Йæ уды фарн æмæ рæсугъддзинадæй дуне чи рухс кæны, уыцы адæймаг æрмæст йæхæдæг нæу амондджын, фæлæ йæ алфæмбылай чи ис, уыдон дæр. Æмæ ма рæсугъд зæрдæйы хицау стыр курдиаты хицау дæр куы уа, уæд та ахæм адæймагæн æмбал нæй.

Ахæм адæймæгты къордмæ, æнæдызæрдыгæй, хауы Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт, прозаик, публицист, Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг, Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг, республикæйы стырдæр хæрзиуæг «Во Славу Осетии»-йы кавалер Дауыраты Ханджерийы фырт Дамир.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азарæй сидзæры мæгуыры бонтæ чи фæтыдта, уыдонæй уыд Дамир дæр, фæлæ йæ сидзæргæс мад йæ уды хъару, йæ уарзондзинад снывонд кодта йæ иунæг хъæбулæн æмæ дзы рауад адæмæн уарзон, курдиатджын адæймаг.

Фидæны фыссæг Хуымæллæджы астæуккаг скъола æмæ стæй та педагогон институт каст куы фæцис, уæд сахуыр кодта Мæскуыйы Уæлдæр партион скъолайы журналистикæйы факультеты. Уый фæстæ куыста бирæ бæрнон бынæтты: Рахисфарсы районы фæскомцæдисы секретарæй, инструкторæй, райкомы партийы хайады хицауæй, уыд Уæлдæр Советы депутат. 1995 азы йæ равзæрстой горæт Беслæны администрацийы хицауæй æмæ дзы бакуыста бирæ азтæ. Цалдæр азы бакуыста Рахисфарсы районы газет «Коммунизмы тырыса»-йы сæйраг редакторæй дæр. Уыцы бæрнон бынæтты Дауыры-фырт цас хорздзинæдтæ сарæзта адæмæн, уыдон дардыл дзуринаг сты. Фæлæ уæддæр Дамир, кæмфæнды дæр ма куыстаид, уæддæр баззад, фыццаджыдæр, фыссæгæй.

Æрæджы Дзæуджыхъæуы сæйраг библиотекæмæ, адæмæн уарзон фыссæджы 85 азы юбилейон бæрæгбон сбæрæг кæнынмæ, æрбацыдысты Дамиры хæлæрттæ, зонгæтæ, æмкусджытæ… Фæлæ, хъыгагæн, бæстæйы тæссаг уавæр нымайгæйæ, йæ бирæ зонгæтæ æмæ чиныгкæсджытæй кæй фæндыд, уыдонæн се ʻппæты фæхоныны фадат нæ уыд.

Мадзал йæ раныхасæй байгом кодта библиотекæйы хайады сæргълæууæг, изæры организатор Мурасты Риммæ. Уый бæлвырд радзырдта фыссæджы цардвæндаг æмæ стыр курдиатыл. Куыд загъта, афтæмæй библиотекæйы Дамиры чингуытæ никуы фæстиат кæнынц, хæлæфæй сæ скъæфынц æмæ ногтæ агурынц. Уый фæстæ Риммæ бакаст библиотекæйы номæй Арфæйы фыстæг æмæ йын радта зæрдылдарæн лæвар.

Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис йæ раныхасы загъта:

«Ныртæккæ уавæр афтæ у æмæ бирæ адæмы иумæ æрæмбырд кæныны фадат нæй, æндæр мæ уырны, Дамиры фæдыл чи æрбацыдаид, уыдон ацы залы цæугæ дæр нæ бакодтаиккой, афтæ зынаргъ сын у. Дамир литературæйы алы къабазы дæр хорз арæхсы. Кæд æм тынг бирæ аивадон уацмыстæ ис, уæддæр æй æз схонин документалист. Нæ зындгонд адæмы тыххæй уый хуызæн хорз æмæ бæлвырд ничи ныффыста. Документалон уацау фыссын та æнцон нæу. Нæ фысджытæй ма бирæтæ бафæлвæрдтой уыцы жанры фыссын, фæлæ дзы Дамиры хуызæн никæйы къухы бафтыд. Адæймаджы биографийæ аивадон уацмыс снывæндыны уæлдай ма историон рæстдзинадæй иуварс ма хъуамæ ахизай. Уый æрмæст Хъулаты Хъуыбадыйыл, Хъæбæлоты Биларыл, Кучиты Эльбрусыл, Дзиойты Мухтарыл, Кæсæбиты Митя æмæ æн-дæртыл цы документалон уацаутæ ныффыста, уыдонæн ирон литературæ-йы историйы æмбал нæй. Токаты Гоккимæ та суанг Англисмæ фæцыд, сбæлвырд ын кодта йæ цард æмæ архайд æмæ йыл диссаджы уацау ныффыста. Уыдон рацыдысты хицæн чингуытæй. Фыссæджы курдиаты руаджы чиныгкæсæг базонгæ ацы стыр адæмы цард æмæ алывæрсыг архайдимæ».

