(Къæбысты Зауыры райгуырдыл сæххæст 80 азы)

Фæстаг дыууын азы дæргъы нæ фысджытæй æгæр бирæ фæхъуыд. Чи дзы знаджы нæмыджы амæттаг фæци, кæмæн сæ йæ зæрдæ не сфæрæзта ахæм æбуалгъ æмæ æгъатыр митæм кæсын æмæ æнæрæстæджы аивгъуыдтой. Раст зæгъгæйæ, иууылдæр хæсты фæстиуæгæн скадавар ис Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдис. Æввахс ивгъуыды бонтыл мæ цæст куы ахæссын, уæд мæ разы слæууынц мæ дзæбæх æмгæрттæ – кæимæ фæ-куыстон, кæимæ арвыстон мæ царды мидисджындæр æмæ рæсугъддæр бонтæ. Цы йæ æмбæхсон, мæ цæссыг нал фæуромын, афтæ фæриссы мæ зæрдæ. Зæрондæй адæймаг рох кæнын дæр зоны, мæнæй – нæй! Нæ бафæндыд Хуыцауы – хъуамæ алцы хъуыды кæнон, мæ зæрдæйæ ма хъуамæ сыфтой, цыдæриддæр уæззаудæр мæстытæ бавзæрстон, уыдæттæ.

Æмæ та чингуыты  рафæлдах-бафæлдахыныл схæцын. Уыдоны сæ рæстæджы кастæн, фæлæ та сыл мæ цæст рахæссын, сæ автографтæм сын æркæсын, сæ авторты къамтæм æмæ сæ хъарм ныхæстæй, сæ цæстæнгасмæ кæсгæйæ, мæхи ивгъуыд рæстæджыты фæхатын. Мæнæ чингуыты иу тæрхæгыл Къæбысты Зауыры романтæ рарæгъ-рæгъ сты: «Фæстаг маймули», «Æртæхгæрдæг», «Æлгъыст хæдзар», «Сау суадон», «Зæрдæйы зæлланг», «Дзул æмæ цыхт», «Цæхджын хойраг» æмæ афтæ дарддæр.

«Дзул æмæ цыхт» гуырахстджын чиныг рауад æмæ йæ хуыз дæр иннæтæй рæсугъдддæр у – йæ гæххæтт – урс, йæ цъар дæр – зæрдæмæдзæугæ. Ацы чиныгыл мын ахæм автограф ис фыст: «Мери, дæ фенд мын куыд æхсызгон вæййы, афтæ æхсызгон хабæрттæ ныл цæуæд. 15/VI -2011 аз”.

Фæстаг 20 азы дæргъы æз нал куыстон æмæ арæх нал уыдтам кæрæдзи. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу куы афтыдтæн хæдзарæй, уæд-иу «Фидиуæг»-мæ  дæр бауадтæн, федтам-иу кæрæдзи, фæцинтæ-иу кодтам æмæ та-иу мын йæ ног чингуытæй мæ зæрдæ барухс кодта. Цас йæ бон уыд уыцы дзæнæттагæн, цас, уый диссаг уыд. Æгæрон стыр фантази, царды хъæздыг фæлтæрддзинад, адæмимæ æнгом ахаст ын цæуыл фыстаид, уыцы æрмæг парахатæй лæвæрдтой, фæлæ сыл куыд тых кодта, уый у цымыдисон. Æхсæв æмæ йын бон нæ уыд – иугæндзон йæ сис – йæ къухы. Ахæм цау дæр ма мæ зæрдыл æрлæууыд: – Дзæнæттаг Гуыцмæзты Алеш махимæ нæ куыста, фæлæ нæм тынг арæх цыд – йе ‘ввахс хæлæрттæ – Герсан, Зауыр, Мелитон, Серго – иууылдæр чингуыты рауагъдад æмæ «Фидиуæг»-ы куыстой æмæ сæм куыднæ æрбацыдаид? Æмæ йын иу хатт Зауыр иу цымыдисон темæ радта – радзырдта йын æй æмæ загъта: «Ай дæумæ гæсгæ у. Æз ыл нæ фæтых уыдзынæн». Мæнмæ диссаг фæкаст – ахæм хорз æй радзырдта æмæ фыссын йæхæдæг куыд зыдта, афтæ бирæ нæ сарæхсдзынæн æмæ ма йæ Алешы бæрны цæмæн бакодта, зæгъын. Алеш куы ахызт, уæд мын афтæ: “Лæг алцæуыл нæ тых кæны, Мери. Алеш курдиат у, уый дзы цы сфæлдисдзæн ацы цауæй, уый фендзынæ».

