2004 азы 1-æм сентябрь цæрæнбонтæм баззад Ирыстоны, æппæт дунейы историйы. Уæд Беслæны 1-æм скъолайы цы æбуалгъы теракт æрцыд, ахæм дунейы никæцы бæстæйы ма уыд. Абон нæ ныхас у, скъолайы спортзалы æртæ боны чи арвыста, уыцы амынæттæй сæ иу – Кодзырты Зауыры дарддæры хъысмæты тыххæй. Уыцы рæстæджы 10-аздзыд лæппуйы тарст, æнкъард æмæ стыр цæстытæ абоны онг дæр мæ цæстыты раз лæууынц. Бирæ хæттыты цымыдис кодтон ацы амынæты дарддæры хъысмæт базонынмæ æмæ…

2019 азы кæрон Мæскуыйы Бакулевы номыл зæрдæ-дадзинты центры директор, зынгæ кардиохирург Лео Бокерияйыл 80 азы сæххæсты цытæн ист документалон фильм. Хайад дзы райста раздæры амынæт, Бокерияйы ординатор, ирыстойнаг æвзонг кардиохирург Кодзырты Зауыр.  Раст цыма ме ‘ввахс хионы федтон, уыйау мын йæ фенд уыд тынг æхсызгон.

Зонгæты фæрцы ссардтон лæппуйы телефоны номыртæ, фæдзырдтон æм æмæ нын бацайдагъ ныхас. Уæдæй абоны онг нын ис бастдзинад æмæ кæрæдзийæн раарфæ кæнæм алыгъуызон бæрæгбонты цытæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, Зауыр та мын ацы аз дæр раарфæ кодта Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн. Æз дæр та бацымыдис кодтон, йæ хъуыддæгтæ куыд цæуынц, уымæ. Куыд мын радзырдта, афтæмæй ныр иу азæй фылдæр кусы Архангельскы областы горæт Котласы горæтон рынчындоны кардиохирургæй.

Зауыр Уæрæсейы зæххыл ирон лæджы ном бæрзонд систа. Уайтагъд йæ хорзы ном айхъуыст Котласы. Йæ коллегæтæ, адæм æй базыдтой йæ дæсныйады иттæг хорз специалистæй. Ныридæгæн сарæзта тынг бирæ операцитæ æмæ афтæмæй йæ пациенттæн балæвар кæны ног цард. Ацы аз марты райдианы Котласы горæтон поликлиникæмæ æрбацыд 40-аздзыд сылгоймаг. Хъаст кодта йæ ахсæны рыстæй. Уымæн йæ зæрдæ бавзæр дохтыргастроэнтерологы раз, уыдис ын клиникон мæлæт дæр. Уайтагъд æй баластой горæтон рынчындонмæ æмæ йæ бакодтой Кодзырты Зауыры бæрны. Ирон лæппуйæн та скуыстой йæ арæхстджын къухтæ æмæ… Сылгоймаг мæлæтæй аирвæзт. Кодзыры фырты ныхæстæм гæсгæ, иу чысыл ма куы бафæстиат уыдаид, уæд нал фервæзтаид. Сылгоймаджы  аирвæзынгæнæджы – Кодзырты Зауыры рахуыдтой уæд горæт Котласы боны хъайтар. Рынчындоны сæйраг дохтыр Ильясов Хизри  тынг райгонд у Зауырæй. Сæрмагондæй йын бузныг загъта уыцы бон. Зауыр куыд радзырдта, афтæмæй сылгоймагæн уыд инфаркт миокарда æмæ, дам, ын афоныл йæ зæрдæйы клапаныл стент куы нæ сæвæрдтаиккам, уæд йæ хъуыддаг хорз нæ уыдаид. Æмæ ныридæгæн æвзонг дохтыр цал æмæ цал рынчынæн баххуыс кодта, уыдон чи фæнымайдзæнис.

