъгæ, æз фæстæмæ скæсæнмæ ацæудзынæн, фæлæ  нæ ацыдтæн», – дзырдта Плиты Иссæ.

Ахæм цаутæ хъайтары царды тынг бирæ уыд. 1945 азы августы равдыста æнахуыр диссаджы уæндон сгуыхтдзинад. Йемæ æрмæстдæр дыууæ хъахъхъæнæджы, афтæмæй уацары систа 20 япойнаг афицеры. Зæнджиаты Аркади, РЦИ-Аланийы национ музейы хистæр зонадон кусæг: «Иссæ рахызт машинæйæ,  йæ уæхсчытæй феппæрста йæ пæлæз-цатыр. Разындысты  инæлары стъалытæ æмæ йæхи бацамыдта: «Æз дæн инæлар Плийы фырт, табуафси, уæхи уацары радтут. Уыдон фелвæстой сæ хæцæнгæрзтæ æмæ бартхъирæн кодтой, зæгъгæ, уæ амардзыстæм. Плийы фырт йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, афтæмæй сын загъта: «Нæ тæрсут, уæхи уын куы ныццæгъдæм, уымæй? Мæ фæстæ рацæуы советон кавалеристты æнæхъæн дивизи. Кæд уæ фæнды уæ цард бахъахъхъæнын, уæд уæхи радтут». Уайтагъд нæ, фæлæ япойнæгтæ уæддæр сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрдтой. Иуæй-иу бæрæггæнæнтæм гæсгæ, япойнаг афицерты ‘хсæн уыд, æгæрыстæмæй, япойнаг императоры дард хæстæджытæй иу.

Плиты Иссæ: «Хъуамæ салдаттæ  разæй уыной сæ командиры»

Плиты Иссæ йæ салдаттæм дардæй никуы каст. Кæмфæнды ма уыдаид, алыхатт дæр цыд сæ разæй. Раст цыма йæ хæстонтæн афтæ дзырдта, зæгъгæ, ма тæрсут, уæ командæгæнæг уæ цуры ис, уыйау. Хæсты быдыры командæгæнæджы ‘рдыгæй ахæм ахсджиаг æмæ æнæ-мæнгхъæуæг æххуыс æнкъардта алы салдат дæр. Хæстонтæ æнкъардтой, ахæм раздзогимæ тас куыд æрбайсæфы, уый.

Чи йæ зыдта, уыдон æмхуызонæй дзырдтой Плийы фырты уникалондзинады тыххæй куыд æфсæддон æмæ куыд хæлар, æмфыдыбæстæйон, æмтохгæнæг, афтæ. Инæлары – интеллект æмæ уыцы иурæстæджы дæс адæймаджы ныфсхастдзинад, уыимæ ма деликатон, уæздан, æгъдауджын, ахæмæй  йæ бахъуыды кодтой йе ‘мслужбæгæнджытæ, йæ дæлбар салдаттæ, йæхиуæттæ æмæ йæ хæлæрттæ.

Ирон лæджы къухты уыдис  æнæхъæн бæстæты æмæ адæмты хъысмæт

1962 азы октябры райдыдта Советон Цæдис æмæ АИШ-ы ‘хсæн ныхмæлæуд. Историографийы баззад, куыд «Карибаг кризис», афтæ. Уæд реалон æгъдауæй тæссаг уыд термоядерон хæст райдайынæй.

Операци «Анадырь»-ы Советон æфсæдтыл командæ кодта номдзыд инæлар Плиты Иссæ, «инæлар Павлов»-ы фæсномыгимæ. Карибаг кризисы стыр нысаниуæг уыд ирон адæмы зынгæ фырт Плиты Иссæйы архайдæн.

Плийы фырты адæм зонынц, куыд Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтары, афтæ, фæлæ алчи нæ зоны, 1962 азы Плиты Иссæ нысан кæй æрцыд Кубæйы советон æфсæдты операци «Анадырь»-ы командæгæнæгæй. Плиты Иссæ уый фæстæ дзырдта, зæгъгæ, Кубæмæ тахтысты Африкæйыл уыцы рæстæджы иууыл стырдæр хæдтæхæг «Руслан»-ыл.

