Ирыстонæн та фæзындис ног хæлæрттæ

Горæт Сочæйы федералон ахуырадон центр «Сириус»-ы цалдæр боны дæргъы фестивалы хайадисæг делегацитæн уыдис алыгъуызон фембæлдтытæ. Активон хайад дзы истой нæ республикæйы делегаттæ дæр.

Фестивалы фæлгæтты «Сириус»-ы ацыд Хуссар Ирыстон, Беларуси æмæ Донецкы Адæмон республикæйы минæвæрттимæ хъуыддагон фембæлд. Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй уым уыдис нæ республикæйы Президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Алан.

Дыууæ бæстæйы æмæ уæрæсейаг регионы минæвæрттæ æруынаффæ кодтой фæсивæдон политикæйы райрæзты хъуыддаджы тыххæй. Ахæм хъуыддагон фембæлдтытæ æмæ мадзæлттæ фæсивæды ‘хсæн уадзын ахсджиаг кæй сты, уый банысангод æрцыд.

Фæсивæды дунеон фестивалы хайадисджыты фарстытæн ацы фембæлды дзуаппытæ радтой Беларусийы фæсивæдон цæдисы фыццаг секретарь Александр Лукьянов, Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсивæдон политикæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Кирилл Макаров æмæ Федералон арæзтад, регионалон политикæ, бынæттон хæдразамынд æмæ Цæгаты хъуыддæгты фæдыл Федерацийы советы комитеты уæнг Александр Волошин.

Фембæлды банысангонд æрцыд, зæгъгæ, паддзахады растхъуыдыгæнæг разамонджытæ хъуамæ æнæмæнг æрбалæууой æрыгон адæймæгты фарсмæ, уымæн æмæ уыдоныл баст у бæстæйы размæцыд алы фадыджы дæр.

Александр Волошин фæсивæды зæрдыл æрлæууын кодта Советон Цæдисы адæмы цард, куыд хæларæй цардысты æмæ уый фæстæ хъомысджын цæдис куыд ныппырх. «Æз райгуырдтæн Советон Цæдисы æмæ сывæллонæй цы тыхджын æмæ   егъау бæстæйы цардтæн, уым æнхъæл никуы уыдтæн æмæ мын байсдзысты мæ Донбасс, Беларуси кæнæ Ирыстоны. Æрцыдысты трагикон цаутæ æмæ Цæдис фехæлд…

Табу Хуыцауæн, сфæрæзтам нæ историйы уыцы уæззау дуг. Паддзахады сæргъ слæууыд Владимир Путин æмæ йын бантыст ног тыхджын паддзахад саразын. Æнтысы йын æфсымæрон адæмты иу стыр бинонтау æрбамбырд кæнын. Абон нæм æрбаздæхт Донбасс. Беларуси æмæ Хуссар Ирыстон дæр махæн сты не ‘ввахс адæмтæ – хæларадон æмæ æфсымæрон адæмтæ», – банысан кодта Александр Волошин.

Донецкы Адæмон Республикæйы минæвар Кирилл Макаров та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, йын бирæ æмбæлттæ ис Хуссар Ирыстонæй æмæ стыр аргъ кæны уыцы хæларадон ахастытæн.

«Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм сты тынг хæларзæрдæ æмæ тынг хорз адæм. Сæрмагондæй мæхæдæг ирæттæй бирæтимæ дæн зонгæ æмæ сæ дæн сæрыстыр. Ирон адæмæй хорзæй бирæ цыдæртæ кæй ис райсæн, уый æз зонын. Ирон нæлгоймæгтæ сты хъæбатыр æмæ ныфсхаст æмæ мын тынг æхсызгон у, мæ царды ахæм адæмы хаттимæ зонгæ кæй дæн, уый», – загъта Кирилл Макаров.

Беларусийы делегацийы минæвар Александр Лукьянов дæр ахсджиагыл банымадта сæ республикæйы фæсивæды бастдзинад æмæ æнгом ахастыты хъуыддаг Хуссар Ирыстон æмæ ДНР-ы фæсивæдимæ. «Мах тынг хорз æмбарæм нæ хæлардзинады аргъ. Нæ арæнтыл æдыхст нæу ныртæккæ. Уæхæдæг æй уынут, НАТО-йы бæстæты æфсад цæттæ у æххæстмасштабон операцитæм, уый та дзурæг у ууыл æмæ мах иумæ куы уæм, уæд та уыдзыстæм тыхджын. Махæн нæ фæсивæд сты нæ бæстæйы президент Лукашенкойы политикæйы фарс. Куыд уынæм, афтæмæй ныртæккæ Уæрæсейы æппæт субъектты фæсивæд дæр балæууыдысты Владимир Путины фарс. Ацы фестиваль равдыста, дунейы бæстæты фæсивæд кæй тырнынц хæларадмæ æмæ Хуыцау зæгъæд, цæмæй рæхджы а-зæххыл уа сабырад æмæ Донбассы зæххыл та уа Уæлахиз», – банысан кодта уый.

