Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрад радзырдта Цæгат Ирыстон-Аланийы горæт Алагиры цæрæг Агънаты Ростилавы сгуыхтдзинады тыххæй. Уый аирвæзын кодта йе ‘мслужбæгæнджыты спырхгонд бронемашинæйæ.
«Уæрæсейаг мотоæхсджыты батальонон тактикон къорды сконды архайгæйæ, рæнхъон Агънаты Ростислав æххæст кодта йæ хæстон хæс цæрæн пунктæй украинæйаг боевикты дæлхæйтты фæстæмæ аппарыны тыххæй. Ростислав цы хæстон машинæйы уыд, уый бахаудта ныхмæлæууæджы тыхджын æхстыты бын. Машинæ спырх гранатæхсæнæй йæ кæй фехстой, уый фæстиуæгæн. Тагъдыл уавæрæн саргъ кæнгæйæ, Агънайы фырт рахызт спырхгонд машинæйæ тыхджын æхстыты бын, баххуыс кодта йæ хæстон æмбæлттæн æмбæхсæндонмæ сæ сэвакуаци кæнынæн, цыран сын бакодта фыццаг медицинон æххуыс. Æмæ сæм цалынмæ æххуысмæ цыдысты, уæдмæ сæ æмбæрзта штатон хæцæнгарзæй æхсгæйæ», – радзырдтой УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады.
Æфсæддон ведомствойы ма сæ ныхасмæ бафтыдтой, зæгъгæ, цæфты æмбæрзгæйæ, рæнхъон Агънаты Ростислав скуынæг кодта Украинæйы гарзджын тыхты æртæ æфсæддон службæгæнæджы, кæцытæ бафæлвæрдтой уæрæсейаг мотоæхсджыты амынæты акæнынмæ.