Уанеты Захары номыл зонадон-иртасæн институты 18-æм апрелы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны Коммунистон партийы æнæрадон 16-æм съезд. Хайад дзы райста сæдæ делегатæй фылдæр. Мадзал байгом кодта Хуссар Ирыстоны Коммунистон партийы сæрдар Коцты Станислав. Съезды хайадисджытæн бузныджы ныхæстæ зæгъыны фæстæ, фидар æрцыдысты боны фæтк, мандатон, редакцион æмæ ревизион къамисты уæнгтæ.

Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны Коммунистон партийы нымæрдар Тадтаты Таймуразæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, къорд азты нæ адæмы раз цы ахсджиагдæр хæстæ ис, уыдон ‘хсæн сæйраг бынат ахсы Уæрæсеимæ нæ хæларадон ахастытæ æнгомдæр кæнын.

Ацы ахсджиаг хъуыддаджы ис æнтыстытæ æмæ, зæгъгæ, нырæй фæстæмæ дæр архайын хъæуы уыдон фылдæр æмæ фидардæр кæныныл.

Уыимæ ма Таймураз банысан кодта, зæгъгæ, бæстондæр æркæсын хъæуы ахуырады, медицинæйы, хъæууон хæдзарады, ирон æвзаджы рæзт æмæ размæцыдмæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, райсын хъæуы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæ æмæ сæ бинонты тыххæй закъон.

Уый фæстæ сусæг хъæлæсæппæрстæй фидар æрцыд Хуссар Ирыстоны Коммунистон партийæ Парламенты депутаттæм кандидатты номхыгъд.

                                                                                       Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.