Тыбылты Алан дæр йæ раныхасы банысан кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы темæ, нæ ирон хæстонты хъæбатырдзинад.

«Стыр кадыл нымайын, абон Фæсивæды дунеон фестивалы мæ хæлæрттимæ иумæ хайад кæй исын, уый, уымæн æмæ мах хъуыды кæнæм иухуызон. Хуссар Ирыстон Кавказы у иууыл чысылнымæц республикæ, цæры дзы 55 мин адæймаджы бæрц. Фæлæ иу минæй фылдæр хуссарирыстойнаг хæстонтæ хъæбатырæй тох кæнынц фашизмы ныхмæ. Уыдон уырыссаг салдаттимæ уæхски-уæхск тох кæнынц сæрибар æмæ рæстдзинады сæрыл.

2008-æм азы августы Хуссар Ирыстон уыд уæззау уавæры, радон хатт нын Гуырдзыстон арæзта геноцид æмæ нæм уæд æххуысмæ фæзындысты уырыссаг салдаттæ æмæ нæ ирон лæппутимæ кæрæдзи фарсмæ æрбалæугæйæ, тох кодтой гуырдзиаг агрессорты ныхмæ. Афтæ уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Ныр дæр та æмбæлæм Ныгуылæн бæстæты карз фашизмимæ æмæ та иумæ тох кæнæм семæ. Ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй æвдисæм мах нæ хæларадон ахастытæ. Уырны мæ, нæ хæлардзинад Уырыссаг дунеимæ кæй кæндзæн æнгомдæр æмæ фидардæр», – банысан кодта Тыбылты Алан.

Уый ма бæстонæй æрдзырдта нæ республикæйы фæсивæдон архайды тыххæй куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ банысан кодта, фæсивæдон политикæйы иууыл сæйрагдæр кæй у патриотон фæсивæд схъомыл кæнын.

 

Шахматты турниры уæлахиздзау Саулохты Георги

Фæсивæды дунеон шахматты турниры Хуссар Ирыстоны шахматты федерацийы президент Саулохты Георги æрдæгфиналон хъазты фæуæлахиз азербайджайнаг шахматистыл. Ацы  хъуыддагыл стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты нæ делегацийы уæнгтæ æмæ нæ республикæйы æмбæстæгтæ дæр.

Саулохты Георги йæхæдæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй турниры уыд дæс финалисты æмæ уыдон систы уæлахидзаутæ. Финалисттимæ иурæстæгон сеансы хъазыдысты дунеон чемпион шахматтæй Сергей Карякин æмæ шахматтæй дунейы кубокы хицау Теймур Раджабов.

Турниры кæрон шахматисттæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Саулохты Георги йæ лæвар райста Карякин æмæ Раджабовы къухфыстытимæ æмæ сын уый та балæвар кодта Саулохты Тамарæйы фотоальбом «Южная Осетия». Ныр зындгонд шахматисттæ фотоальбомы руаджы хуыздæр базонгæ уыдзысты Хуссар Ирыстоны фенддаг бынæттимæ, чизоны сæ бафæнда уыдон сæхи цæстæй фенын æмæ нæм фæуазæг уой.

Ирон Тырыса

Авд боны кæуылты агæпп кодтой, уый хъæлдзæг æмæ æнæмæт фæсивæд хатгæ дæр нæ фæкодтой. Кæронмæ бахæццæ фæсивæды дунеон фестиваль, æрцыд рæстæг дунейы бæстæты фæсивæдæн хæрзбон зæгъын Уæрæсейæн. Фестивалы фæлгæтты федералон ахуырадон центр «Сириус»-ы территорийыл уагъд æрцыдис 800 мадзалы бæрц. Уыдоны хайад райстой 1,5 мин спикеры, 500 профессионалон спортсмены, Олимпион хъæзтыты уæлахиздзаутæ æмæ 3 мин артисты. «Сириус» фестивалы рæстæджы ссис дунейы фæсивæды æцæг горæт. Ахæм номимæ ам байгом нывгæнджыты равдыст дæр. Иудзырдæй, фестивалы программæ уыд тынг хъæздыг æмæ мидисджын, фæсивæд, уæлдайдæр фæсарæнтæй чи рцыдысты, уыдон сæхицæн байгом кодтой ног Уæрæсе æмæ йæ диссагæн фæхастой.

