Иу азы размæ, 2022 азы 27-æм марты сæрмагонд æфсæддон операцийы Харьковы сæрыл карз тохты йæ хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы хъæбатырæй фæмард Хъæбатырдзинады ордены кавалер (йæ амæлæты фæстæ) Нартыхты Давид Таймуразы фырт. Ирон хæстоныл цыд æрмæстдæр 21 азы.

Æфсады службæйы размæ Давид активонæй архайдта æхсынæй, гæпп кодта парашютимæ. Хайад иста турнирты. Уый йе ‘мкарæнтæй хицæн кодта бæрзонд патриотизмæй, куыста волонтерæй, сывæллæтты лагеры раздзогæй, афтæ æвзонгæй зынгæ хайбавæрд хаста рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ.

РЦИ-Аланийы Октябры хъæуы 1-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хæххон-металлургон техникумы. «Фидар характеры хицау æвзонг лæппу хицæн кодта йæ æнæфæцудгæдзинад, мидæггагон моралон æмæ монон тыхæй. Уыимæ уыд диссаджы курдиаты хицау, тынг æнкъардта æмæ хатыд адæмы», – мысы курсы куратор.

Уый фæстæ ахуыр кодта Хæххон паддзахадон аграрон университеты, фæлæ йын хъысмæт æндæр фæндаг равзæрста: Давид райста академион отпуск æмæ аскъуыддзаг кодта Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты рæнхъыты слæууын. Иу азы фæстæ йе службæйы æмгъуыд куы фæцис, уæд йæ къух æрфыста контрактыл. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операци райдианы фыццаг бонтæй фæстæмæ хæцыд Харьковы здæхты. Харьковмæ бацæуæны Малая Роганы хъæуы уæрæсейаг дæлхæйттæй иу бахаудта æрхъулайы æмæ райста æнæмсæр тох. Уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты цард  бахъахъхъæныны нысанæн, Давид йæ хæстон æмбæлттимæ атындзыдта размæ. Ныхмæлæууæджы тыхджын автоматон æмæ снайперон æхстыты бын уыдон аирвæзын кодтой фыдбылызы бахауæг æфсæддонты.

Хъайтардзинад æвдисгæйæ, Нартыхты Давид йæ фæндвидар архайдтытæй бахъахъхъæдта йе ‘мслужбæгæнджытæй бирæты цард, фæлæ йæхицæн уый уыд йæ фæстаг тох… Знаг æй комкоммæ тыхджын æхст кодта, ацы æгъатыр æмæ карз тохы æхсарджын хæстоны роль æмбаргæйæ. Снайперы нæмыг аскъуыдта Хъайтары цард… Цыдис ыл æрмæстдæр 21 азы… Хур арвыл дзæбæх нæма суад, афтæ рахаудта æмæ сæрсæфæны аирвæзт.

«Тынг зын у Давидыл ивгъуыд афоны дзурын. Нæ зæрдæты баззад хæларзæрдæ, фæлмæнзæрдæ æмæ иууыл ирддæр адæймагæй. Йæ цардхæссæг мидбылхудтæй позитивон энерги хаста йæ алыварс адæмæн. Йæ хорз хъомылад ын бар нæ дæтта искæйы фæхъыг, искæйы зæрдæ  фæриссын кæнынæн. Бахъуыды рæстæджы æххуысмæ фæзынынмæ цæттæ уыд æрмæст йæ хæлæрттæм нæ, фæлæ йæ ахуыргæнджытæм дæр. Давид уыд тынг хорз æмбал æмæ хъæбатыр хæстон. Тох кодта нацизмы ныхмæ. Йæ цард радта зæххыл царды тыххæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы нæ дадатæ куыд кодтой, афтæ. Давид, мах дæ бахъуыды кæндзыстæм алыхатт дæр мидбылхудтимæ, цардуарзаг адæймагæй», – ныффыстой йе ‘мкъласонтæ ивгъуыд аз йæ ныгæнæн боны размæ…

Мах телефоны ныхас кодтам Давиды ахуыргæнджытæй иу – Гæбæраты чызгимæ. «Тынг нын нæ зæрдæтæ фæриссын кодта а-дунейæ йæ æнæнхъæлæджы ацыдæй. Раст æй цыма зыдта цыбыр цæрæнбон йедтæмæ йын кæй нæй, уыйау уыд æнахуыр æмбаргæ æмæ хæларзæрдæ лæппу. Уыд нæ уарзон хъомылгæнинаг. Бæллыд фаг зонындзинæдтæ райсынмæ æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Цардбæллон лæппу бирæ хæрзты бацыдаид йæ радтæг Ирыстонæн, бæргæ йæм æнхъæлмæ каст хорз фидæн, фæлæ цы загъдæуа украинæйаг фашисттæн», – радзырдта нын уый.

2022 азы 2-æм августы Уæрæсейы Уæлдæфон-десантон Æфсæдты боны Нартыхты Давиды мысынады тыххæй Цæгат Ирыстоны уагъд æрцыд турнир парашютимæ гæпп кæнынæй.

Дæ ном рох никуы уыдзæн, цæрдзæн чи дæ зыдта, уыдоны зæрдæты. Ирыстоны зæхх дын хъазы пакъуыйау фæлмæн уæд! Рухсаг у!

Хæстон мæрдæнцойад ссардта Дзæуджыхъæуы Скæсæн уæлмæрды Хъайтарты Аллейæйы.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.