Раст уыд Зауыр, Алешы æрмдзæф аив литературæйы никæимæ хæццæ кæны. Уымæн йæ роман «Дæ уды фарн» чи бакæса, уый йæ æнæгуызавæйæ сывæрдзæн классикон уацмысты фарсмæ. Афтæмæй та мын уый дæр мæнæ куыд фыссы: «Мери, мæ чиныг дын лæвар кæнын зæрдиагæй, кæд лæвары аккаг у, уæд. 22. I. 1986». Кæсут, кæд, дам, лæвары аккаг у! Æмæ ацы романы сæйраг персонаж Матронайы фæлгонц ахæм хуызтæй, афтæ бауырнинаг, реалон цардæй исгæ нывтæй арæзт куы у æмæ йын рохгæнæн куынæ ис! Æвæццæгæн, æцæг сфæлдыстадон кусæг удæй, зондæй, зæрдæйæ фыссæг чи у, уый алы хатт дызæрдыг кæны – фæтых ис æви нæ, йæ хъуыдыйы цы уыд саразын, ууыл.

Афтæ Зауыр дæр – «куынæ, дам, ыл фæтых уон» æмæ йæ йæ зæрдæ кæуыл дардта, уыцы æмгарæн æй схай кодта. Ацы цау дæр Зауыры парахат зæрдæйы, йæ нæртон удыхъæдыл дзурæг у, æндæра йæ романтæ, йæ уацаутæ кæсгæйæ, куыд ис уый зæгъæн, æмæ уый уацмысы темæйыл ма фæтых уыдаид. Райдайдзынæн гуырахстджын роман бынтон хуымæтæг цауæй, бынтон хуымæтæг адæймæгты æрвылбонон царды митæй æмæ дæ асайдзæн йæ фæдыл, цыма дæ фæндгæ дæр нæ кæны ацы баналон хъуыддæгты фæстæ цæуын, фæлæ дæ уæддæр йæ фæстæ ласы, уæгъд дæ нæ уадзы. Æмæ цæуыс зивæггæнгæ, фæлæ – цымыдисгæнгæ, æнæхъæн хъæуыл æрзилдзынæ, дунейы характертимæ базонгæ уыдзынæ, цæмæй райдыдтай, уый дæр дæ ферох уыдзæн, фæлæ ахызтæ 500 фарсæй æмæ дын æй ныр рахъæр кæндзæн, цæуыл уыд йæ дзырды сæр!

Афтæ хъæздыг у йе сфæлдыстадон фантази, реалон цардимæ æнгом баст, æмæ дзы арæхстгай пайдагæнгæ, йæ къухы цæстуынгæ æнтыстытæ уымæн бафты.

Йæ дардылуынаг цæстæй нæ ирвæзынц адæймаджы удыхъæды ахæм миниуджытæ, кæцытæ мах нæ фæхатæм, нæ хъус сæм не ‘рдарæм – иугъæдон хабарыл сæ нымайæм. Зауыр та сæ афтæ зæрдæбынæй рафæлгъауы, æмæ персонажæн йæ характер æргом нывæй уыны чиныгкæсæг.

Фантазийы кой кæм скодтам, уым ма уый дæр банысан хъæуы, æмæ уыцы æгæрон фантази фантастикон уацмыстæ ныффыссынмæ дæр сразæнгард кодта Зауыры. Цалдæр фантастикон радзырд ныффыста. Уый фæстæ гуырахст-джын роман дæр – «Фæстаг маймули». Йæхæдæг куыд зæгъы, уымæ та йæ францаг фыссæг  Пьер Булы фантастикон роман «Маймулиты планетæ» сразæнгард кодта. Æмæ кæд Пьер Буль капиталистон цардуаджы рæстæджы хабæрттæм гæсгæ ныффыста йæ роман, уæд Зауыры та социалистон æхсæнады цардмæ гæсгæ хъуыд фыссын. Ам дæр фæтых Зауыр темæйыл æмæ зæрдæмæдзæугæ роман ныффыста. Бахынцын хъæуы уый, æмæ ацы жанр ирон литературæйы ног кæй уыд æмæ Зауыры роман «фыццаг зæрватыкк кæй у».

Мысæн уацы йе сфæлдыстадыл дæрдтыл нæ дзурдзыстæм, йæхиуыл хъæуы дзурын æмæ йæхæдæг та æцæгæй дæр хорз адæймаг уыд, хæларзæрдæ. Бирæ азты иумæ фæкуыстам, æмæ дзы иу хатт дæр искæй тыххæй иунæг æфхæрæн дзырд нæ хъуыды кæнын. Уыйхыгъд, алкæмæн хорзы бацæуынæн – ныхасæй æви хъуыддагæй, йæ фарсмæ балæууынмæ  æнæсдзургæйæ цæттæ уыд. Исты-иу куы ныффыстон, уæд-иу афтæ бацин кодта, цыма йыл стыр хорзæх æрцыд.

– Ныр дæхæдæг зоныс, цы дзы хъæуы бараст кæнын, – куы-иу загътон, уæд, худгæйæ, йæ дзуапп уыд.

– Дæуæн «в»-ты æмæ «у»-ты йеддæмæ ницы хъæуы раст кæнын. Цæвиттон, æз гуырдзиаг скъола кæй фæдæн каст æмæ иронау кæсын-фыссын мæхæдæг кæй сахуыр кодтон, уый тыххæй мын «в» æмæ «у» алы хатт сæ бынаты нæ уыдысты æмæ мæ джидзæг кодта: дзургæ куыд кæныс, афтæ сæ фысс, зæгъгæ.