Советон æфсæдты фæкъуындæгдæргонд контингенты Плиты Иссæйы дæлбар уыдысты дыууæ ракетон дивизийы, дыууæ зенитон-ракетон дивизийы, цыппар хицæн мотоæхсæг, вертолетон æмæ ракетон полчы æмæ дыууæ денджызон эскадрæйы. Иссæ Александры фыртæн лæвæрд æрцыдысты стыр бартæ, йæ бон уыдис йæхи хъуыдымæ гæсгæ суанг ядерон хæцæнгарзимæ ракетæтæй спайда кæнын. Иу ныхасæй, ирон лæджы фæндонимæ баст уыд æнæхъæн бæстæты æмæ адæмты хъысмæт. Армийы инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар Плиты Иссæ у адæймагады историйы иунæг адæймаг, ядерон хæцæнгарзæй спайда кæныны бар æнæ уæлдæр разамынадимæ  бауынаффæйæ кæмæн радтой, ахæм.

Ирыстоны номдзыд хъайтар Карибаг кризисы критикон рæстæджы дæр равдыста стыр дипломат-гуманисты куырыхондзинад æмæ æппæт тыхтæ дæр радта æртыккаг дунеон хæст аиуварс кæныны тыххæй. Уыцы кризисы æрмæстдæр цалдæр адæймаджы фидардзинад æмæ хъайтардзинад баххуыс кодтой дунеон катастрофæ ма æруадзынæн æмæ се ‘хсæн уыд ирон лæг дæр. Плиты Иссæмæ Кубæмæ æртахт Советон Цæдисы Уæлдæр Советы минæвар Микоян.

Инæлары хæдзар-музейы – царды атмосферæ

Сæ хъайтары тыххæй адæм никуы рох кæнынц. Йе сгуыхтдзинæдты тыххæй бæрæггæнæнтæ хъахъхъæд цæуынц æрмæст историйы нæ, фæлæ алы ирон адæймаджы зæрдæйы дæр. Инæлары хæдзары ныртæккæ æлдариуæг кæны царды атмосферæ, цыма никуыдæм ацыд, ома, хæдзары хицау ам ис нырма. Музейы сты Плийы фырты  бирæнымæц хисæрмагонд дзаумæттæ. Куыд, зæгъæм, хæдтæхæг «Гавана-Мæскуы»-мæ йæ билет. Номхуындæй ацы билетимæ карибаг кризис æрбæстон кæныны фæстæ хъайтар æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ.

Иссæ кæддæриддæр дæр уыд бæхыл: йæ райгуырæн хъæуы æвзонг лæппуйæ бæхты дугъты хайад куы иста, Мæскуы, Одессæ æмæ Сталинграды тохты æфсæдтыл куы командæ кодта,  Европæ, Гоби, æмæ Хинганумæ хæстон балцыты куы цыд æмæ Квантунскаг армийы куы дæрæн кодта, уæд. Бæстæйы хъайтар, Ирыстоны хъайтар. Уый слæууыд   ордентæй уæззау мундиры Улан-Баторы Зайсаны хохыл. Монголи йæ нæ рох кæны,  хæсджын у инæларæй йæ сæрибардзинады тыххæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Гуыриаты Дмитри зындгонд инæлары йæ царды федта  дыууæ хатты. Фыццаг хатт Венгрийы, дыккаг хатт та – Маньчжурийы. Уæд сæм Плиты Иссæ йе ‘фсадимæ æрбацыд бæрæггæнæг. Ветеран радзырдта: «Ахъуыды кодтон, цымæ ма Иссæ иронау зоны. Уæлæмæ схызтæн æмæ скуывтон: «Уастырджи, де уазæг та стæм». Мæхæдæг æм аивæй кæсын. Уалынмæ нæ салдаттæй кæцыдæр афарста, зæгъгæ, чи куывта. Æз мæ къухыл уæлæмæ куы схæцыдтæн, уæд мын загъта, зæгъгæ, дæм Хицау дзуры. Бахæццæ дæн, Иссæ мын мæ уæхскыл йæ къух æрæвæрдта. «Гъемæ дæ Уастырджийы хорзæх уæд. Нæхимæ ссæудзыстæм, бирæ нæ нал хъæуы, æмæ йын уым акувдзыстæм. Размæ цу, фæлæ дæхи дæр хъахъхъæн». Мæнæн уый тынг æхсызгон уыд».

