Абон кæд знæт æмæ æгъатыр дуджы цæрæм, уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ, нæ алыварс бирæ ис, сæ царды нысан искæмæн исты балæггад кæнын кæмæн у, ахæм адæймæгтæ. Сæ къух сæ куыд амоны, афтæ лæггад кæнынц æххуысхъуаг адæмæн.

16-æм апрелы чырыстон дуне банысан кодта Куадзæн. Ацы бонмæ алчидæр фæтырны се ’ввахс æдзард адæймæты уæлмæрдтæ бафснайынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, алкæмæн йæхи транспорт нæй æмæ сæ бахъæуы таксийы æххуыс. Ацы бонты нæм редакцимæ фæуазæг нæ горæты цæрæг Тыджыты Светланæ. Уый нын афтæ радзырдта: «Дæргъвæтин рæс-тæг къæвдатæ ахæссыны фæстæ сабаты, 15-æм апрелы рахур кодта æмæ æз дæр атагъд кодтон мæ мад æмæ ме ’фсымæры уæлмæрдтæ бафснайынмæ. Фæдзырдтон „Такси Эконом“-мæ. Цалдæр минуты фæстæ мæм æрбацыд иу æвзонг къæсхуыртæ нæлгоймаг. Згъудеры таксистæн æхца куы лæвæрдтон, уæд бадиссæгтæ кодта, зæгъгæ, дæ абон æхца нæ райсдзынæн. Тынг диссаг мæм фæкаст ацы хæрзаудæн акци. Азтæ мыл кæд сæ уæз æруагътой, уæддæр мæ царды афтæ никуы ма уыд æмæ æхца ма бафыстаин. Кæй фæтыхстæн, уымæ гæсгæ шофыры йæ ном æмæ йæ мыггагæй дæр нал афарстон. Кусы урс „жигули — шестерка“-йыл. Згъудеры уæлмæрдæй фæстæмæ къахæй здæхгæйæ та мæ цуры фæурæдта иу машинæ æмæ мын йæ шофыр, æвзонг нæлгоймаг загъта, зæгъгæ, кæд горæтмæ цæуыс, уæд сбад æмæ дæ фæхæццæ кæндзынæн бынатмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уайтагъд сразы дæн æмæ уайтагъд хæдзармæ æрбахæццæ дæн. Уыцы бон мæ уæлдай тынгдæр бауырныдта, дуне æнæ хæларзæрдæ адæймæгтæ кæй нæу, уый. Ме нæзонгæ шофыртæн мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын. Уадз, уæ цард уæхи фæндиаг уæд, æнæнизæй бирæ фæцæрут уæ бинонтимæ. Лæггадхъом ут алыхатт дæр! Æмбисонд афтæ куы у, зæгъгæ, дам, судзин зæрдæ ссардта. Ацы дыууæ адæймаджы та равдыстой зæрдæ-хæлардзинад æмæ стыр адæймагдзинад. Чысыл лæггад дæр лæггад у», — радзырдта нын Тыджыты Светланæ.

Тыджыты чызг бирæ азты дæргъы фæкуыста республикон рынчындоны тугуадзæн хайады æмæ ныртæккæ та кусы Дзауы уæрæсейаг æфсæддон базæйы.

Телефоны фæдзырдтам «Такси Эконом»-мæ, цæмæй базыдтаиккам шофыры ном æмæ мыггаг. Сдзуапп нын кодта диспетчер Гæджиты Мельсик. Куы йæ афарстон, зæгъын, чи уыдаид, уыцы хуыцаусконд нæлгоймаг, уæд нын загъта: «Уыцы бон цалдæрæй куыстой „шестерка жигули“-тыл, иннæ ахæм фирмæйы сæргълæууæг Хъæцмæзты Мельсикы инициативæмæ гæсгæ, уыцы дыууæ боны уæлмæрдмæ таксийыл чи цыд, уыдоны компанийы шофыртæ иууылдæр ластой æнæ аргъæй. Ахæм хæрзаудæн акцитæ арæх саразæм æмæ нæ цæрджытæ баззайынц райгондæй», — загъта нын Гæджийы фырт.

Æмбисонд афтæ куы у, зæгъгæ, дам, судзин зæрдæ ссардта. Бузныг уæ адæймагдзинадæй, лæппутæ!

ФÆУАЗÆГ СТЫ ПАНСИОНАТ «АУДЫНДЗИНАД»-мæ

Сабаты, 15-æм апрелы, Куадзæны размæ æхсæвы, нæ горæты Тæболты Сергейы уынджы 129 корпусы æвзонг цæрджытæ Къуылыхты Дианæ, Кокойты Заринæ, Куыдзеты Янæ, Белкова Оля, Коцты Ланæ, Джиоты Викæ æмæ Æлборты Алисæ сфæнд кодтой сæ сыхæгты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын, æцæг бæрæгбон сын саразын. Сæ уæлæ скодтой алы æмæ алы персонажты уæлæдарæс æмæ-иу заргæ æмæ кафгæйæ æрбалæууыдысты цæрджыты къæсæртыл. Цагътой музыкалон инструменттæ — гуымсæг æмæ балалайкæйыл. Фæлæ сæм уый фаг нæ фæкаст æмæ уый фæстæ та сæ фæндаг акодтой пансионат «Аудындзинад»-мæ.

«Пансионатмæ ацæуын Кокойты Заринæйы хъæппæрис уыд. Загъта нын, цæмæй æвæгæсæг зæрæдты зæрдæтæ дæр Куадзæны бахъæлдзæг кодтаиккам æмæ мах дæр сразы стæм йæ хорз фæндыл. Бабадтыстæм дыууæ таксийыл, немæ ма акодтам сыхæгты чысыл лæппу Пухаты Давиды дæр. Пансионаты ацæргæ адæймæгтæн нæ фенд уыд æнахуыр æхсызгон. Ахастам сын рæвдуæттæ æмæ адджинæгтæ. Азарыдыстæм æмæ сын акафыдыстæм. Уыдон дæр кафыдысты æмæ зарыдысты немæ. Сæ зæрдæтæ сын кæй бахъæлдзæг кодтам, уый нæхицæн дæр уыд тынг æхсызгон. Æгайтма сын нæ бон иу чысыл хорздзинад саразын бацис», — радзырдта нын Къуылыхты Дианæ.

«Чысыл Пухаты Давидæн куы бамбарын кодтам, пансионаты æвæгæсæг, æнæхицау зæрæдтæ кæй цæрынц, уый тыххæй, уæд нын кæуынхъæлæсæй загъта, зæгъгæ, æз мæ ныййарджыты, стæй мæ дада æмæ нанайы дæр ардæм никуы æрбакæндзынæн. Мемæ цæрдзысты иууылдæр», — загъта Дианæ.

Иннæ ахæм ма ацы æвзонг сылгоймæгты хъæппæрисæй рафидыдта корпусы кæрт, ныссыгъдæг æй кодтой, ныссагътой дзы алыгъуызон дидинджытæ æмæ йын йæ алыварс сæхгæдтой ныллæг æмбондæй. Фæнд ма кæнынц корпусы бацæуæны къултæ сойджын ахорæнтæй байсæрдын дæр. Кæцыфæнды сых дæр ахæм кæстæртæй фидауы æмæ æнæнизæй бирæ фæцæрут. Хуыцауы фæдзæхст ут æмæ уын фылдæр бантысæд уæ царды хорздзинæдтæ саразын.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.