Мыхуыры рацыд æмæ йæ кæсджытæм фæхæццæ сывæллæтты уарзон журнал «Ногдзау»-ы ацы азы дыккæгæм номыр Журнал хъæздыг у алыхуызон цымыдисон æрмæджытæй æмæ нæ рæзгæ хуртæн барухс уыдзысты сæ зæрдæтæ.

Сæххæст 155 азы Гуырдзыбегты Бласкæйы райгуырдыл. Уый тыххæй журнал йæ фыццаг фарсыл мыхуыр кæны йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй цыбыр зонæнтæ, ис дзы йæ къам дæр.

Ирон адæммæ бирæ бæрæгбонтæ ис, уыдонæй сæ иу у бæлдæрæн æмæ йын дзырдæуы йæ нысаниуæджы тыххæй. Бæрæгбоны тыххæй æрмæг бакæсæн уыдзæн ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл.

Се ’мдзæвгæтæ мады тыххæй журналы фæрстыл мыхуыр кæнынц Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы 6-æм къласы ахуыргæнинаг Цхуырбаты Мария æмæ Беслæныхъæуы 6-æм скъолайы 8 «б» къласы ахуыргæнинаг Лазарты Аринæ. Дарддæр «Ногдзау»-ы мыхуыр æрцыд Дзæуджыхъæуы 43-æм скъолайы 5 «а» къласы ахуыргæнинаг Габелашвили Миланæйы «Диссаджы арс Мишкæ». Мады тыххæй нæ поэттæ æмæ музыканттæ дзæвгар зарджытæ сфæлдыстой. Ацы номыры дæр мыхуыр ис «Мады зарæг»-ы текст, ныхæстæ йын ныффыста Тыбылты Д., музыкæйы автор та у Тотраты О.

Редакци хорз кæны, Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтимæ кæстæрты кæй зонгæ кæны, уымæй. Ацы номыры дæр та базонгæ уыдзысты футæг, хъугдæй, дзæхæрахоримæ.

«Ногдзау»-ы кæсджытæ базондзысты ирон æрвадæлон мыггæгтæй Хъазитæ æмæ Икъаты цæрæн бынæттæ, стæй сæ равзæрды тыххæй.

Ирыстонмæ йе гæрон уарзт æвдисы Беслæныхъæуы 1-æм астæуккаг скъолайы 10-æм «а» къласы ахуыргæнинаг Гуырцъыты Вадим йæ уац «Ды дæ мæ зæрдæйы, Ирыстон»-ы.

«Хæлардзинад»-афтæ рахуыдта йæ аргъау 12-аздзыд ахуыргæнинаг Уадзаты Лаурæ. Мыхуыр дзы æрцыд аргъау «Уызын» дæр, уырыссаг æвзагæй Безаты Фаризæйы тæлмац.

Журналы бакæсæн ис уырыссаг æвзагыл «Португальская народная сказка». Ирон фысджытæй та дзы базонгæ уыдзысты Джимиты Кларæйы уацмыс «Рувас æмæ къæбыла»-имæ.

Редакци нæ ферох кодта йæ хуссайраг æвзонг райдайгæ авторты дæр. Ацы номыры фæндаг радта Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы 7-æм къласы ахуырдзау Икъаты Дмитрийы радзырд «Алан æмæ кæсаг»-æн. Нæ рæзгæ фæлтæр Нарты эпосæй базонгæ уыдзысты Батрадзы райгуырды тыххæй. Мыхуыр ма дзы æрцыдысты æмæ кæсджытæ æхсызгонæй базонгæ уыдзысты «Сурджытæй — цæвджытæй хъазт», аргъау «Мæлдзыг уалдзæгмæ куыд æнхъæлмæ каст», «Базон-базонтæ», «Ахуыр кæнæм хуызтæ», «Ахуыр кæнæм мадæлон æвзаг», «Чи цы æрцахста», «Æмбисæндтæ», «Хъазт», «Ногдзау»-ы конкурсты уæлахиздзаутæ«, «Фильворд», сканворд æмæ дзырдбыдимæ.

Журнал аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл хорз бакуыстой нывгæнджытæ Абайты Аркади, Дзиуаты Земфирæ æмæ Айларты Владимир.

Хуыбиаты Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.