Разагъта сылгоймæгтæй цух никуы уыд Ирыстон æмæ никуы дæр уыдзæн.

Абон уæ базонгæ кæндзыстæм Ирыстоны уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ»-йы æмæ Кады орденты сылгоймаг кавалертимæ.

«УАЦАМОНГÆ»

Плиты Мадинæ Амираны чызг

2009 азæй фæстæмæ у «1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фонд»-ы президент. 2012 азы майы хорзæхджын æрцыд РХИ-йы уæлдæр паддзахадон хорзæх – «Уацамонгæ»-йы орденæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинады сæрыл тохы цы,  æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад равдыста, уый тыххæй.

 

Цоциты Зарæ Баграты чызг

2006 азæй 2013 азмæ уыд РХИ-йы хъахъхъæнынады министрады цур медицинон хайады командир – полчы  медицинон пункты фельдшер.

2009 азы хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр паддзахадон хорзæх – «Уацамонгæ»-йы орденæй, РХИ-йы хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад бахъахъхъæныны фæдыл активон æмæ уыимæ хъæбатырæй кæй тох кодта, уый тыххæй.

 

Деканоидзе Шорена Тариелы чызг

Милицийы дæлбулкъон. 2006 азæй кусы Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Тагъд фердæхты сæрмагонд къорды хистæр оперæххæстбарджыны бынаты.

2008 азы сентябры мæйы хорзæхджын æрцыд РХИ-йы уæлдæр паддзахадон хорзæх – «Уацамонгæ»-йы орденæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад бахъахъхъæныны фæдыл активон архайды æмæ уыимæ æхсардзинад равдисыны тыххæй.

 

КАДЫ ОРДЕН

Битарти Зойæ Алыксандры чызг

Æхсæнадон архайæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты фыццаг æрсидты депутат, адæмон-патриотон змæлд «Адæмон Ныхас»-ы активон хайадисæг, ХИПУ-йы ирон æвзаг æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы профессор, ХИПУ-йы ахуыргæнæг, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ахуыргонд нымæрдар, бирæнымæц зонадон куыстыты автор. Ирон æвзагæн лæггад кæныны хъуыддагæн йæ цард чи снывонд кодта, ахæм адæймаг. 2016 азы февралы мæйы хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады сæрыл тох кæныны хъуыддаджы йæ лæггæдты, зонадон ирзонынад бахъахъхъæныны æмæ рæзты фæдыл йæ бирæ азты дæргъы педагогон архайды тыххæй.

 

Джиоты Аллæ Алыксандры чызг

2012 азы майы мæйæ уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады сæрдары хæдивæг. Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ зонады эксминистр (2002-2008 азты).

Ахуырады къабазы активон архайд æмæ рæзгæ фæлтæры хъомылады йе стыр лæггæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй.

 

Наниты Асиат Иваны чызг

Зынгæ прозаик, публицист æмæ тæлмацгæнæг; Республикæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты æмæ журналистты цæдисты уæнг, РХИ-йы Культурæйы сгуыхт кусæг, куысты ветеран, Джусойты Нафийы номыл национ литературон премийы лауреат. 2021 азы хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй журналистикæйы къабазы йæ сæрмагонд лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын сфæлдыстадон архайды ты­хæй.

 

Остъаты Розæ (Джульеттæ) Давиды чызг

ХИПУ-йы уырыссаг æвзаджы кафедрæйы доцент, центр «Русский мир»-ы сæргълæууæг, РХИ-йы Парламенты 4-æм æрсидты депутат, стыр стажимæ ахуыргæнæг – цхинвайлаг æхсæнады разагъта адæймæгтæй иу.

2009 азы мартъийы мæйы хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй бирæ азты дæргъы æнтыстджын зонадон-педагогон куысты, Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестыл тох кæныны фæдыл активон æхсæнадон-политикон архайды тыххæй.

 

Абайты Зарæ Владимиры чызг

Профессор, филологон зонæдты доктор, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты рагон истори æмæ нартзонынады хайады зонадон кусæг. 2023 азы январы хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады рæзтмæ йæ хайбавæрды тыххæй.

 

Хуыбиаты Соня Абысалы чызг

ХИПУ-йы философи æмæ культурологийы кафедрæйы доцент. 2009 азы марты мæйы хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй бирæ азты дæргъы æнтыстджын зонадон-педагогон куысты, Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестыл тох кæныны фæдыл активон æхсæнадон-политикон архайды тыххæй.

 

Джиоты Циалæ Георгийы чызг

 

ХИПУ-йы биологийы кафедрæйы профессор, æрдзон зонæдты æмæ психологийы факультеты декан. 2022 азы октябры хорзæхджын æрцыд  Кады Орденæй уæлдæр ахуырады къабазы йе стыр лæггæдты, активон зонадон-педагогон архайды æмæ Тыбылты  Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты сырæзтыл 90-азы сæраппонд.

 

Гаглойты Иринæ Юрийы чызг

2010 азæй абоны онг у хуссарирыстойнаг медиа-центр «Ир»-ы президент, ХИПУ-йы æппæтиумæйаг историйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты кусæг.

2008 азы декабры мæйы хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты рæзтмæ йе стыр хайбавæрды, йæ хæстæ æххæст кæныны рæстæджы равдисгæ бæрзонд профессионализм æмæ патриотизмы тыххæй.

Бедойты Элеонорæ Христофоры чызг

2006 азы уыд Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг, уый фæстæ та – Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл паддзахадон комитеты сæрдар. 2009 азы РХИ-йы Президенты барамындæй нысан æрцыд Фæсивæд, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл министрæй. Ныртæккæ у ХИПУ-йы педагогикæ æмæ психологийы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг.

2009 азы марты мæйы хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй паддзахадон фæсивæдон политикæйы сæйраг здæхтыты бакуыстмæ æмæ реализацимæ йе стыр хайбавæрды тыххæй.

 

Галуанты Людмилæ Графы чызг

Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат, Хъæрæсе-Черкессийы сгуыхт артисткæ, поэт, зынгæ  æхсæнадон архайæг, Хуссар Ирыстоны Парламенты 1-аг æмæ 5-æм æрсидтыты депутат.

2009 азы марты хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй республикæйы раз йæ лæггæдты, национ театралон аивадмæ зынгæ хайбавæрды, æмæ къухы бафтгæ сфæлдыстадон æнтыстыты тыххæй.

Людмилæ Графы чызг цардæй ахицæн 2021 азы 85-аздзыдæй.

 

Гаглойты Зинаидæ Давиды чызг

Советон æмæ хуссарирыстойнаг историк (1975). Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты профессор. Ирæтты этнографийы фæдыл бындурон куыстыты автор. Фыццаг ирон сылгоймаг, кæцы райста историон зонæдты докторы ном. Хуссар Ирыстоны зонадмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй.

Зинаидæ Давиды чызг цардæй ахицæн 2009 азы 5-æм июны 85-аздзыдæй.

 

Гæбæраты Нелли Дудары чызг

Педагог, Хуссар Ирыстоны адæмон къамисæг, æхсæнадон активист. Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад сфидар кæныны хъуыддагмæ йæ сæрмагонд лæггæдты, активон æмбæстагон позици æмæ бæрзонд профессионализмы тыххæй хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй (йæ амæлæты фæстæ). Цардæй ахицæн 2019 азы 62-аздзыдæй.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.