Республикæ Хуссар Ирыстоны конституцион закъон «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ депутаттæ æвзарыны тыххæй» æвзæрстыты цы партитæ хайад райсдзысты, уыдон æвзæрстыты агъоммæ съездты руаджы размæ кæнынц æвзарæн зылдты партион æмæ иумандатон кандидатты номхыгъдтæ.

Уыцы нысанæн Республикон политикон парти «Адæмон парти» ауагъта радон съезд. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы парти æвзæрстытæм цæуы æвзонг парти «Аланийы патриоттæ»-имæ иумæ.

Мадзалы райдианы йæ хайадисджытæ æмырæй алæугæйæ ссардтой Сæрмагонд æфсæддон операцийы Хуссар Ирыстонæй фæмардуæвæг лæппуты рухс нæмттæ.

«Адæмон парти»-йы лидер Харебаты Сергей цыбыртæй æрдзырдта, парти йæ сырæзтæй фæстæмæ цы куыст кодта æмæ дарддæр дæр цы араздзæн нæ бæстæйы адæм æмæ паддзахады хæрзæбонæн. Банысан кодта, парти 2024 азы парламентон æвзæрстытæм кæй цæуы ног скондæй.

Съезды боны фæткмæ гæсгæ сусæг хъæлæсæппæрсты руаджы раразмæгонд æрцыдысты партион æмæ иумандатон æвзарæн зылдты Хуссар Ирыстоны æстæм сæвзæрст парламенты депутаттæм кандидатты номхыгъдтæ.

Парламентмæ депутатты кандидаттæм номхыгъды сæргъ ис «Адæмон парти»-йы лидер Харебаты Сергей. Номхыгъды дарддæр сты: Табуты Роберт, Плиты Алыксандр, Гасситы Петр, Æлборты Алан, Дзеранты Артур, Дудайты Ир-Тох, Кокойты Роберт, Цоциты Аннæ, Плиты Виолеттæ æмæ æндæртæ.

Парти ма 17 æвзарæн зылдæй 15 – æй раразмæ кодта иумандатон зылдты фæдыл кандидатты номхыгъд. Уый сконды сты: Тедеты Алыксандр, Дзæгъиаты Земæ, Тедеты Вадим, Лалыты Альберт, Бекъойты Азæмæт, Хаситы Сослан, Джиоты Сослан, Къуылыхты Андрей, Къуезерты Арсен, Цхуырбаты Тамерлан, Битеты Сæрмæт, Сиукъаты Родион, Бестауты Вильям, Тыджыты Алыксандр, Бестауты Никъала.

Парти «Аланийы патриоттæ» Юстицийы министрады регистраци æрцыд иу азы размæ. Уымæ гæсгæ йын нырма бар нæй сæрмагонд политикон тыхы хуызы парламентон æвзæрстыты хайад райсынæн. Партийæн разамынд кæны Дудайты Ир-Тох, йæ лидер та у уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы раздæры тренер, Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат Тедеты Дзамболат. Уый йæ раныхасы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ «Адæмон парти» æмæ «Аланийы патриоттæ» иу хъуыдыйыл хæст сты – сæ архайды сæйраг нысан у æхсæнад æрбангом кæнын.

Æвзæрстыты закъондæттынадмæ гæсгæ партитæ æмæ иумандатон кандидаттæн рæстæг ис 25 апрелмæ, цæмæй фехъусын кæной æвзæрстыты агъоммæ рæстæджы хайад кæй исдзысты æмæ Централон æвзарæн къамисмæ регистрацимæ бадæттой сæ документтæ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.