1944 азы 27-æм январы фæцис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты трагикон цаутæй иу. Кæронмæ  ист æрцыд 872 бонон Ленинграды блокадæ.

Ленинграды блокадæ райдыдта 1941 азы 8-æм сентябры, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 79-æм боны. Уæрæсейы цæгаттаг столицæйы æртææнусон историйы иууыл трагикондæр боны.  Ленинграды алыварс сырæзт блокадæйы цæг. Гитлеры планмæ гæсгæ, Ленинградæн ницахæм фидæн уыд: гермайнаг разамынад æмæ, сæрмагондæй Гитлер йæхæдæг фæнд кодтой горæты зæххы æмвæз скæнын æмæ йæ цæрджытæ та хъуамæ амардаиккой уазалы æмæ æххормагæй. Ахæм хъусынгæнинæгтæ хъуыстысты Финляндийæ, Германы æмцæдисоны разамынадæй дæр.

Сæ план сæххæст кæныны тыххæй, немыцæгтæ Ленинградыл æгъатырæй калдтой бомбæтæ, æхстой йæ артиллерийæ. 8-æм сентябры, блокадæ райдианы боны, горæтыл æркалдтой бирæ бомбæтæ. Гитлеры директивæ «Будущее города Петербурга»-йы амынд уыд: «Фюрер райста уынаффæ Петербургы зæххы æмвæз скæныны тыххæй. Ацы хæст цæуы уæвынады бары тыххæй æмæ мах нæ фæнд кæнæм, æгæрыстæмæй, цæрджыты иу хай бахъахъхъæнын дæр».

1941 азы 22-æм июны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы Ленинграды здæхты ныццæвын хæсгонд æрцыд немыцаг армийы æфсæддон къорд «Север»-æн, инæлар-фельдмаршал фон Леебы командæкæнынадæн. «Север»-ы æфсады къорды уыд 700 мин адæймаджы, дæс мин хæцæнгарзы æмæ минометы, 380 танкы, уæлдæфæй сæ хъахъхъæдтой люфтваффейы 1-аг уæлдæфон флоты 400 хæдтæхæджы. Уыдон хъуамæ скуынæг кодтаиккой Прибалтикæйы Сырх Æфсады къордты, сæ хъавд уыд Балтийы денджызы æфсæддон-денджызон базæтæ бацахсын æмæ 21-æм июлмæ Ленинграды сæхи бакæнын. 9-æм июлы бацахстой Псков, 10-æм июлы та немыцаг хæйттæ «Север»-ы 4-æм танкон къорды тыхтæй рахызтысты цæугæдон Плюссамæ æмæ дарддæр сæ фæндаг сарæзтой Лугæмæ. 21-æм августы немыцæгтæ бацахстой Чудовойы станц, уымæй Октябры æфсæнвæндаг алыг кæнгæйæ, æмæ аст боны фæстæ та бацахстой Тоснойы. 3 августы бацахстой егъау æфсæнвæндаг Мгайы. 1941 азы 8-æм сентябры, немыцæгтæ Шлиссельбург куы бацахстой, уый фæстæ райдыдта Ленинграды блокадæ. Блокадæйы рæстæджы Ленинградыл æрæппæрстой 107 мин судзæн æмæ фугасон авиабомбæйы æмæ 150 мин артиллерион снарядæй фылдæр.

ХЪИЗÆМАРЫ 872  БОНЫ

Ленинграды уыд 2,5 милуан адæймагæй фылдæр, уыцы нымæцы 400 мин сывæллоны дæр бахаудысты блокадæйы. 10-æм сентябры люфтваффейы тæхджытæн сæ къухты бафтыд Алексей Бадаевы номыл æфтауцдæттыл бомбæтæ æркалын. Зынгсивæрзты фæстиуæгæн горæт фæцух хæлцадон продуктты зынгæ фæсауæрцтæй. Цадæггай горæты фесты æртаджы, доны фæсауæрцтæ, нал дзы уыд электрон рухс, хъæрмад. Горæты цæрджытæн хæлцадон продукттыл баконд æрцыд карточкæйон системæ. 1941 азы 20-æм ноябрмæ кусджытæн дзулы нормæ уыд боны дæргъы 250 граммы онг, иннæ цæрджытæн та – 125 граммы. Фæсауæрцтæ уыдысты цъус, бахъуыд сæ хæлцадон суррогаттæй спайда кæныны сæр.

