Уыд республикон политикон парти «Иугонд Ир»-ы радон, ӕстӕм съезд, цыран партийы бындурӕвӕрӕг ӕмӕ фыццаг сӕрдар, ныры архайӕг Президент Бибылты Анатоли раразмӕгонд ӕрцыд дыккаг президентон ӕмгъуыдмӕ.

Съезды куысты хайад райстой нӕ республикӕмӕ Уӕрӕсейы Федераци, Донецк ӕмӕ Луганскы Адӕмон республикӕтӕй, афтӕ ма ӕфсымӕрон Цӕгат Ирыстонӕй кусӕгон балцы ӕрцӕуӕг делегацитӕ. Уыцы нымӕцы Уӕрӕсейы Федерацийы иууыл хъомысджындӕр парти «Иууон Уӕрӕсе»-йы делегаци, йӕ сӕргъы Уӕрӕсейы Федерацийы Федералон ӕмбырды Сӕрдары фыццаг хӕдивӕг, политикон парти «Иууон Уӕрӕсе»-йы Генералон нымӕрдар Андрей Турчак, Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло, Донецкы Адӕмон Республикӕйы Сӕргълӕууӕг Денис Пушилин,  Луганскы Адӕмон Республикӕйы Адӕмон Советы Комитеты сӕрдар Денис Колес-ников, Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ Дмитри Саблин, Александр Карелин, Андрей Красов, Тайсауты Хъазбег ӕмӕ ӕндӕртӕ. .

Æнӕмӕнгхъӕуӕг процедурӕтӕ сӕххӕст кӕныны фӕстӕ съезды делегаттӕн фадат радтой сусӕг хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуӕгӕн кандидатурӕ раразмӕ кӕнынӕн. Æртӕсӕдӕ бюллетенӕй дыууӕ ӕрцыдысты хӕлдыл нымад, 297 делегаты схъӕлӕс кодтой Бибылты Анатолийы ногӕй президенты бынатмӕ раразмӕ кӕныны тыххӕй, 1 – йӕ ныхмӕ.

Уый фӕстӕ райдыдта Республикон политикон парти «Иугонд Ир» ӕмӕ Æппӕтуӕрӕсейаг политикон парти «Иууон Уӕрӕсе»-йы ‘хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл ӕмразыдзинадыл къухтӕ ӕрфыссыны церемони. Ацы ахсджиаг документыл сӕ къухтӕ ӕрфыстой «Иугонд Ир»-ы сӕрдар Тадтаты Алан ӕмӕ «Иууон Уӕрӕсе»-йы Генералон нымӕрдар Андрей Турчак.

Андрей Турчак съезды хайадисджытӕн зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта парти «Иууон Уӕрӕсе»-йы Сӕрдар Дмитри Медведевы номӕй:

– Дмитри Анатолийы фырт фидарӕй хӕцы «Иууон Уӕрӕсе» ӕмӕ «Иугонд Ир»-ы хсӕн цы ӕмразыдзинад фыст ӕрцыд, уый фарс, ӕмӕ ныфс ӕвӕры йӕ реализаци кӕнынӕн йӕхифарсӕрдыгӕй зӕрдиаг ӕххуыс кӕнынӕй.

Андрей Турчак банысан кодта, алкӕй зӕрдыл дӕр кӕй лӕууы, 2008 азы августы хӕст, гуырдзиаг тыхгӕнджытӕ фынӕй горӕты цӕрджыты скуынӕг кӕнынмӕ куы бахъавыдысты, уӕд.