Дамиры чингуыты редактортæ Дзанайты Ирæ æмæ Дзуццаты Зæлинæ дзырдтой фыссæджы курдиат æмæ хъæздыг æвзагыл. Зæлинæ куыд загъта, афтæмæй Дамиры уацмыстæ кæд зын фыссæн сты, уæд сæ кæсын та у æнцон, уыдоныл кусын адæймагæн хæссы æхцондзинад.

Йе ʻрыгон бонты хæлар, зындгонд скульптор Дзбойты Михал куыд банысан кодта, афтæмæй сæрыстыр у, Дамиры хуызæн хæлæрттæ йын кæй ис, уымæй, æмæ радзырдта йæ мысинæгтæ.

Цæгат Ирыстоны Аграрон университеты профессор Хъалаты Сергей йæ раныхасы сæйрагдæр æрлæууыд зындгонд физик-астролог Токаты Гоккийы стыр хайбавæрд космонавтикæйы зонадмæ. Уый, куыд зонæм, афтæмæй йæ рæстæджы, цыдæр аххосæгтæм гæсгæ, æрвыст æрцыд Англисмæ. «Фыссæг стыр арфæйаг хъуыддаг сарæзта, сæрмагондæй ахæм адæймаджы тыххæй Англисмæ кæй фæцыд æмæ нæ йæ цард æмæ бирæ зонадон бынтимæ кæй базонгæ кодта. Дамирæн æрмæст уый тыххæй дæр æмбæлы Ирыстоны Кадджын æмбæстаджы ном раттын».

Дамиры тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой æхсæнадон архайджытæ Лалыты Левæ, Еналдыты Хъазыбег, Агънаты Хъамболат, фыссæг Хохойты Энвер…

Мыггаджы номæй изæры архайджытæ æмæ организатортæн, стæй рауагъдады кусджытæн арфæ ракодта Дауыраты Таймураз. Куыд загъта, афтæмæй мыггаг кадджын у хорз лæгтæй, уыдонæй у Дамир дæр æмæ дзы тынг сæрыстыр сты йе ʻрвадæлтæ.

Мадзал сæ аивадæй срæсугъд кодтой Дауыраты Эдуард, аивадон лицейы ахуырдзау Уаниты Назар, фыссæджы фыст æмдзæвгæтæ аив бакастысты Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнæг Чехойты Светланæйы разамындæй.

Изæры архайджытæ æхсызгонæй бакастысты экраныл Дамиры цардæй видеоравдыстытæм. Бирæ хорздзинæдтæ кæмæн сарæзта, уыдонæй дæр чидæртæ сæ арфæйы ныхæстæ ралæвæрдтой видеойы хуызы.

Нæ ирон лæгтæй сылгоймагæн стыр аргъ чи кæны, зæдтимæ йæ чи бары, уыдонæй иу у Дамир. Уымæн йе ʻрвылбоны царды дæр æмæ йе сфæлдыстады дæр сæйраг бынат ахсынц йæ ныййарæг мад, йæ бинойнаг Хъариаты Фатимæ æмæ йæ чызг. «Адæймаг хъуамæ фæстæмæ акæса æмæ зæгъа: цы сарæзтон? Уæвгæй та, йæ къухы ницы бафтдзæн, йæ фарсмæ хорз бинойнаг куынæ уа, куынæ йæ æмбара, уæд. Æз амондджын дæн, мæ бинонтæ кæддæриддæр мæ хуыздæр æххуысгæнджытæ кæй сты, уымæй».

Дзырд дæр ыл нæй. Йæ царды бонты ахæм бæрнон бынæтты чи фæкуыста, æдзух адæмы зæрдæтæм фæндаг чи агуырдта, йæ уды хъарм сын чи лæвæрдта, æмæ ма афтæмæй стыр фыссæг дæр чи у, уымæн æнæ æххуысæй фæзын уыдаид царды. Æнтысгæ дæр ын уымæн бирæ бакодта. Йæ чингуытæ «Сæрдыгон фæткъуытæ», «Удыбæстæ», «Мухтары бæрзонд кувæндон», «Мæ сабибонты фæлмæн къæвдатæ», «Лæгау-лæгтæ», «Мæ хъæу Хуымæллæг», «Портрет осетина на луне», Святые имена», «Гуыргæ дæтты зæлланг» – æдæппæт ссæдзы бæрц, аккаг бынат ссардтой ирон литературæйы хæзнадоны.

Мах дæр, газеты коллектив, зæрдæбын арфæ кæнæм Дамирæн йæ 85 азы юбилейы фæдыл. Сæдæ азмæ æнæниз æмæ куыстхъомæй фæцæр, де сфæлдыстадон хъомыс макуы банымæг уæд. Сæрмагонд бузныг зæгъын æмбæлы библиотекæйы кусджытæн, сæ сæргъы Мурасты Риммæ, нæ хорз лæгты ном кæй нæ рох кæнынц, уымæй.

Кæд зын рæстæг у, уæддæр фыссæджы ныфс ис, хуыздæр заман кæй ралæудзæн:

 

Цымæ цы уаин, мæ удыхъæды

 Куы не ссарин рæсугъддзинад, æхсар?

 Куы не ʻууæндин не ʻнæнцой æхсæвты

Райсомбон хуыздæр кæй уыдзæн цард.

                                                                    ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.