Зонад-иртасæн институты актон залы 19-æм апрелы Социалистон парти «Фыдыбæстæ» ауагъта съезд. Уым сусæг хъæлæсæппæрстæй æвзæрст æрцыдысты VIII-æм æрсидты Парламенты депутаттæм кандидаттæ. Номхыгъды лидер ссис парти «Фыдыбæстæ»-йы сæрдар Гобозты Вячеслав æмæ Кокойты Тарзан, Бестауты Чермен, Хуыгаты Анатоли, Коцты Каринæ, Икъоты Риммæ, Хуыбежты Алан, Дыгъуызты Анжелæ, Хъæцмæзты Ибрагим æмæ Дзадзиты Ацырухс.  Æдæппæтæй номхыгъды ис дæс кандидаты. Дыккаг, фæндзæм æмæ æхсæзæм иумандатон зылдтæй парти раразмæ кодта  Плиты Барсæг, Годжыцаты Зураб æмæ Цхуырбаты Тимуры кандидатурæты.

Республикæйы VIII-æм æрсидты парламентон æвзæрстыты кампани уагъд цæуы тынг æндыгъд æмæ æхсæнадæмон уавæры рæстæджы, – банысан кодта Гобозты Вячеслав. «Социалистон парти «Фыдыбæстæ» цæуы ацы æвзæрстытæм куыд идеологон æмæ политикон структурæ, кæцыйæн ис здæхтытæ æмæ дырыс нысæнттæ. Нæ программæйы фæлгæтты мах фæнды куыд æддагполитикон, афтæ мидæггагон политикон фадгуыты куыстмæ цæхгæр ивындзинæдтæ бахæссын. Иууыл ахсджиагдæр нысаныл парти «Фыдыбæстæ» йæ æвзæрстыты агъоммæйы программæйы нымайы хæдбар паддзахад Аланийы райрæзт æмæ йæ фидар кæнын», – радзырдта партийы лидер Гобозты Вячеслав.

Уый фæстæ æрæмбырдуæвджыты цыбыртæй базонгæ кодта йæ æвзæрстыты агъоммæйы программæимæ.

Кокойты Тарзан æмæ Цхуырбаты Тимур цыбыртæй банысан кодтой æвзæрстыты ахсджиагдзинад.

 

***

Республикон социалистон парти «Ирон» æрæджы ауагъта æнæрадон дыккæгæм съезд, цыран раразмæгонд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ депутаттæ æвзарыны тыххæй партийæ иууон æвзарæн зылдтæй кандидаттæ.

Партийы сæрдар Къæбысты Георги банысан кодта, парти йæ разы цы æвæджиаг хæстæ æмæ плæнттæ сæвæрдта, уыдон.

Дарддæр сусæг хъæлæсæппæрстæй делегаттæ сæвзæрстой республикон номхыгъдтæм депутатон мандатмæ кандидатты. Номхыгъды сæргъ ис партийы сæрдар Къæбысты Георги. Дарддæр сты: Гæбæраты Эдуард, Гæбæраты Иринæ, Къуылыхты Мадинæ, Куымæридтаты Павел, Куыдзеты Игорь, Цæбиты Валентинæ, Хаситы Алыксандр.

Уый фæстæ æвзæрст æрцыдысты, Хуссар Ирыстоны æстæм сæвзæрст Парламентмæ депутаттæ æвзарыны тыххæй æппæт фарстыты фæдыл партийæ æххæстбарджын минæвæрттæ, уыцы нымæцы, финансон фарстытыл чи дзуапп кæндзæн, уыдон дæр.

 

***

Политикон парти «Иры Фарн» дæр æрæджы æвзæрстыты агъоммæ съезды рæстæджы раразмæ кодта радон сæвзæрст Парламентмæ депутаттæм кандидатты.

Съезды куысты хайад райстой бæстæйы раздæры Президент Тыбылты Леонид æмæ Парламенты раздæры Сæрдар Коцты Станислав.

Партийы лидер Цоциты Хох йæ раныхасы бузныг загъта мадзалы хайадисджытæн æмæ сæ базонгæ кодта, парти æвзæрстытæм цы программæимæ цæуы, уыимæ. Партийы сæйраг нысан у иудзинад – æнгомæй, æмзондæй иу хъуыдымæ цæуын.

«Æвзæрстыты агъоммæ арæх фехъусæн ис: «Мах тох кæндзыстæм æмæ архайдзыстæм, цæмæй æвзæрстыты хъæуæг æмæ æмбæлон хъæлæстæ райсæм. Фæлæ мах ахæм хъуыдыйыл хæст не стæм, тох никæимæ кæнæм, фæлæ цæуæм нæ адæмы баиу, бангом кæнынмæ. Нæ партийы сæйраг, бындурон æмæ иунæг приоритетон нысан – нæ наци æмæ нæ республикæйы æмбæстæгты бахъахъхъæнын», – загъта партийы лидер.

Съезды боны фæткмæ гæсгæ хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн æвзæрст æрцыдысты депутаттæм кандидатты номхыгъдтæ, сæ сæргъ партийы лидер Цоциты Хох. Дарддæр номхыгъдты фыццæгтæ сты: Мæргъиты Мадинæ, Джиголаты Афтандил, Цхуырбаты Сергей æмæ Тыбылты Чермен.

Политикон парти «Иры Фарн»-æй иумандатон æвзарæн зылдтæй раразмæгонд æрцыдысты: Остъаты Заринæ, Гæбæраты Азæмæт, Санахъоты Азæмæт, Зассеты  Гурам æмæ Плиты Витали.

Æвзæрстыты закъондæттынадмæ гæсгæ, партитæ æмæ иумандатон кандидаттæн рæстæг ис, цæмæй æвзæрстыты агъоммæ рæстæджы хайад райсой æмæ документты пакет регистрацимæ бавдисой Централон æвзарæн къамисмæ 25 апрелмæ.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны æстæм сæвзæрст Парламентмæ æвзæрстытæ уагъд цæудзысты ацы аз 9 июны. Æвзæрстыты хайад райсыны бар ис 12 политикон партийæн.

ТАНДЕЛАТЫ Вилена

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.