– Мӕскуыйӕн йӕ бон нӕ уыд, цӕмӕй иуварсӕй кастаид уыцы ӕнӕмсӕр хӕстмӕ, Иугонд Нациты Организацийы уставмӕ гӕсгӕ ирӕттимӕ уӕхски-уӕхск ӕрлӕугӕйӕ урӕд ӕрцыд Саакашвилийы мӕлӕтхӕссӕг машинӕ. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ агрессор конд ӕрцыд сабырдзинадмӕ ӕмӕ арӕзт ӕрцыд ӕппӕт дӕр, цӕмӕй уыцы сабырдзинад фидарӕй-фидардӕр кодтаид. Уӕд Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон Думӕйы «Иууон Уӕрӕсе»-йы фракци ӕмвӕндӕй рахӕцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайын ӕмӕ дыууӕ паддзахады ӕхсӕн базӕйон ӕмразыдзинӕдтӕ ӕрфыссыны фарс. Нырыккон уавӕрты ноджыдӕр хӕцӕм Хуссар Ирыстоны территориалон ӕнӕхъӕндзинад ӕмӕ суверенитеты ӕвварс, афтӕ архайӕм республикӕйы фыст цӕрджыты сабырадон уавӕртӕй сифтонг кӕныныл дӕр.

– «Иууон Уӕрӕсе» уӕлдай ахсджиаг нысаниуӕг дӕдты Хуссар Ирыстоны ӕддагон хъахъхъӕнынадӕн. Растӕндӕр уыцы нысанӕн къухтæ фыст ӕрцыд абоны ӕмразыдзинадыл дӕр, – загъта Андрей Турчак ӕмӕ ныфс бавӕрдта, дарддӕр кӕй кӕндзысты ахӕм ӕмгуыстад сабырад ӕмӕ адӕмы размӕцыды нысӕнттӕн. Йӕ раныхасы кӕрон Андрей Турчак банысан кодта, 10 апрель кӕй суыдзӕн нысаниуӕгджын бон, уымӕн ӕмӕ уыцы бон Хуссар Ирыстоны адӕм равзардзысты, фондз азы дӕргъы президент чи уыдзӕн, уый.

– Президентӕй бирӕ кӕнгӕ у, нӕ иумӕйаг программӕтӕ куыд реализаци ӕрцӕудзысты, уый ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фидар сабырдзинад ӕмӕ адӕмы фӕрныгады реалон рӕзт. Уый хынцгӕйӕ, тынг ахсджиаг у, цӕмӕй иууыл бӕрзонддӕр бынатмӕ цӕуӕг кандидатмӕ ӕрмӕст фӕндондзинад ӕмӕ профессионалон зонындзинӕдтӕ ма уа, фӕлӕ йӕм уа бирӕазон куысты фӕлтӕрддзинад ӕмӕ йыл хъуамӕ ӕууӕндой йӕ мӕскуыйаг коллегӕтӕ, – загъта «Иууон Уӕрӕсе»-йы  Генералон нымӕрдар.

Андрей Турчак йӕ ныхасмӕ бафтыдта, Бибылты Анатоли аивгъуыйгӕ азты йӕхи кӕй равдыста  бӕрнон паддзахадон сӕргълӕууӕгӕй, адӕмы проблемӕтӕ реалонӕй аскъуыддзаг кӕнын кӕй бон у, ахӕм адӕймагӕй.

– Анатоли Ильяйы фыртмӕ ис паддзахадон арӕзтады ӕнӕмӕнгхъӕуӕг зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад, уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг  ахастытӕ активонӕй рӕзын кӕныны хисӕрмагонд потенциал. Уӕлдайдӕр та хъӕуӕг фӕлтӕрддзинад ӕмӕ арӕхстдзинад кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймаг хицауиуӕгады бынатмӕ бахаугӕйӕ, ӕхсӕнады дихдзинад, гуырысхойаг реформӕты реализаци ӕмӕ кадрты ӕмхӕццӕдзинад ӕркӕнынц ӕндыгъддзинадмӕ. Æвзӕрстыты фӕстиуӕг ӕппӕтӕй дӕр баст у хуссарирыстойнаг ӕвзарджытыл ӕмӕ йын уыдзӕн стыр нысаниуӕг Хуссар Ирыстоны фидӕны царды, – загъта Андрей Турчак.