Немыцæгты нысан уыд æрмæст ахсджиаг куыстуæттыл бомбæтæ æркалын нæ, фæлæ ма цæрджыты ‘хсæн паникæ саразын. Уый тыххæй кусгæ боны райдианы æмæ йæ кæроны уæлдай тынгдæр æхстой горæт. 1941-1942 азты фæззæг æмæ уалдзæг уыдысты блокадæйы иууыл тæссагдæр рæстæг. Рагзымæг йемæ æрбахаста уазал. Хъæрмад æмæ тæвд дон нал уыд,  ленинградæгтæ иу чысыл сæхи ахъарм кæныны тыххæй судзын райдыдтой хъæдын хæдзарон дзаумæттæ, чингуытæ, чысыл хъæдын хæдзæрттæ пырх кодтой æмæ сын сæ хъæдæрмæг сыгътой. Транспорт æрлæууыд. Дистрофи æмæ уазалæй адæм мингæйттæй мардысты.

 

ЦАРДЫ ФÆНДАГ

Стыр зæххимæ Ленинградæн бастдзинад кæй нал уыд, уымæ гæсгæ  1941 азы сентябрæй 1943 азы марты онг æрхъулагонд горæты ифтонг кодтой иунæг æфсæддон стратегион транспортон магистралыл. Уый цыд Ладогæйы цадыл. Ихын трассæ – легендарон «Царды фæндаг»-æй пайда кæнын райдыдтой 1941 азы 22-æм ноябры. Ластой йыл æфсæддон æрмæджытæ, хæлцад, æртаг, эвакуаци кодтой рынчынты, цæфты æмæ сывæллæтты, афтæ ма йыл заводтæ æмæ фабриктæн ластой ифтонггæрзтæ.

ГОРÆТ НÆ АМАРД

Горæты дарддæр дæр куыстой 200 куыстуатæй фылдæр, уыцы нымæцы авд науаразæн заводы. Уыдон рауагътой 13 донбындзугæнæн науы.  Заводты станокты фарсмæ слæууыдысты 13-14-аздзыд æнахъомтæ. Уыдон баивтой сæ фыдты, кæцытæ ацыдысты фронтмæ. Ленинграды цур немыцаг æфсад фесты 29 мæйы. Уыцы рæстæгмæ уыдон сарæзтой хъахъхъæнынады тынг тыхджын системæ. Фронты хицæн фадгуыты йæ арфад хæццæ кодта 260 километрмæ. Немыцаг хъахъхъæнæнтæ уыдысты тыхджындæр советон-гермайнаг фронты. Схуыдтой йæ «Северный вал». Ленинграды цур сын уыд егъау артиллерион къорд. Йе сконды уыд 4100 хæцæнгарзы æмæ минææхсæнæй фылдæр. Ленинграды фронты хуссар секторы раз фыццаг хаххы гитлеронтæ æрæмбырд кодтой 12 фистæгæфсадон æмæ иу танкон дивизи. Уыдис сын  уырдæм ноджы æхсæз фистæгæфсадон дивизи арвитыны фадат. Ленинграды цурмæ æрбаппæрстой  Югославийæ 3-аг танкон-гренадерон корпус æмæ 50 мин адæймаджы онг баххæст кæныны тыххæй.

 

БЛОКАДÆ СИСЫНЫ ОПЕРАЦИ

1943 азы 12-æм январы Ленинграды æмæ Волховы фронттæ æрæвнæлдтой операци «Искра»-мæ. Йæ нысан уыд Ладогæйы цады хуссары гермайнаг æфсæдты къорды ныппырх кæнын æмæ Стыр зæххимæ Ленинграды бастдзинад сæндидзын кæнын. 18-æм январы аскъуыдтой блокадæйы цæг, уыцы бон сæрибар æрцыд горæт-фидар Шлиссельбург æмæ Ладогæйы цады æппæт хуссар донбылгæрон асыгъдæг кодтой знагæй. 17 боны дæргъы сырæзгæ къæлидорыл æвæрд æрцыдысты æфсæнвæндаг æмæ автомобилон фæндæгтæ. Æмæ 7-æм февралы Ленинградмæ æрбацыд фыццаг æфсæнвæндаджы сконд.

