Хуыздæр æмæ аивдæр у нæ уарзон горæты уынгты цæугæйæ бæлæстæ æмæ цъæх къутæртæм куы кæсæм, уæд. Сæ сатæг уæлдæфæй сын зæрдæйы равг фæхуыздæр кæнынц. Уымæ гæсгæ æрдзы уыцы хæзнайыл аудыны хъуыддагмæ алы адæймаг дæр хъуамæ йæ хайбавæрд хæсса.

«Нæ горæты уынгты цы бæлæстæ сагъд ис, уыдон дæр махимæ иумæ уæззау хъизæмæрттæ бавзæрстой хæсты бонты. Мæгуырауæрдæм сыл бандæвта уынгты арæзтад, сæ бындзæфхæдтæ бахъыгдард сты. Фæлæ уæддæр специлистты амындтæ æххæст кæнгæйæ горæты хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ архайынц уыдонæн сæ цард адарддæр кæныныл. Аварион бæлæстæ мониторинг кæнæм. Ног бæлæстæ кæм ныссадздзыстæм, уый дæр бæлвырд кодтам. Ацы фарстайы хынцæм горæты цæрджыты хъуыды æмæ фиппаинæгтæ. Уалдзæджы фæнд кæнæм бæлæстæ æмæ декоративон къутæртæ ныссадзын. Афтæ чи хъуыды кæны, ома, зымæджы бонты бæлæстæ æхсæдын не ‘мбæлы, уыдонæн та зæгъын: Ирыстоны климат æмæ хъарм зымæг фадат дæттынц æхсæдынæн, бæлæсты цард фæдæргъвæтиндæр кæнынæн. Куыддæр уалдзæг æрбалæууа æмæ æрдз райхъал уа, афтæ фендзыстут горæты уынгты бæлæстæ куыд рафидаудзысты», – загъта горæты сæргълæууæг журналисттæн фембæлды рæстæджы..

Хуыгаты Ромео ма загъта, бæлæстæ кæй æхсæдынц, уымæн ма ис иу аххосаг электроны рухсыты телтæ хъыгдарынц бæлæсты къалиутæ, стæй уынгты цæджындзтыл цы æхсæврухсгæнæнтæ ис, уыдон дæр æмбæхсынц. Цæрджытæ та хъаст бахæссынц, зæгъгæ, нæ раз æнæ рухс у.

 

Калд бæлæсты бынаты цæмæннæ садзынц ног талатæ?

«Ацы аз мах баххæст кæндзыстæм калд бæлæсты бынаты ногтæ ныссадзыны хъуыддаг. Сыф-нæзы бæлæстæ нын гуманитарон æххуысы хуызы дæтты не ‘мбæстаг амалиуæггæнæг. Сыбыраг кедрты хорздзинад æмæ йæ пайдайы хиæдты тыххæй алчидæр зоны сæ талатæ, кæддæрты нæ къухты куы æрбахауынц, æмæ сæ куы ныссадзæм, уæд нын цæрджытæ нæ куыст æнæхъуаджы фæкæнынц. Иуæй-иутæ нæ фæстæ фæзилынц æмæ талатæ зæххæй фелвасынц», – бауайдзæф кодта Хуыгаты Ромео.

Хъæды хæдзарады управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Чилæхсаты Алыксандр  горæты сæргълæууæджы ныхæстæм бафтыдта зæгъгæ, ацæугæ аз сæ управлени горæты цæгатфарс микрорайон «Северный»-мæ хæстæг экопаркæн цы 70 гектары хицæн æрцыд, уым ныссагътой сыбыраг кедртæ, сыфназ æмæ цъуйы талатæ. 500 талайæ фылдæр та ныссагътой республикæйы хъæдты æмæ баххæст кодтой хъæды фонд. Уыцы талатæ схъомыл кодтой хъæды хæдзарады талахъомылгæнæндоны. Фæлæ декоративон бæлæстæ æмæ къутæртæм та хъæуы сæрмагонд зылд, хъæуы сын уавæртæ аразын зымæджы бонты. Хъæды хæдзарадæн нæй уыцы уавæртæ, цæмæй афæдзы алы афон дæр бæлæстæм зила. Цæмæй назбæлас иу метры бæрц байрæза, уый тыххæй хъæуы дæс азы. Нæ хъæдтæ бæргæ хъæздыг сты ацы бæлæсты мыггагæй, фæлæ сæ куы скъахай, уæддæр сæм уый фæстæ хъæуы сæрмагондæй зилын. Куыстуаты рæзты сагъд куы æрцæуынц æвзонг назбæлæстæ, уæддæр сæм æмбæлон æркаст нæ вæййы æмæ дыууæ æртæ азмæ бахус вæййынц.

Чилæхсайы фырт ма загъта, зæгъгæ, ацы аз сæрмагондæй йæхæдæг Хъорнисы хъæуы ныссадздзæн æвзист назбæлæсты мыггагæй тауинаг. Куыддæр байрæзой, афтæ сæ ратдзæнис горæты хæрзарæзтады комбинатмæ.

 

Рухсгæнæнтæ

баивдзысты ногтыл

Горæты администрацийы сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй уынджы цæджындзтыл цы рухсытæ ис, уыдон хъуамæ иу-уылдæр æрцæуой модернизаци. Ног рухсгæнæнтæ хæстæгдæр сты хуры рухсмæ адæймаджы цæстæн нейтралон æмæ æнцонбыхсæн чи у, ахæмтæ. Энергон тых фæсауæрцгæнæн прибортæ хардз кæнынц 60% къаддæр, уыимæ сæ хъомыс та у фылдæр. Гæнæн ис æмæ 7-8 азмæ судзгæ дæр ма бакæной. Цæджындзты рухсытæ раивтой Джиоты Алан æмæ Сталины уынгтыл. Уый фæстæ цадæггай ивд æрцæудзысты иннæ уынгтыл дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.