Съезды хайадисджыты раз раныхас кодта Донецкы Адӕмон Республикӕйы Сӕргълӕууӕг Денис Пушилин. Уый бузныджы ныхӕстӕ загъта парти «Иугонд Ир»-ы адресыл, Бибылты Анатолийы кандидатурӕ дыккаг президентон ӕмгъуыдмӕ кӕй раразмӕ кодтой, уый тыххӕй.

– Растӕндӕр ныртӕккӕ бацыдыстӕм мах нӕ ӕмарахайд ӕмӕ ӕмгуыстады практикон размӕцыдмӕ, мах стӕм кӕронбӕттӕн стадийыл, цӕмӕй нӕ программӕтӕ ӕрцӕуой реализацигонд ӕмӕ сын уа конкретон фӕстиуӕг, кӕцы фӕстиуӕг фӕахъаз уыдзӕн Донбас ӕмӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн. Уый тыххӕй хъӕуы конкретон политикон уынаффӕ. Æмӕ кӕд хуссарирыстойнаг ӕвзарджытӕ Анатоли Ильяйы фырты равзарой дыккаг ӕмгъуыдмӕ, уӕд уыцы проекттӕ ӕрцӕудзысты реализацигонд.

Бибылты Анатолийы кандидатурӕ раразмӕ кӕныны тыххӕй съезды раныхас кодтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент Цыбырты Людвиг, газет «Хурзӕрин»-ы сӕйраг редактор Гӕбӕраты Юри ӕмӕ Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим.

Съезды делегаттӕ ӕмӕ уазджыты раз раныхас кодта паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатоли йӕхӕдӕг дӕр. Уый бузныджы ныхӕстӕ загъта съезды делегаттӕн, се ‘уӕнк ыл кӕй бафтыдтой, уый тыххӕй ӕмӕ ныфс бавӕрдта, ӕппӕт тыхтӕ дӕр кӕй аздахдзӕн уыцы ӕууӕнк бафидар кӕнынмӕ.

– Республикӕ йӕхи цӕттӕ кӕны ахсджиаг политикон цаумӕ – президентон ӕвзӕрстытӕм, кӕцытӕ уагъд цӕуынц ӕвдӕм хатт. Хуссар Ирыстон дарддӕр цӕуы йӕ рӕзты фӕндагыл, куыд демократон паддзахад, афтӕ, алы ӕмбӕстагӕн дӕр ис хъӕлӕс радтыны, кӕмӕн ӕй фӕнды, уыцы кандидаты фарс рахӕцыны бар.

Йӕ раныхасы Бибылты Анатоли ранымадта, аивгъуыйгӕ фондз азы къухы бафтгӕ ӕнтыстыты, куыд социалон-экономикон къабазы, афтӕ ӕддагон политикӕйы дӕр. Номхуындӕй: фиддонон системӕ сфидар кӕнын, хисӕрмагонд фӕрӕзты бӕрц фӕфылдӕр кӕнын, капиталон арӕзтад ӕмӕ инфраструктурӕйы объектты эксплуатацимӕ радтын, бюджетон къабазы кусджыты куыстмызд фӕфылдӕр кӕнын, алыгъуызон ӕххуыстӕ ӕмӕ социалон бафыстытӕм бафтауын, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны рӕзт, чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгадӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Паддзахады сӕргълӕууӕг нӕ ахызт Дзабиты Иналы трагикон мӕлӕты темӕйы иувӕрсты дӕр:

– Мӕнӕн мӕ бон нӕу ацы трибунӕйӕ не ‘мбӕстаг Дзабиты Иналы трагикон мӕлӕты кой ма скӕнын, кӕцы рыстдзинад ӕрхаста махӕн не ‘ппӕтӕн дӕр, ӕнӕхъӕн Хуссар Ирыстонӕн, ӕмӕ дӕргъвӕтин рӕстӕджы дӕргъы уыдзӕн нӕ национ политикон боны фӕткы. Æз ныры онг дӕр дзырдтон ӕмӕ йӕ ноджыдӕр зӕгъын, мах ӕнӕрлӕугӕйӕ архайдзыстӕм трагедийы ӕппӕт уавӕртӕ дӕр раиртасыныл, ӕмӕ цы рцыд, уыцы хъуыддаджы аххосджын чи у, уыдон та ӕрлӕудзысты тӕрхондоны раз ӕмӕ дзуапп ратдзысты сӕ фыдракӕнды тыххӕй. Республикӕйы къух-дариуӕгады раз лӕууы барадхъахъхъӕнынады реформӕтӕ ауадзыны, куысты гъӕд ӕмӕ кусджыты профессионалон цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны хӕс.