 

ОПЕРАЦИ «ЯНВАРСКИЙ ГРОМ»

1944 азы 14 январы Ленинградаг, Волховаг æмæ 2-æм Прибалтийон фронтты æфсæдтæ райдыдтой Ленинградаг-Новгородаг стратегион размæбырст «Январский гром»-ы кодон номы бын Ленинграды блокадæ æххæстæй сисыны фæдыл. Размæбырст конд уыд цалдæр этапæй. 20-æм январмæ советон æфсæдтæ ныппырх кодтой ныхмæлæууæджы Красносельскаг-Ропшинскаг къорды. 1944 азы 27-æм январы Ленинград æххæстæй ссæрибар ис блокадæйæ.

Уæлахизы сæраппонд уыцы бон Ленинграды уыд артиллерион салют æмæ фейерверк. 27-æм январы изæры ленинградаг радиойы ралæвæрдтой бардзырды текст Ленинграды блокадæ æххæстæй ист кæй æрцыд, уый тыххæй. Горæты дæсгай мин цæрæджы рахызтысты уынгтæм, фæзуæттæм, цæугæдон Невæйы донбылгæрæттæм. Салют райдыдта 20 сахатыл, айхъуыстысты 324 хæцæнгарзæй артиллерион сармадзаны 24 æмæхсты. Блокадæ сисыны онг Ленинграды æмæ горæтгæрæтты 3 милуан  цæрæгæй баззад æрмæстдæр 800 мин адæймаджы. Æххормаг æмæ æхстытæй алыгъуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ амард 641 минæй 1 милуан ленинградаджы онг. Фæцæфтæ сты 34 мин адæймаджы. Æнæ хæдзæрттæй баззадысты 716 мин цæрæджы. 1941-1942 азты «Царды фæндаг»-ыл æмæ уæлдæфыл эвакуаци æрцыдысты 1,7 милуан адæймаджы.

Ленинграды фронты 350 мин салдат æмæ афицеры хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй, 226 адæймагæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном. Æдæппæтæй цæгатныгуылæн здæхты Советон Цæдисы хъайтары ном саккаг кодтой 486 адæймагæн (уыдонæй аст адæймагæн – дыууæ хатты).

27 январь нымад цæуы Уæрæсейы æфсæддон кады боныл. Ленинграды хъæбатыр хъахъхъæнынад ссис советон адæмы æхсардзинады символ. Хæсты æгæрон хъайтардзинады æмæ хиснывонд кæныны аргъæй Ленинграды цæрджытæ бахъахъхъæдтой сæ горæт. 1942 азы 22-æм декабры фидар æрцыд «За оборону Ленинграда»-йы майдан. Ацы майданæй хорзæхджын æрцыдысты 1,5 милуан адæймаджы.

1945 азы 26-æм январы горæт Ленинграды тырысайыл фæзынд Ленины орденæй. 1945 азы 1-æм майæ Ленинград у Горæт-хъайтар. 1965 азы 8-æм майы горæтæн лæвæрд æрцыд «Сырх стъалы»-йы орден.

 

ИРÆТТЫ ХАЙБАВÆРД БЛОКАДОН ЛЕНИНГРАДЫ ТОХТЫ

Блокадон Ленинграды фæмард Дзауы районы Къусджыты хъæуккаг, фыццаг ирон профессионалон композитор, 265-æм хицæн пулеметон-артиллерион батальоны адæмон хæдæфсады хæстон Гаглойты Зауыр. 1941 азы Ленинград хъахъхъæныны фронты раззаг хаххы тохты фæмард Гаглойты Зауыр.

Уыцы тохты ма хайад райста Сланты Леонид, æртæ хæсты хайадисæг. Уый райгуырд Брытъаты комы. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй Леонид хорзæхджын æрцыд Ленины орденæй, Сырх Тырысайы æхсæз орденæй, Сырх Стъалыйы æмæ Фæллойы Сырх тырысайы ордентæй, дыккаг къæпхæны Суворовы орденæй. Блокадæ атоныны хайад истой Тæхæг Абайты Михаил, афицер Сабанты Семен æмæ бирæ æндæртæ.

Ленинграды блокадæ сисыны боны сæраппонд Уæрæсейы Федерацийы æрвылаз дæр вæййы алыгъуызон мадзæлттæ.  2024 азы 26-æм январæй 2-æм февралмæ Санкт-Петербург æмæ Ленинграды областы уагъд æрцæудзæн Æппæтуæрæсейаг фестиваль «Играй, гармонь блокадная». Ансамблты репертуармæ бацæудзысты блокадон Ленинграды æмæ йæ цæрджыты тыххæй историон æмæ нырыккон зарджытæ. 27-æм январы Ленинграды ацæудзысты мысæн акцитæ, тематикон равдыстытæ æмæ афтæ дарддæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.