Сæрдасæнау  цыргъ нæмыджы схъис. Дыккаг райгуырæн бон

2004 азы 1-æм сентябрæй Зауыры ныййарджытæ Жаннæ æмæ Теймураз дæр дыууæ суткæйы æмæ æрдæг арвыстой Беслæны Культурæйы хæдзары цур. Æхсын куы райдыдтой, уæд иууылдæр алыгъдысты скъолайы ‘рдæм. Теймураз  фыртыхстæй ралидз-балидз кодта, агуырдта йæ фырты æмæ йæм хъæр кодта: «Зауыр, Зауыр!». Фæлæ йæ скъолайы не ссардта. Уалынмæ сæм фæдзырдтой Дзæуджыхъæуæй, зæгъгæ, уæ фырт ис рынчындоны æмæ тагъд хæццæ кæнут уырдæм. Фæстæдæр куыд базыдтой, афтæмæй лæппуйы судзгæ спортзалæй рахастой æнæзонгæ адæймæгтæ æмæ йæ машинæйыл арвыстой Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ. Зауыр йæхæдæг нæ хъуыды кæны, уыцы æнæхайыры спортзалæй куыд раирвæзт, уый.

Иу бакастæй лæппуйы  буарыл ницы уадиссаг цæфтæ æмæ  сыгъдтытæ  уыд,  æрмæст йæ риуыл уыд иу цъæррæмыхст.  Рентген та равдыста… нæмыг йæ зæрдæйы куыд ныффидарис. Сывæллон йæхи æвзæр нæ хатыд, фæлæ-иу цалдæр къахдзæфы куы сарæзта, уæд-иу йæ сæр разылд. Бахъуыд æй Мæскуыйы сывæллæтты Уæрæсейаг клиникæмæ арвитын.  10-æм сентябры йæ уавæр цæхгæр февзæрдæр.  Уæд Сывæллæтты уæрæсейаг кли­никæйы сæйраг дохтыр, профессор Николай Ваганов уайтагъд фæдзырдта  Бакулевы номыл зæрдæ-дадзинты хирургийы зонадон центрмæ. Уым сын загътой, зæгъгæ, йæ æвæстиатæй æрласут. Уыцы бон изæрæй Бакулевы центры директор, академик Лео Бокерия йæ кусджыты стыр къордимæ хъуамæ атахтаид Лейпцигы уагъдцæуæг кардиохирургты Европæйаг конгрессмæ. Фæлæ йæ балц аргъæвта æмæ изæры 9 сахатыл райдыдта Зауырæн операци кæнын.  Фондз сахаты цыдис операци. Куыд рабæрæг, афтæмæй лæппуйы зæрдæйы нæмыг нæ ныффидар. Уый уыдис нæмыджы схъис – йæ дæргъ дыууæ сантиметры æмæ йæ уæрх та иу сантиметр æмæ æрдæг. Схъис иу æрдыгæй уыд сæрдасæнау цыргъ.

Зауырæн операци сарæзта Бокерия йæхæдæг: «Бакодтон лæппуйы зæрдæ. Нæмыджы схъис кæм хъуамæ уыдаид, уым нæ разынд. Абоны онг дæр нымайын афтæ æмæ нын баххуыс кодта Стыр Хуыцау. Мæхæдæг дæр æй нæ зонын, цы мын райсын кодта чысыл къухты сæрфæн  æмæ йын йæ зæрдæйыл куыд схæцыдтæн, уый. Æмæ мæнæ диссаг, зæрдæйы галиу рæбынæй рахаудта нæмыджы схъис».

Нæмыджы схъис, æвæццæгæн, уыд тынг тæвд æмæ ахызт перикардыл æмæ зæрдæйы хæдон ахуынкъ кодта. Схъис æххæстæй алыг кодта, æртæхуынкъон клапан кæй хонынц, уый. Нæмыджы схъис тынг тæвд кæй уыд, уымæ гæсгæ, уыцы бынаты туг афыхт, йæ алыварс сырæзт тромб æмæ схъис йæ тых фесæфта. Йæ амондæн, нæ бахъыгдардта коронарон артериты. Нæмыджы схъис кæд æгæр стыр уыд сывæллоны зæрдæйæн, уæддæр операци ацыд æнтыстджынæй,  ныхсадтой лæппуйы зæрдæ æмæ сæндидзын кодтой зæрдæйы клапаны куыст.