Хуссар Ирыстоны ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыздӕхты Президент банысан кодта ӕрмӕст хӕларадон бӕстӕтимӕ ахастытӕ рӕзын кӕныны фарст нӕ, фӕлӕ Гуырдзыстоны рдыгӕй реваншистон тырнындзинадты ныхмӕ тох кӕнын дӕр:

– Фӕстаг фондз азы дӕргъы гуырдзыйы хицӕуттӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ сӕххӕст кодтой провокацион архайдтытӕ арӕнгӕрон зонӕйы. Æндыгъдады сӕйраг тӕссагдзинад сӕвзӕрд Знауыры районы Уисты хъӕуы алфӕмблай. Уый тыххӕй Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады бахъуыд ӕдасдзинады барӕнтӕ райсыны, уӕлӕмхас постытӕ сӕвӕрыны сӕр.

Æрмӕстдӕр иумӕйагнацион ӕмразыдзинады уавӕрты бауыдзӕн махӕн нӕ бон размӕ цӕуын, банысангонд плӕнттӕ сӕххӕст кӕнын, нӕ адӕмы цард хуыздӕрырдӕм фӕивын. Нӕ республикӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы Федераци дыууӕфарсон бадзырдты бындурыл уӕлдӕр ӕмвӕзадыл фидар кӕнынц иумӕйаг ӕдасдзинады тыгъдад. Уӕрӕсеимӕ стратегион цӕдисад, интеграцион ахастытӕ рӕзын кӕнын у нӕ адӕмы ӕддагон агрессийӕ бахъахъхъӕныны сӕйраг гарант.

Рӕзты перспективӕтӕ, фыццаграды, хъуамӕ размӕ кӕной нӕ националон экономикӕ. Республикӕйӕн ис фаг ресурстӕ, цӕмӕй аразӕм дарддӕры плӕнттӕ, цӕуӕм рӕзты фӕндагыл, – загъта Бибылты Анатоли.

Рагацау ӕй зонӕм, кӕй та разындзӕн, нӕ цӕстмӕ нын азым чи бадара, ахӕмтӕ, ома, ӕндӕр кандидатты раздӕр раразмӕ кодтой, фӕлӕ уыдонӕй иуы тыххӕй дӕр информаци нӕ радтам. Хуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ парти «Иугонд Ир»-ы разамынд съезд ауадзынӕй дыууӕ къуыри раздӕр редакцимӕ ӕрбарвыста официалон фыстӕг, цӕмӕй хайад райсӕм сӕ съезды куысты ӕмӕ информаци дӕр радтӕм. Иннӕ кандидаттӕй нӕ, нӕ дӕр партитӕй, нӕ дӕр – хъӕппӕрисон къордтӕй ничи ницӕмӕ ӕрдардта. Никуы дӕр нын Централон ӕвзарӕн къамис фехъусын кодта развӕлгъау. Уӕдӕ куыд бакӕнӕм, нӕхӕдӕг зилӕм уынгты, ӕмӕ адӕмы рафӕрс-бафӕрс кӕнӕм, президенты бынатмӕ кӕй фӕнды, кӕй кӕм ӕмӕ кӕд размӕ кӕндзысты, уыдӕттӕ базоныны тыххӕй? Ис закъон ӕвзӕрстыты тыххӕй, цы ран алкӕмӕн дӕр бӕстон фыст сты йӕ комкоммӕ хӕстӕ, ӕмӕ ӕххӕсткӕнинаг у алкӕмӕн дӕр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.