Февралы мæйы райдианы нæ республикæйы Сывæллæтты реабилитацион рынчындоны Мæскуыйæ æрхонгæ дохтыр Цыбырты Георги сараздзæн цалдæр пъланон операцийы.

Уый нæ республикæмæ æрцыд Æнæниздзинады министр Джыгкайты Томасы æрхуындмæ гæсгæ.

Цыбырты Георги у медицинон зонæдты кандидат. Травматолог-нейрохирург январы мæйы сарæзта æртæ вазыгджын операцийы, 30 сывæллоны та сгаргæ бакодта. Развæлгъау дохтырмæ цы номхыгъд сырæзт, уым бирæ фылдæр нысангонд операцийы уыд, фæлæ уыдонæй равзæрстой уæззаудæр уавæры чи ис, ахæмты. Иннæтæн та максималон æгъдауæй бæстон консултацитæ радтой.

Травматолог-нейрохирург куыд зæгъы, афтæмæй уымæн, Ирыстонмæ кæй æрцыд, уый æхсызгон у: «Адæм мæм иууылдæр фæлмæн ахаст дарынц. Хъыгагæн, цы пациенттæ басгæрстон, уыдонæй æртæ разынд, æрхæгты низæй чи тыхсы, ахæмтæ. Уыдонæн хъæуы операцитæ скæнын. Ам уæхимæ дæр реабилитацион рынчындоны хорз уавæртæ ис. Уæ  дохтыртæн дæр сæ бон у вазыгджын операцитæ бынаты аразын», – загъта уый.

Дохтыр-травматологæй цы чысыл пациент рахызтис, уый мын радзырдта: «Бандоныл мæ куы æрбадын кодта, уæд мæ бæстон æрфарста мæ низыхаттæй. Йæ къухы бавнæлд – фæлмæн, йæ ныхас уæздан. Цыма мæ рагæй зыдта, афтæ ныхас кодта мемæ. Лæмбынæг мæ басгæрста æмæ мæ мадæн загъта, мæ уавæры куыд хос кæнын хъæуы, цавæр физикон фæлтæрæнтæ аразын хъæуы, цæмæй мæ къахыл æдæрсгæйæ лæууон», – зæгъы чысыл Гоша.

Уæззаудæр рынчынтæй кæмæндæртæн бынаты схосгæнæн нæй, дохтыр уыдоны фæхондзæнис Мæскуымæ, цæмæй хуыздæр сгæрст æрцæуой сæрмагонд клиникæты. «Æз бацархайдзынæн, цæмæй уыдонæн Æнæниздзинады министрад рахицæн кæна фæндаггæгтæ, операцитæ та арæзт æрцæудзысты æнæаргъæй», – загъта Цыбырты Георги.

Æнæниздзинады министрады пресс-службæ куыд зæгъы, афтæмæй дарддæр дæр хондзысты УФ-йæ сывæллæтты дохтырты, цæмæй уыдон бынаты скъуыддзаг кæной, чысыл пациентты цы методмæ гæсгæ хъæуы дзæбæх кæнын, уыцы фарстатæ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.