Йæ амæлæтæй дыууæ азы размæ иу ра-дзырд ныффыстон æмæ йæ журнал «Фидиуæг»-мæ схастон. Бакаст æй, раппæлыд та мæ (стимул мын лæвæрдта, иронау фыссынмæ кæй рахызтæн) æмæ мын афтæ зæгъы:

– Ацы лæг фидар фæлгонц у, тæригъæд у, афтæ æрдæгыл æй кæй уадзыс. Адарддæр æй кæн.

Фæхъуыды кодтон æмæ йæ æцæг адарддæр кодтон. Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ журнал «Фидиуæг» мыхуыр кодта. Фæстаг сæр мын ацы аз фæци,  фæлæ, хъыгагæн, Зауырæн нал бантыст йæ бакæсын. Цы дзы рауад – уацау, роман – уый та мын Зауыр бæргæ рæстудæй загътаид. Æвæццæгæн ын йæ ном дæр фæивтаид йæ мидисмæ гæсгæ – архайд сабыр рæстæджыты райдыдта æмæ йæ куы адарддæр кодтон, уæд хæсты хабæрттæм рахæццæ хъуыддаг.

Зауырæн фæстаг дыууæ азы йе ‘нæниздзинад фæцудыдта – лæдзæджы сæр æй бахъуыд, йæхи загъдау. Уæддæр уæхскуæзæй куыста.  Уæззау операцийы фæстæ дæр нæ саст, кæд цæстæй дæр тынг фæцух, уæддæр. Фæстаг хатт дæр ма мын йæ ног чиныг балæвар кодта. Йæ къухтæ афтæ зыр-зыр кодтой, æмæ автограф бафыссын йæ бон нал уыд æмæ тыхæй «Автор З. Кабисов»-ы бахъулон кодта. Уый уыд 2013 азы 19 ноябры. Уæд йæ цуры мæхи баурæдтон, ма мæ фæхата, мæ маст мæ хъуырмæ кæй схæццæ, фæлæ хæдзармæ куы æрхæццæ дæн, уæд йæ къæдзмæдзытæ дыууæ дамгъæйы бын мæхæдæг бафыстон: «19/ХI 2013. Абон мын Зауыр йæ ног чиныг балæвар кодта æмæ мæ зæрдæ фæрыст – цæстæй æвзæрдæр уыны, къухтæ зыр-зыр кæнынц,  автограф тыхæйты бафыста».

Афтæ рынчынæй дæр йæ куыст нæ уагъта. Лæдзæджы æнцæйтты дæр алы бон цыд  куыстмæ. Иуæй-иу рынчын адæймаджы искæй уынын дæр нал фæфæнды, йæхи сæ дард ласы æмæ йæ низимæ дæр æмæ йæ хъуыдытимæ дæр иунæгæй уæвыныл архайы. За-уырæн та æнæ адæмæй йæ бон нæ уыд. Йæ фæстаг тыхтæй архайдта йæ коллективы фарсмæ уыдаид. Стæй – æруатон. Телефонæй ма-иу адзырдтам кæрæдзимæ.

Иу хатт дæр æй фæрсын.

– Куыд дæ, Зауыр, нæ фæдзæбæхдæр дæ?

– Авд литр æмæ æрдæг дон мын систой мæ гуыбынæй знон, æмæ куыд уыдзынæн, зæгъ-ма…

Ныфсытæ йын авæрдтон. Уый размæ æхсæвы йæ фыны федтон – арф архы бынæй, къутæртыл хæцгæ, уæлæмæ схизыныл ар-хайдта.

Ма тæрс, дæ низтæ, кæс, кæд-иу нæ фæхуыз-дæр уай.

Фæлæ знаг дæр афтæ фæхуыздæр уæт.

Фæстаг гуырæн бон ма йын акуывтой йæ бинонтæ æмæ ууыл фæци йæ цард.

Ацыд хорз ирон лæг – йæ адæмы раз дæр æмæ йæ ирон дзырдаивады раз дæр йе ‘мбæстагон хæс намысджынæй чи сæххæст кодта. Иууылдæр мæлæты фос стæм, фæлæ йæ амæлæты фæстæ ахæм фæллой æмæ ахæм æнæлаз ном чи ныууадзы, уый амонд-джын мард у. Зауыры фæллой йæ аивадон уацмыстæ сты. Уыдонæй ирон чиныгкæсæг пайда кæндзæн, уды æхцондзинад дзы исдзæн æмæ авторы ном дæр мысдзæн. Йæ хорз бинонтæ, йæ хъæбултæ, хъæбулы хъæбултæ дæр сæрыстыр уыдзысты ахæм куырыхон хистæрæй æмæ райдзысты, афтæ уарзон лæг кæй уыд Зауыр адæмæн.

Рухсаг у, Зауыр!

Цхуырбаты Мери

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.