Сылгоймаг цардаразæг у, сылгоймаг царддæттæг у – бирæ фысджытæ сныв кодтой сылгоймаджы номхæссæн сурæт æмæ йæ аив фæлгонц. Нæ бавгъау кодтой рæсугъд æмæ бæрзонд ныхæстæ, зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгæтæй ирон сылгоймаджы удыгъæд æмæ сконд равдисыныл. Дуне цы бæрзонд æмæ рæсугъд æнкъарынадыл æнцой кæны, адæймагады зонд, знæт денджызау, абухгæ уылæнты уæлтæмæнадмæ чи хæссы, сылгоймагмæ уыцы уæздан уарзты æгæрон æнкъарæнтæ æвдисынц рæдауæй.

Рагон таурæгъты Нарты Сатанайау зондджын, Плиты Мартайау хъаруджын сылгоймæгтæ нæм абон дæр бирæ ис.

Фæлæ мæн бæрæгбоны къæсæрыл сæрмагондæй фæнды мæ сылгоймаг коллегæты хъæбатырдзинадыл, сæ ныфсхастдзинадыл, фæндвидардзинад, куыстхъомдзинад æмæ ноджы сæ бирæ хорз миниуджытыл æрдзурын. Нæ редакцийы сæ сæртæг уæхсджытæм райстой æмæ æхсæнадмæ цымыдисаг æмæ æрвылбонон хабæрттæ хæссынц 20-æй фылдæр сылгоймаджы. Уыдонæй алчидæр, цы фадыджы лæуд у, уым намысджын æмæ цæсгомджынæй æххæст кæны йæ бæрнон æмæ æвæджиаг хæстæ.

Хæстон уæззау рæстæджыты æмæ æнæхайыры пандемийы рæстæджы кодтой хъæбатыр куыст. Хæстон æвадат уавæрты æппынæдзух æхстыты бын уыдысты, фæлæ нæ уагътой сæ куыст иу бон дæр.

2008 азы гуырдзиаг-ирон хæсты хæдфæстæ пырх æмæ дæрæн кусæн хатæнтæм æрбаздæхтыстæм кусынмæ. Техникон ифтонггæрзтæ дæр кæцæй уыдысты уагыл, фæлæ дыстæсчъилæй æрæвнæлдтам нæ кусæн хатæнтæ æфснайынмæ. Уыцы хъуыддаджы æнæбанысангæнгæ нæй Бестауты Валяйы хайбавæрдæн, уый Информаци æмæ мыхуыры уæды комитеты разамынадимæ иумæ архайдта кусæн хатæнтæ æмбæлон уагмæ æркæныныл. Уый фæстæ та лыгъд алы инстанцитæм газетæн информаци æмбырд кæнынмæ. Афтæ иннæ сылгоймаг æмкусджытæ дæр.

Газеты формат уæд къаддæр уыд, æвæрæз уавæртæм гæсгæ æмæ иу тыхамæлттæй цы радон номыр сцæттæ, уый хъуыд парахат кæнын. Алчидæр-иу цалдæр номыры айста йæ къухы æмæ-иу сæ айуæрстой чи уынгты адæмыл, чи сыхæгтыл, арвы рухс-иу цы номыр федта, уыцы зынаргъ газеты. Æз уыцы æвæджиаг куыст кодтон нæ газеты уацхæссæг Танделаты Виленæимæ. Уый мæнæй уæндондæр уыд, уынджы дæр-иу æрурæдта машинæтæ æмæ афтæмæй парахат кодтам газет. Иу ахæм рæстæджы нæм машинæ æрлæууыд æмæ разынд Уæрæсейы Федерацийы уæды Паддзадон Думæйы депутат Фадзайты Арсены хæдтулгæ. Стыр бузныджы ныхæстимæ ма нын нæ къухы сæлдæджы къопп дæр фæсагъта.

Бирæ æппæлæн ныхæсты аккаг сты коронавирусы рæстæджы нæ сылгоймаг коллегæтæ сæ æнувыд куысты тыххæй. Низы миниуæг стыр тасдзинад æвзæрын кодта алы адæймагмæ дæр, фæлæ уæддæр иу бон дæр не рлæууыд нæ уарзон газеты редакци йæ куыстæй. Йæ сæрæн чи уыд, уый куысты уæлхъус уыд, иннæтæ та дæрддзæгмæ куыстой.

Уæдæ сылгоймаг цардаразæг, царддæттæг, къонайы артдзæсты æвæрæг – уыцы миниуджытæй дæр æххæст сты мæ зынаргъ сылгоймаг-коллегæтæ. Сæ хæдзæртты куыст, сывæллæтты хъомыл кæнын æмæ сæ æвæджиаг хæстæ æххæст кæнынц цыфæнды зын æмæ уæззау рæстæджыты дæр. Уыцы хъуыддаг æнæбахынцгæ нæ вæййы газеты æмæ бæстæйы разамынадæй – нæ нын бавгъау кæнынц ведомствæйон æмæ паддзахадон алы хорзæхтæ.

Сфæлдыстадон куыст физикон куыстæй тынг хицæн кæны, уымæн æмæ физикон куыстæй адæймаг улæфы, сфæлдыстадон куыстæй та фæллайы адæймаджы зонд, æппынæдзух дæ зонды фыцы радон æрмæг, хъуыды кæныс, уæдæ йæ куыд хуыздæр рахæссон рæгъмæ, зæгъгæ. Ахæм у нæ куысты спецификæ – афтæ дарддæр та чи æрмæг барæсугъддæр кæныныл архайы, чи рæдыдтытæ раст кæны, чи æрмæг мыхуыр кæны æмæ та нæ тыхтæ æмæ хъарутæ æмиу кæныны фæстиуæгæн рухс фены нæ уарзон газеты радон номыр.

Уалдзæджы ралæудимæ нысан кæнæм Сылгоймæгты дунеон бон. Уыцы бæрæгбон æппæт дунейы нымад цæуы сылгоймæгты иууыл нысаниуæгджындæр æмæ ирддæр бæрæгбоныл. Уый фæдыл æз арфæ кæнын алкæмæндæр йæ куысты тыххæй. Стыр бузныг уын, ахæм дæснытæ кæй стут!

Уадз æмæ кæддæриддæр уæ тыхтæй ныфсджын ут æмæ уæ фадæттæ уой парахат. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй æххæст кæной уæ фæндтæ æмæ уæ хъуыдытæ, æхсызгон цаутæй йемыдзаг уæд уæ цард. Фидар æнæниздзинад æмæ сылгоймаджы амонд æппынæдзух уемæ æмдзу кæнæд. Уæ æнтыстытæ та алы бон дæр фылдæрæй-фылдæр кæнæнт æмæ цы хъуыддагыл хæст стут, уый уын æхсызгондзинад хæссæд!

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Æхсæнадон-политикон

хайады уацхæссæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.