Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фермерон хæдзарадтæ цы куыст бакодтой, уыдонæн. Районы статистикон управленийы 1-æм апрелмæ зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй фосдарды куыст чи кæны, ахæм фермерон хæдзарадтæ нымадæуы 7. Уыдон æдæппæт дарынц 284 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 149. Фылдæр фос цы хæдзарадтæ дарынц, уыдон нымæцы сты «Арцеу»-ы фермерон хæдзарад – ис æм 112 сæры, уыцы нымæцы хъуццытæ  сты 43 æмæ родтæ та – 6, «Тъбет»-ы хæдзарады ис 76 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ  та сты 40, родтæ та хъомыл кæнынц 25. «Алан»-ы нымадæуы 35 сæры, уыдонæй хъуццытæ сты 26 сæры. Фылдæр стуртæ ма кæмæ ис, уыдон сты «Тын», «Фат» æмæ «Цъунар – Лохы фырт».

Раппæлинагдæр у фермерон хæдзарад «Алан», уымæн æмæ у бирæкъабазджын. Цæвиттон, стуртæ йедтæмæ ма кæны лыстæг фосы куыст дæр. Нымадæуы  йæм 250 фысы æмæ сæгъы. Ноджы ма ацы хæдзарад дары мæргътæ дæр æмæ йын банысангонд рæстæгмæ сты 150. Районы хицæн хæдзарадтæм ис бæхтæ дæр, уыцы нымæцы «Алан»-ы – 3 æмæ фæйнæ бæхы та ис «Цъунар» æмæ «Фат»-мæ.

Статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ цалдæр хæдзарады байтыдтой фæззыгæнд мæнæу 80 гектары, уалдзæджы та уал хъæбæрхор байтыдтой 15 гектары, люцернæ 4 гектары æмæ эспарцет та 3 гектары фæзуатыл. Уалдзыгон культурæтæ тауыны куыстытæ хæдзарадты дарддæр дæр цæуынц.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.