Æрæджы Хъарман-Сындзыхъæуы скъолайы бындурыл Ирыстоны историйы фыццаг хатт байгом агрокълас. Йæ нысан у хъæууон хæдзарады дæсныйæдты кад фæстæмæ раздахын, исты уæлæмхасæн зонындзинæдтæ райсын.

Куыд зонæм, афтæмæй хъæууон хæдзарады рагæй нал фаг кæны фæлтæрд специалисттæ, бæрзондквалификациджын кусджытæ. Уыдон та, хуыздæр уыдзæн, скъолайы бацæттæ кæнын.

Цæгат Ирыстоны разамынд куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм кълæстæ фæзындзæн республикæйы бирæ скъолаты. Уым уæлæмхас зонындзинæдтæ райсæн уыдзæн хъæууон хæдзарады алы къабазы дæр. Æмцегад сын кæндзæн хъæууонхæдзарадон институт. Сæрмагонд кълæсты лекцитæ дæр кæсдзысты ацы институты хуыздæр студенттæ æмæ ас­пиранттæ. Агрокълæсты уæлæмхас ахуырад чи райса, уыдон уыдзысты уæлдæр амынд уагдоны фидæны студенттæ.

Теорийæ уæлдай сывæллæттæм æнхъæлмæ  кæсынц  практикон ахуыртæ. Цæудзысты аграрон куыстуæттæм, зонгæ кæндзысты фæлтæрд специалистты куыстытимæ. Сæ бон уыдзæн сæ тыхтæ хъæууон хæдзарады къабазы кæмфæндыдæр бафæлварын.

Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ацы кълæсты бакæнын у рæстæджы ахсджиаг домæн æмæ хуыздæрæрдæм сахаддзæн хъæууон хæдзарады къабазыл.

 

УАЗÆГ – ХУЫЦАУЫ УАЗÆГ

Белгороды губернатор Вячеслав Гладков Уæрæсейы регионтыл цы аст мин сывæллоны байуæрста, уыдонæй 200 суазæг кодта Цæгат Ирыстон дæр. Уым, куыд зонæм, афтæмæй уавæр нырма дæр у æндыгъд.

Сывæллæтты æрцæрын кодтой хидзæбæхгæнæн бæстыхæйтты, цæмæй сын цæрынæн æппæт уавæртæ дæр уа æмæ сæ æфхæрд зæрдæтæм рухс бакæса. Уыимæ сын бацæттæ кодтой ахуырадон æмæ алыхуызон хиирхæфсæн программæтæ, экскурситæ…

«Мах сараздзыстæм æппæт дæр, цæмæй ацы зын рæстæг уазæг сывæллæттæн махмæ уа æдас æмæ хорз. Сæ рæстæг æрвитой республикæйы цымыдисаг бынæтты æмæ райсой  рæсугъд  тæлмæнтæ, сæ ахуырæй  дæр ма  бакъуылымпы уой», – загъта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

                                                           Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.