Хуссарирыстойнаг спортсмен Алексей Чеботарев 14-15-аздзыд спортсменты ‘хсæн ссис æппæтстилон каратэйæ Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты горæт Орелы. Тренер Хъуылымбегты Мамеды хъомылгæнинаг архайдта «æппæт контакт»-ы дисциплинæйы. Алексей акодта 5 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын иууыл зындæр тохтæ рауадысты æрдæгфинал æмæ финалы, кæцыты фембæлд Дагъыстан æмæ Адыгяйы минæвæрттыл.
Ацы æнтысты фæрцы ма Чеботарев бахаудта Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы скондмæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны минæвар кæй ссис æппæстилон каратэйæ УФ-йы æмбырдгонд командæйы уæнг. Ныр ноябры мæйы бæстæйы æмбырдгонды сконды Алексей хайад райсдзæн йæ кары спортсменты ‘хсæн дунейы чемпионаты.
Тренер Хъуылымбегты Мамед куы фехъусын кодта, афтæмæй сын ерыстæм ацæуынæн баххуыс кодта паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан.
ХУРИТЫ Батрадз