Нæдæр Бокерия, нæдæр центры иннæ дохтыртæ сæ практикæйы ахæм цауыл никуыма сæмбæлдысты. Лейпцигы конгрессмæ Бокерия æрцыд бафæстиатимæ, æмæ сын куы бамбарын кодта йæ аххосаг, уæд дисы бахаудысты æмæ дзы куырдтой, цæмæй сын æрæрвыстаид операцийы видеофыст æмæ æндæр æрмæджытæ уникалон цау сахуыр кæныны тыххæй.

Рынчындонмæ Зауырмæ арæх цыдысты журналисттæ æмæ-иу æй куы бафарстой, зæгъгæ, сомбоны цæмæй кусдзынæ, уæд-иу сын сдзуапп кодта, зæгъгæ, мæ фыдау кусдзынæн милиционерæй, цæмæй бандитты æмæ террористты ахсон… Фæлæ йын Мæскуыйы Бакулевы центры йæ зæрдæйæ нæмыджы схъис куы систой, уый фæстæ чысыл лæппу фæивта йæ хъуыды æмæ 8-æм къласы ахуыр кæнгæйæ, фидарæй аскъуыддзаг кодта, сомбоны йæ ирвæзынгæнæджы хуызæн иттæг хорз кардиохирург кæй суыдзæн, уый тыххæй. «Ацы лæппу райгуырд хæдоны», – дзырдта операцийы фæстæ Бокерия. 2004 азы 10-æм сентябрь ссис Кодзыры фырты дыккаг райгуырæн бон. Уæдæй нырмæ рацыд 20 азы. Ныр 30-аздзыд лæппу у Зауыр.

Кодзыры фырт Беслæны 8-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Дзæуджыхъæуы паддзахадон медицинон академимæ. Академийы ахуыр кæныны рæстæджы, цæмæй йæ фæнд сæххæст кодтаид, уый тыххæй арвыста бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ йæ хæслæвæрдтæ ахуыр кæнгæйæ æмæ йæ къухты æфтыд хорз æнтыстытæ. Йæ мад Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ-иу ыл бирæ хатт сбон ис йæ лекцитæ ахуыр кæнгæйæ, бирæ хатт та-иу бафынæй йæ чиныг йæ къухы, афтæмæй.

Кодзыры фырт æгæрон бузныг у йæ ирвæзынгæнæгæй. Операцийы бонæй фæстæмæ сын бастдзинад уыд æппынæдзух. Бæрæгбонты, гуырæнбонты сæраппонд кæрæдзимæ æрвыстой арфæйы телтæ.  Телефоны ныхас кæнгæйæ нын Зауыр загъта: «Мæ зæрдæйы цахæм нæмыджы схъис уыд, ахæмимæ сæрæгасæй баззайыны фæстæ, æрмæстдæр хъуамæ суыдаин кардиохирург æмæ мæ фæнд сæххæст. Медицинон академи каст фæуыны фæстæ ординатурæ рацыдтæн Бакулевы номыл зæрдæ-дадзинты центры мæ ирвæзынгæнæг Лео Бокериямæ.  Уым бакуыстон æртæ азы бæрц. Стæй мæ мæ хъысмæт ахаста горæт Котласмæ. Фæнд кæнын, æнæмæнгæй, аспирантурæмæ бацæуын æмæ кандидатон диссертаци бахъахъхъæнын. Уый фæстæ та – бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы… Бокерия мын æрмæст дыккаг цард нæ балæвар кодта, фæлæ мын баххуыс кодта кардиохирург суæвыны тыххæй, рæдауæй мын бацамыдта йæ бирæ зонындзинæдтæ. Æппæлынмæ мын æй ма айсут, фæлæ æз уыдтæн зынгæ кардиохирургы рахиз æмæ галиу къух дæр. Бокерияйы операциты рæстæджы-иу уыдтæн йæ ассистент æмæ афтæмæй мæ зонындзинæдтæ фылдæр кодтой», – радзырдта нын  Кодзырты Зауыр.

