Ацы азы райдайæнæй Цæгат Ирыстоны Коммуналон хæдзарады министрад бавнæлдта национ программæйы дыккаг хай «Жилье и городская среда» царды уадзынмæ. Йæ нысан у бирæфатерон цæрæн хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон бынæттæ саив кæнын. Уый хауы канд Дзæуджыхъæу нæ, фæлæ республикæйы æппæт районтæм.
Ивгъуыд азы кæронмæ, æртæ азы æмгъуыдмæ, программæйы фыццаг хай æххæст кæнгæйæ, бантыст 102 æхсæнадон фæзуаты æмæ 307 кæрты саив кæнын. Уырдæм хауы амынд бынæттæ цъæхфæлыст скæнын, тренажертæ, бандæттæ æмæ дзы броны ног контейнертæ сæвæрын æмæ ма дзы цæрджыты удæнцойæн алы уавæртæ саразын. Программæ аххæсдзæн 2024 азы кæронмæ æмæ уыцы æмгъуыдмæ аивгонд æрцæудзысты 123 æхсæнадон бынаты æмæ 106 кæрты. Уыдонæй ацы азы кæронмæ арæзт æрцæудзæн 42 æхсæнадон бынаты æмæ 57 кæрты. Куыст цæудзæн æппæт районты дæр.
Проекты нысан у республикæйы экономикæйы рæзты уæлдай ма аив регионы цæрын дæр, уазджытæ æмæ йæм туристтæ се ‘ргом тынгдæр куыд раздахой.

АЛЫ БРОН – ХИЦÆНÆЙ
Цæгат Ирыстоны дæр, размæцыд европæйаг бæстæты фæзмгæйæ, уыцы иу бынæтты æвæрын райдыдтой броны цалдæргай контейнертæ. Алы контейнер дæр дзы уыдзæн хицæн бронæн. Йæ уæлæ уыдзæн, цы æппарæн дзы ис, уый ныв. Уыдоны уыдзысты хæлцадон продуктты уæлдæйттæ, гæххæтт, пластикон мигæнæнтæ, авгæй дзаумæттæ æмæ энерги фæстауæрц кæнæн цырæгътæ. Се ‘ппæт дæр – хицæнтæй. Уæлдайдæр – электрон цырæгътæ. Куыд зонæм, афтæмæй уыдонæй чи басудзы, уый фæуадзы хъæстæ газтæ æмæ стыр зиан хæссы алфæмблай æрдзæн. Уый тыххæй рагæй дæр размæцыд бæстæты ацы цырæгътæн иннæ брæттимæ æппарæн нæ уыди, фæлæ сæрмагонд контейнерты. Брæттæ хицæнтæй æппаргæйæ ма бронкуыстгæнæг заводæн дæр сæ куынæг кæнын уыдзæн æнцондæр. Уымæн æмæ уыцы брæттæй кæцыдæртæн радтынц ног цард æмæ сæ дарддæр спайда кæнынц.
Ацы куыстытæ кæнынц Дзæуджыхъæуы бынæттон администраци æмæ Коммуналон хæдзарады министрад. Ныридæгæн æвæрд æрцыд 700 контейнеры бæрц.

ХЪÆУУОН ХÆДЗАРАДЫ КУСДЖЫТÆН – ХÆДЗÆРТТÆ
Хъæууон хæдзарад у цардуаджы зын æмæ ахсджиаг къабаз, йæ кусджытæ та сты бæркадхæссæг адæмæн. Фæлæ арæх рохуаты баззайынц. Ныр республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло кæрон сæвæрынмæ хъавы уыцы æнæрастдзинадæн. 2022 азы программæ «Комплексное развитие сельских территорий»-ы фæлгæтты ацы къабазы хуыздæр кусджытæн арæзт æрцæудзæн авд бирæфатерон хæдзары, сæ иумæйаг фæзуат – 738 квадратон метры. Хæдзæрттæ арæзт æрцæудзысты республикæйы алы районты центрты. Арæзтадæн разамынд дæттынц Хъæууон хæдзарады министрад æмæ бынæттон администраци. Уый тыххæй уал нырма рахицæн кодтой 25 милуан сомы федералон æмæ бынæттон бюджеттæй. Хæдзæртты фарста алыг кæныны фæстæ та дзырд цæудзæн хъæууон хæдзарады активон кусджыты премитæй хорзæхджын кæныныл.

 

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.