Паддзахадон киноконцертон зал Чермены 15 апрелы уагъд æрцыд политикон парти «Ныхас»-ы 7-æм съезд. Съездмæ æрбацыдысты Хицауады уæнгтæ Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Парламенты сæрдар Æлборты Алан, экс-президент Тыбылты Леонид, экс-спикер Коцты Станислав, алы æрсидтыты депутаттæ, Цæгат Ирыстон-Аланийы республикæйæ цытджын уазджытæ. Съезды куысты хайад райстой регионалон конференциты рæстæджы æвзæрст  44 делегаты.

Райдианы æвдыст æрцыд чысыл видеоæрмæг, цыран ныхас цыд парти «Ныхас»-ы куысты фæдыл. Съезды куыст адарддæр ис сусæг хъæлæсæппæрстæй. Афтæмæй рæстæджы делегаттæ равзæрстой VIII  æрсидты парламенты депутаттæм кандидатты. Номхъыгъды лидер ссис парти «Ныхас»-ы сæрдар Бесаты Зитæ, Мæргъиты Алан, Плиты Алан, Хуыбежты Руслан, Тыбылты Алан, Гæбæраты Алан, Томайты Спартак, Зассеты Аленæ, Цхуырбаты Инал, Сиукъаты Алымбег, Уалыты Ибрагим, Гæззаты Юринæ, Коцты Георги, Отдаты Андрей, Тыбылты Вандæ, Гæбæраты Константин, Гаглойты Эдгар.

Уымæй дарддæр ма парти раразмæ кодта 9 зылдæй иумандатонты номгъыгъд: Тасойты Димитр, Гатайты Лали, Хъæцмæзты Аркади, Бекойты Валери, Харебаты Ибрагим, Багаты Андрей, Собаты Азæмæт æмæ Дриаты Заза. Иууыл иумæ партийы номгъыгъды ис 18 кандидаты.

Гаглойты Алан: «Ахсджиаг у адæймагдзинад бахъахъхъæнын»

Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Президент Гаглойты Аланæн. Йæ ныхасы райдианы президент банысан кодта, зæгъгæ, парти йæ уæвынады рæстæджы фенын кодта, кæй кусы æргом æмæ намысджынæй. « Ныхасы парти никуы хъахъхъæдта хи сæрмагонд интерестæ, паддзахадон интересты разæй. Кæд æмæ «Ныхас»-ы партийы депутаттæ парламенты бирæ нымæцæй  нæ уыдысты, уæддæр конструктивон архайд кодтой парламенты иннæ фракцитимæ. Нæ паддзахадæн ахсджиаг фарстатæ скъуыддзаг кæныны рæстæджы хъахъхъæдтат кæдфæнды дæр уæхи позициты. Банысан кæнын мæ фæнды уый æмæ парти Ныхас алы ситуацийы дæр кæддæриддæр æвдыста патриотизм æмæ бæрндзинад»-радзырдта Гаглойты Алан.

Паддзахады сæргълæууæг æрсидт æппæт партиты æмæ æвзæрстыты компанийы агъоммæйы хайадисджытæм бæрзонд политикон культурæмæ æмæ кæрæдзийыл цъыф мауал калын. «Алы парти дæр йæ лидеримæ æвзæрстыты рæстæджы хъуамæ æмбара йæхимæ цы хæстæ исы, уый. Конструктивон критикæйы фæлгæттæ хъахъхъæнгæйæ тынг ахсджиаг у адæймагдзинад бахъахъхъæнын.  Радон æвзæрстыты этапмæ хизгæйæ,  махæй алчи дæр хъуамæ æнкъара æмæ æмбара ахсджиаг кæй у, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой æнæчъизи технологитæй, сабыр æмæ паддзахадон æмвæзадыл», – банысан кодта президент.

Бæстæйы разамынад ма куыд банысан кодта, афтæмæй парти «Ныхас» парламентон æвзæрстытæм бахаста аккаг кандидатты, кæцытæ сæ профессионализм равдыстой республикæйы алы сферæйы кусгæйæ.

Парти «Ныхас»-ы сæрдар Бесаты Зитæ куыд банысан кодта, афтæмæй партийы уæнгтæ æмбарынц æвзæрстыты ахсджиагдзинад, «Иу политикон тыхы архайдæн дæр цæлхдуртæ арæзт нæ уыд æмæ,  кæй зæгъынæй хъæуы,  у нæ республикæйы разамынады руаджы, – загъта Бесаты Зитæ.

Танделаты Вилена

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.