Советон-япойнаг хæсты рæстæджы не ‘мбæстаг командæ кодта бæхджын-механизацигонд къордыл 1945 азы Хингано-Мукденскаг операцийы. Уыцы бонты хроникæ инæлар ныффыста йæ мысинæгты чиныджы «Через Гоби и Хинган»-ы. «Бæхджын-механизацигонд къорды хъуыд размæ бырсын æнæдон, цæхджын, хурæй сыгъд  æдзæрæграныл. Китайæгтæ йæ хонынц «Шамо», уый нысан кæны «Пустыня смерти». Ацы операцийы рæстæджы, уыдоны бахъуыд æрмæст удæгас ныхмæлæууæгимæ тох кæнын нæ, фæлæ ма æгъатыр æрдзимæ дæр. Хæсты фæстæ командæ кодта æфсадыл, уыд Цæгат Кавказы æфсæддон зылды æфсæдтыл командæгæнæг.

Плиты Иссæ йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ паддзахадон хорзæхтæй. Се ‘хсæн сты Ленины 6 ордены, Сырх Тырысайы 3 ордены, Суворовы 1-аг къæпхæны 2 ордены, Кутузовы 1-аг къæпхæны орден æмæ бирæ æндæртæ. Афтæ ма хорзæхджын у 10 фæсарæйнаг æфсæддон хорзæхæй. Уыцы нымæцы «Орден почетного Легиона» (Франц) æмæ «Орден Почета» (АИШ).

Номдзыд инæлар ма уыд курдиатджын фыссæг дæр

Куыд рабæрæг, афтæмæй Плиты Иссæ æрмæст номдзыд полчы раздзог нæ уыд, фæлæ ма курдиатджын фыссæг дæр. Ныффыста мемуартæ: «Во имя Родины», «Через Гоби и Хинган», «Разгром красных мстителей», «Под гвардейским знаменем», «Дорогами войны» æмæ æндæртæ.

Рæсугъд историты тыххæй

Ис рæсугъд истори æртхутæгдоны тыххæй. Плийы фырт уыд кавалерист, тынг уарзта бæхты. Йæ уарзон бæх хуындис Терек. Дзырдтой, зæгъгæ, Терек куы амард, уæд ын Иссæ йæ цæфхадæй йæхицæн сарæзта æртхутæгдон. Уый тыххæй Плиты Грис ныффыста æмдзæв-гæ æмæ йыл адæм скодтой зарæг.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Плийы фырты дæлбар æфсæдтæ 20 хатты нысан æрцыдысты Уæлдæр Сæйраг командæгæнæг И.Сталины бардзырдты. Ацы бардзырдты 16 хатты ской кодтой инæлар-сæрибаргæнæгæн йæхи тыххæй дæр. Йæ амæлæты размæ журналистимæ ныхас кæнгæйæ загъта: «Алцæмæн дæр йæхи рæстæг ис. Мæ цард æнæхъуаджы нæ уыд. Цы мæ бон уыд, уый сарæзтон адæмæн. Райгуырæн бæстæйæн». Зынгæ инæлар цардæй ахицæн 1979 азы. Ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Кады аллеяйы. Цæгат Ирыстоны столицæ, Цхинвалы, Мæскуыйы, Кубæ æмæ æндæр рæтты æвæрд æрцыдысты йæ бюсттæ. Йæ ном лæвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы уæлдæр зенитон-ракетон ахуыргæнæндонæн. Йæ номыл уынгтæ ис куыд Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы, афтæ ма æндæр горæтты дæр.

Советон Цæдисы хъайтар æртыккаг стъалы нал райста, фæлæ райста ноджы уæлдæр хорзæх – æнустæм адæмы стыр уарзондзинад. Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр ын фæлтæртæ иууылдæр дзурдзысты «бузныг». Уымæн æмæ Иссæйы хуызæтты ном фæцæры æнустæм.

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.