ИРОН МЫХУЫРЫ ÆВÆЛЛАЙГÆ ЗИУУОН

1-æм августы йæ 70 азы юбилей банысан кодта газет «Хурзæрин»-ы рагондæр кусджытæй иу, газеты ныфсы кусæг æмæ астæумагъз, сæйраг редакторы хæдивæг Биазырты Роланд Данилы фырт. 70 азы цъус дæр не сты æмæ афтæ бирæ дæр, фæлæ фаг сты, цæмæй йæ рацæугæ фæндагмæ фæстæмæ акæса æмæ йын саргъ кæна. Фæлæ йæ фырæфсæрмдзæстыгæй æмæ йæхи стауын кæй нæ уарзы, уымæ гæсгæ йæм йе стыр  æнтыстытæ дæр фаг нæ фæкæсдзысты. Афтæмæй та цæмæй бабуц уа, ахæм стыр æнтыстытæ йын ис.  Уый хъæздыг хуынтæ бахаста ирон литературæйы, журналистикæйы къæбицмæ.

Редакцийы коллективæй Роланд алкæмæндæр  у æввахс æмæ уарзон адæймаг. Йæ коллегæтæ йæ хонынц «цæугæ энциклопеди», – истæуыл фæтыхстæ дæ куысты, уайтагъд дæ уæлхъус æрбалæудзæн æмæ дын цæстуарзон æххуыс бакæндзæн. Цæмæй фæнды йæ ма бафæрс, алыхатт дæр дын бæстон дзуапп ратдзæн. Йæ коллегæтæ йын иууылдæр кæнынц стыр кад,  мады зæнæджы уарзт æй кæнынц. Роланд у æнахуыр сыгъдæг адæймаг, æнувыд хæлар, хиуылхæцгæ, уæздан,  уæззау зонды хицау  æмæ куырыхон адæймаг. Кæд уæззау æмæ ахсджиаг куыст кæны,  уæддæр йæ куыст афтæ тынг уарзы æмæ дзы фæллайын нæ зоны. Редакцийы æвзонг фæлтæрæн йæ алы хъуыддагæй дæр у цæвиттойнаг, æнæвгъауæй сын амоны журналисты куысты сусæгдзинæдтæ.

Уый у ахæм æууæнкджын адæймаг, æнувыд хæлар æмæ йыл, æгæрыстæмæй,  дæ иууыл сусæггагдæр ныхæстæ дæр бауæнддзынæ. Йæ коллегæтæй йын йæ хъæр ныхас никуы ничи фехъуыста, никуы дæр искæмæ гуымир æвзагæй сдзырдта. Роланд ныр 50 азæй фылдæр йæ фыссæн сисæй лæггад кæны йæ радтæг ирон адæмæн, йæ уарзон Ирыстонæн. Уал азы дæргъы йæ уды хъармæй хъарм кæны йæ коллегæты зæрдæтæ. Ацы уæззау æмæ знæт рæстæджы сын лæвар кæны циндзинад æмæ æнахуыр позитивон эмоцитæ.  Газеткæсджытæ йын стыр æхсызгонæй кæсынц йæ радзырдтæ, очерктæ, юморескæтæ, йæ «сусæг хъуыдытæ». Роланд цалдæр азы уыд газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор дæр æмæ йе ‘рбацыдæй уайтагъддæр газеты куыстыл хуыздæрырдæм фæзынд йæ къухты æрмдзæф, фæзынд дзы ног рубрикæтæ дæр.

Иу ныхасæй, Роланд у ирон мыхуыры æвæллайгæ зиууон. Йæ æрмдзæф хицæн кæны  рæсугъд хъæздыг ирон æвзагæй. Йæ публикацитæ сты цымыдисон æмæ сæ газеткæсæг агуры, кæсы сæ стыр цымыдисæй æмæ райзæрдæйæ. Йæ курдиат æмæ куыстхъомдзинадмæ йын чифæнды дæр батæхуды кæндзæн, æмæ йын Стыр хуыцау фылдæр тыхтæ радтæд, цæмæй йын бантыса ноджы фылдæр сфæлдисын йæ радтæг ирон адæмы хæрзиуæгæн.

Нæ цытджын æмæ зынаргъ Роланд, арфæ дын кæнæм дæ юбилейы цытæн. Нæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, бинонты амонд æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ. Бирæ азты дæргъы дæ уындæй рухс кæн дæ коллегæты, дæ бирæ хæлæртты зæрдæтæ. Бантысæт дын ноджыдæр фылдæр сфæлдисын, дæ хæстæфхæрд Ирыстонæн фылдæр балæггад кæнын!

Газет «Хурзæрин»-ы коллектив

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.