Зауыры зæрдæйæ цы нæмыджы схъис систой, уый уæдæй фæстæмæ æвæрд у Бакулевы центры музейы. Рауад афтæ, цыма лæппу хъысмæты фæндонмæ гæсгæ Бакулевы номыл центрмæ уый тыххæй бахауд, цæмæй фæстæдæр суыдаид йæ ординатор æмæ сомбоны та суа дунейы зынгæ кардиохирург. Зауырыл систой документалон фильмтæ, райсынц дзы интервьютæ.

Йæ интервьютæй сæ иуы загъта: «Никуы мæ ферох уыдзысты 2004 азы 1-æм сентябры трагикон цаутæ. Уыдон иууылдæр мæ сæры сты.  Террористтæ уайтагъд минæтæ сæвæрдтой спортзалы. Æгæрыстæмæй, нын дон дæр нæ дæттой. Иу хатт мын кран бакодтой æрмæстдæр æртæ секунды æмæ йæ фæстæмæ ахгæдтой, мæ фæстæ  та уыд стыр рад. Æртæ боны арвыстон иннæ амынæттимæ спортзалы  рудзынгмæ æввахс астæрдыл хуысгæйæ. Спортзалæй мæ куыд рахастой, уый нæ хъуыды кæнын. Бафынæй дæн æмæ райхъал дæн Дзæуджыхъæуы рынчындоны Æрмæст хъуыды кæнын, рынчындоны ме ‘муд куыд æрцыдтæн», – загъта уый.

Йæ зæрдыл æрлæууыдысты, Мæскуыйы Бакулевы номыл зæрдæ-дадзинты центры йын Лео Бокерия операци куы сарæзта, уыцы хабæрттæ. «Дыккаг бон мæм æрбацыд Бокерия æмæ мын мæ къухмæ радта, мæ зæрдæйæ мын цы нæмыджы схъис систа, уый. Загъта мын, зæгъгæ, операци дын срæзтон æз. Афарстон æй, зæгъын ды Бакулев дæ? Уый бахудт æмæ мын загъта, зæгъгæ, цæмæн хъуамæ уон Бакулев, æз, дам, Бокерия дæн. Афтæ мæм каст, цыма центр йæ номыл у. 2004 азы трагикон цаутæ мын мæ цард цæхгæр фæивтой. Уæдмæ хъавыдтæн мæ фыдау милиционер суæвын, фæлæ уæд аскъуыддзаг кодтон, мæ ир­вæзынгæнæгау кардиохирург кæй суыдзæн, уый тыххæй.

Кæд лæгæй-лæгмæ никуы ма амбæлдтæн Зауыримæ, уæддæр телефоны ныхас кæнгæйæ дæр æнæрахатгæ нæ фæдæн, лæппуйы хæларзæрдæ тынг фæндвидар удыхъæд. Зыны йыл, йæ равзæрст фæндагыл кæронмæ кæй ацæудзæн, уый. Хуыцау зæгъæд, æмæ нæм  Зауыры стыр æнтыстыты тыххæй хорз хабæрттæ ноджыдæр цы хъуысой Стыр Уæрæсейы зæххæй. Уырны нæ,   сомбоны æнæхъæн дунейæн зындгонд чи уа, ахæм кардиохирург кæй уыдзæн,  уый.  Зауыр, дæ царды зындзинæдтыл макуыуал сæмбæл. Уæд дын  ноджы стырдæр æнтыстытæ дæ царды. Дæ фæндтæ дæхи фæндиаг сæххæст уæнт!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.