Фæлхасгæнæг бахызт, алыхуызон уæлæдарæс кæм сты, ахæм дуканимæ æмæ сæ рæсугъддзинадæй йæ цæстытæ цины æрттывд кæнынц, сæ иуæй се ‘ннæ у аивдæр æмæ рæсугъддæр. Фæлæ уæддæр алы адæймагæн дæр ис йæхи адæнкъарынад æмæ уыдонæй йæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыд иу  хæдон. Хæдзары йæ куы скодта, уæд фæхатыд, йæ уæнгтыл кæцыдæр бынæтты æгæр фæтæн кæй у. Ахæм хуызы йæ дара, уый йæ нæ бафæндыд æмæ уæд сфæнд кодта, Модæты ательейы дæсны æмæ арæхстджын хуыйджытæй иумæ бахæссын, цæмæй йын æй йе уæнгты æмбæрц æрнывыл кæна. Æцæгдæр, цалдæр боны фæстæ райгондæй раздæхт арфæтæгæнгæ, йæ домæн ын æмбæлон æгъдауæй кæй сæххæст кодта, уый тыххæй.

Канд дарæсхуыйджытæй не сты æмбæстæгтæ райгонд, фæлæ Модæты ателье æмæ Цардуагон лæггæдты хæдзары цы кусджытæ ис, уыдонæй иууылдæр. Цæрджыты цардуагон лæггæдты паддзахадон унитарон куыстуаты директор Тасойты Анжелæ раппæлыд, йæ куыстуаты æмбæстæгты домæнтæ æххæст кæныны æвæллайгæ æмæ зæрдиагæй чи кусы, уыдонæй се ‘ппæтæй дæр. Цæрджыты хæрзиуæгæн сæ архайд у дзабырхуыйджытæ, къамисджытæ, сæрæлвынджытæ, маникюргæнджытæ æмæ æндæр ахæмтæн.

Ам кусы, республикæйы йæ ном зындгонд кæмæн у, æхсызгонæй йæм чи æрбацæуы æмæ йæ къухты æрмдзæфæй райгондæй чи аздæхы, уыцы ирон националон костюмтæ хуыйæг æмæ модельер Бекъойты Хох. Бирæ хъарм ныхæстæ зæгъæн ис ацы арæхстджын æмæ йæ хъуыддаджы иттæг хорз хуыйæгæй. Уый зоны æмæ уарзы йæ дæсныйад æмæ йæм цы æмбæстæгтæ æрбацæуы, уыдонæн æхсызгонæй саразы сæ къух. Сæ закъаз сын сæххæст кæны рæстæгыл æмæ æмбæлон æгъдауæй æмæ дзы кæддæриддæр баззайынц райгондæй. Æмбæстæгтæ æхсызгонæй фæагурынц, хъармгæнæн ифтонггæрзтæ чи аразы, ногæй сæ куыстæввонг чи скæны,   йæ хъуыддаджы уыцы хорз кусæг Джиоты Роландæй дæр. Хъармгæнæн ногæй куы скусы, куысты уынæр айхъуыст, уæд æхсызгон вæййы канд фæлхасгæнæгæн нæ, фæлæ ма йæ ногæй цардмæ чи раздæхта,уымæн дæр.

Сылгоймæгтæн æдзухдæр сæ къух чи рог кæны, уый у гæрзтæхсæн машинæ æмæ уыдон цалцæг кæныныл та иузæрдионæй архайы Тедеты Эльбрус. Нæ царды ахсджиаг бынат ахсы телевизор æмæ, зæгъгæ, йæ куыстæй æрлæууыд, уæд сæ цалцæг кæнынмæ æрæвналы Цардуагон лæггæдты хæдзары телевизорты цалцæггæнæг Быценты Славик. Уый ацы дæсныйад сахуыр кодта Цæгат Ирыстоны, фæстæмæ æрыздæхт йæ уарзон Цхинвалмæ æмæ ныр къорд азты дæргъы æнувыдæй лæггад кæны йæ иубæстон адæмæн. Цыргъæгтæ цыргъ кæныныл та кусынц Хуыджеты Владимир æмæ Ходты Алан æмæ сæ æмбæстæгтæ алы хатт дæр баззайынц разыйæ.

Бирæ хорз ныхæстæ айсынц куыстуаты иннæ кусджытæ дæр фæлхасгæнджытæй æмæ сын ноджыдæр лæггад кæнæд цæстуарзонæй.

                                             ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.