3-æм февралы нæм Мæскуыйæ æрыхъуыст æхсызгон хабар. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг, 71-æм гвардион мотоæхсæг, полкы командиры хæдивæг, цæгатирыстойнаг Абайты Юри Маирбеджы фырт ссис Уæрæсейы Федерацийы хъайтар. Уый тыххæй æмбæлон Барамындыл йæ къух æрфыста УФ-йы Президент Владимир Путин.

«Нæ хъæбатыр хæстон Абайты Юри (йæ фæсномыг «Буйвол»), 71-æм гвардион мотоæхсæг полкы командиры хæдивæг, гвардийы майор – Уæрæсейы Хъайтар! Юра! Сæрыстыр дæн дæуæй», – дзырдæуы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъусынгæнинаджы.

Дивизийы сконды гвардийы майор Абайты Юрийы дæлхай æрурæдта Украинæйы гарзджын тыхты бригадæйы размæцыд цæрæн пункт Работинойы цур æмæ амынæты ракодта дæс адæймаджы. Хæстонты схорзæхджын кодтой Хъайтардзинады ордентæ æмæ «За отвагу»-йы майдантæй. Абайты Юрийы та бавдыстой Уæрæсейы Хъайтары ном райсынмæ.

Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Абайы фырт уый размæ та хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады орденæй, Суворовы æмæ «За отвагу»-йы  майдантæй. 2023 азы 23-æм августы та йын РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы барамындæй саккаг кодтой «Во славу Осетии»-йы майдан.

Бархион батальонтæ «Шторм. Осетия» æмæ «Алани»-йы телеграмм-каналы радзырдтой, зæгъгæ, Юрийы фыд Абайты Маирбег у Афганистаны хæсты ветеран. Аст азæй фылдæр лæууыд афгайнаг хæсты хайадисджты советы сæргъ.

***

Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Абайты Юрийæн Уæрæсейы Хъайтары ном ын кæй радтой, уый фæдыл.

«Уæрæсейы Президент Владимир Путин дын Уæрæсейы уæлдæр хорзæх –  Хъайтары ном кæй саккаг кодта, уый дзурæг у дæ намысджын цардвæндагыл, кæцы бындуриуæг кæны хъайтардзинадыл æмæ Райгуырæн бæстæмæ æгæрон уарзондзинадыл», – дзырдæуы арфæйы.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, сæрыстыр у ирон адæмы аккаг фыртæй.

***

Абайты Юрийы хæстон сгуыхтдзинæдты æмæ йæ УФ-йы Хъайтары ном райсынмæ кæй бавдыстой, уый тыххæй газет «Хурзæрин»-ы  13-æм номыры мыхуыр æрцыд уац «Ирыстон сæрыстыр у йæ фырттæй», зæгъгæ.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.