Фестивалы фæлгæтты-иу фæсивæд ссардтой рæстæг æмæ-иу гом арвы бын алкæцы бæстæйы минæвæрттæ дæр сарæзтой хъæзтытæ. Ам тынг активонæй сæхи æвдыстой Ирыстоны фæсивæд. Нæ ирон лæппутæ æмæ чызджытæ нæ хицæн кодтой ирон хуызджын тырысатæй, æппынæдзух-иу уыдысты сæ уæлæ æмæ-иу бирæтæ бацымыдис кодтой, зæгъгæ, ахæм рæсугъд тырыса цы бæстæйæн ис. Уæд-иу активисттæ радзырдтой чи сты, кæцæй сты, суанг ма-иу нæ рагфыдæлты историмæ дæр ахæццæ сты. Уæдæ скифты, сæрмæтты æмæ аланты тыххæй куыннæ зыдтой æмæ-иу кæрæдзийыл тынг фæцин кодтой фæсивæд, зæрдылдарынæн къамтæ-иу дæр фæистой. Ирон кафт, ирон музыкæ æмæ ирон культурæ цæстæвæрæнæн баззад. Æгæрыстæмæй ма хъазты семæ ракафыдысты фæсарæнты делегациты минæвæрттæ дæр. Иу ахæм хъазты рæстæджы рабæрæг, япойнаг лæппу рагæй кæй цымыдис кæны ирон культурæмæ, уый. Радзырдта, зæгъгæ, интернеты фыццаг хатт ирæтты тыххæй куы бакаст æмæ нын нæ истори, нæ культурæимæ куы базонгæ, уæд тынг йæ зæрдæмæ фæцыдысты ирæттæ æмæ уæдæй фæстæмæ ахуыр кæны æмдзæв­гæтæ иронау. Стыр æхсызгон ын уыдис ирæттимæ кæй амбæлдис Сочæйы зæххыл, уый æмæ иронау арфæ кодта æппæт ирæттæн дæр.

Владимир Путин: «Ныр æгас Уæрæсе у уæ хæлар»

6-æм мартъийы изæрæй горæт Сочæйы «Сириус»-ы уæрæх аренæйы цытджын æгъдауæй æхгæд æрцыдис Фæсивæды дунеон фестиваль. Цытджын церемони райдыдта паддзахадон гимнæй, фæсивæд сыстадысты æмæ йæ лæугæйæ зарыдысты. Уый фæстæ æппæт делегаттæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путинмæ. Бæстæйы сæргълæууæг сценæмæ куыддæр рахызт, афтæ райхъуыст делегатты тыхджын æмдзæгъд, сæмбæлдысты йыл цины хъæртимæ.

Владимир Путин дæр хъæлдзæгæй æмæ мидбылхудгæйæ арфæйы ныхæстæ загъта фæсивæдæн, загъта сын, зæрдæ кæй бацагайдтаид, ахæм хъарм ныхæстæй. Путины раныхас фæсарæйнаг уазджытæн тæлмац кодтой англисаг æвзагмæ æмæ йæ алчидæр  æмбæрста, цы дзырдта, уый.

«Сымах уе ‘ппæт дæр æрцыдыстут Уæрæсемæ, ныр сымахæн ам фæзынд бирæ хæлæрттæ. Мæн фæнды, цæмæй зонат иу хъуыддаг, ныр æгас Уæрæсе кæй у уæ хæлар. Уæ хæрзиуæгон æмæ райдиан хъуыддæгты тыххæй, нæ дуæрттæ кæддæриддæр сымахæн сты гом. Сымах Уæрæсейы хуссар хайы, горæт Сочæйы сарæзтат æцæг фæсивæдон горæт æмæ уын зæгъын бузныг. Фестивалы организатортæ сæ разы æвæрдтой хуымæтæджы фарстатæ. Мах фæндыд сæрибардзинад, сфæлдыстад, хæлардзинад æмæ ахуырадæн уавæртæ саразын, цæмæй сымахæн – дунейы бæстæты фæсивæдæн, фадат уыдаид кæрæдзиимæ æввахсдæр базонгæ кæнынæн, цæмæй ссардтаиккат ног хæлæрттæ», – банысан кодта Владимир Путин.

Бæстæйы сæргълæууæг æрдзырдта абоны æндыгъд уавæры тыххæй дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæцыфæнды хæст дæр у стыр трагеди. Владимир Путины раныхасы фæстæ сценæмæкæсджытæн равдыстой æнæферохкæнинаг концерт.

Нæ ферох кодтой сылгоймæгты, хицæнæй сын раарфæ кодтой 8-æм мартъийы бæрæгбоны сæраппонд.

Уыцы бон ма Владимир Путин хицæнæй фембæлд Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр­ахуыргæнæндæтты фæсарæнтæй чи ахуыр кæны, уыцы студенттимæ æмæ йæм радтой сæ цымыдисгæнæг фарстатæ.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.