Æнусы дæргъы рæстæджы æрфæнты лæгæрды, нæ цины дæр æмæ нæ хъыджы дæр, нæ уарзон газет «Хурзæрин». Уымæн йæ истори æнгом баст у нæ адæмы хъæздыг историимæ. Йæ фыццаг номырæй фæстæмæ уый æнувыдæй лæггад кæны йæ адæмæн, архайы, цæмæй сын сæ зæрдæ рухс кæна æнтыстытæ æмæ хорз хабæрттæй. Стыр куыст кӕны бӕстӕйы дзыллӕйады ӕхсӕн фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ бахъахъхъӕнын ӕмӕ парахат кӕныныл, ирон ӕвзаг ӕмӕ культурӕ райтынг кӕныныл.

Газет йӕ ӕнусон юбилейы сӕрты сӕрыстырӕй акаст, æнусы дæргъы дзы чи фæллой кодта, уыдоны   руаджы æмæ дарддæр дæр йæ фæллойадон архайд кæндзæн. Газет цӕмӕй радон хатт рухс фена, ууыл чи фыдӕбон кӕны, уыцы ӕвзонг фӕлтӕр нын дзурынц сӕ мысинӕгтӕ ӕмӕ тӕлмӕнтӕ, цы сæ разæнгард кодта ирон дзырд æмæ ирон газеты хæрзæбонæн фæллой кæнынмæ, уый фæдыл.

 

Кокайты Заринӕ:

– Университеты ма куы ахуыр кодтон, уæд нæ нæ ахуыргæнджытæ Туаты Шота, Гобозты Валери, Джиоты Аллæ, Гусаты Линæ, Хъодалаты Хансиат æмæ æндæртæ æппынæдзух разæнгард кодтой нæ равзаргæ профессийыл æнувыд уæвынмæ, амыдтой нын нæ хъуыдытæ раст æмæ аив нывæндын. Стыр бузныг сын, мæ професси мын кæй бауарзын кодтой, уый тыххæй. Æртыккаг курсы райдыдтон мæ чысыл уацтæ фыссын алыгъуызон темæтыл. Уыдон мыхуыр цыдысты газет «Хурзæрин»-ы фӕрстыл. Журналистикæйы факультет каст фæуыны фæстæ уайтагъд кусын райдыдтон телерадиокомпани «Ир»-ы уацхæссæгæй. Уым бакуыстон бæрцæй цалдæр мæйы. Арæх мын-иу дзырдтой, зæгъгæ, дын газеты уацхӕссӕджы стиль ис.

Арæх-иу ыл хъуыды кодтон, цалынмæ мæм газет «Хурзæрин»-ы уæды редактор Гæбæраты Юри телефонæй не ‘рбадзырдта, уæдмæ, зæгъгæ, дæ нæ фæнды газеты бакусын? Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыды дæр нæ акодтон æмæ газеты редакцимæ рахызтæн. Æмæ 2010 азы октябры мӕйӕ ныры онг кусын газеты уацхӕссӕгӕй.

Хæларзæрдæ æмæ уарзæгой коллективы æхсæнмæ кæй æрбахаудтæн, уый уайтагъд банкъардтон. Куыд сæхи хъæбул æмæ мадызæнæг, ахæм цæстæй мæм ракастысты, аудыдтой мыл æмæ мын зæрдиагæй амыдтой газеты куысты сусæгдзинæдтæ. Æнæкæрон бузныг сын уый тыххæй. Абоны онг дæр семæ кусын хъæрмудæй. Куы бахъæуы, уæд мын сæ зонындзинæдтæ нæ бавгъау кæнынц, рагæй фæстæмæ ацы газеты чи кусы, уыцы фæлтæрдджын кусджытæ. Махæн та, кæстæртæн, нæ бон цы уа, уымæй пайда кæндзыстæм, уал азы дæргъы цы куыстыл сахуыр стæм, уымæй, нæ Ирыстон æмæ ирон адæмы хæрзæбонæн.

Гӕбӕраты Мадинӕ:

– Рагӕй мӕм стыр цымыдис ӕвзӕрын кодта, газет куыд цæттæ цӕуы, уыцы хъуыддаг. Сывӕллонӕй дӕр мӕм арӕх ӕвзӕрыд ацы фарст, ӕмӕ-иу ахæм дзуапп райстон; типографы йæ  мыхуыр кæнынц, зæгъгæ. Университеты ма куы ахуыр кодтон, уӕд ме ‘мкъурсон Дриаты Лейлӕ ахуыры ӕмрӕнхъ куыста, абон мын зынаргъ ӕмӕ зӕрдӕмӕ ӕввахс цы газеты куыст ссис, уым. Чысылӕй фӕстӕмӕ цы хъуыддагмӕ цымыдис кодтон, раст уыцы куыст кодта Лейлӕ – компьютеры руаджы арӕзта газеты фӕрстӕ ӕмӕ сӕ типографмӕ мыхуырмӕ цӕттӕ кодта. Мӕ цымыдис мын бахынцыдта ӕмӕ университет каст куы фӕдӕн, уӕд мӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй сахуыр кӕнон ацы куыст.

Газеты фӕрстӕ компьютеры руаджы аразын хуымӕтӕг нӕу, бацамыдта мын йӕ сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ абон Лейлӕимӕ иумӕ архайӕм, газеты фӕрстӕ куыд аивдӕр саразæм ӕмӕ кӕсӕджы куыд тынгдӕр ӕлвасой сӕхимӕ, ууыл. Алы фарсӕн макеттӕ аразынц редакцийы секретариат ӕмӕ сӕ мах та аивдӕр кӕнӕм ӕрмӕджытӕ ӕмӕ къамтӕй.

Æз тынг сӕрыстыр дӕн мӕ коллективӕй, тынг хъарм ахаст банкъардтон мӕ фыццаг бакъахдзӕфӕй, ӕххуыс мын кодтой, бирӕ хорз хъуыддӕгтыл мæ цалх кодтой. Хисдӕр кары коллегӕты ныхӕстӕ абоны онг дӕр арф æвæрд сты мӕ хъуыдыйы ӕмӕ зонды, зӕгъгӕ, коллектив иу бинонты хуызӕн хъуамӕ уой, хӕрамдзинад ӕмӕ ӕндӕр æппæрццаг хъуыддӕгтӕн бынат ма хъуамӕ уа не ‘хсӕн. Уыцы амындтытæ мын абоны онг дӕр тынг феххуыс сты мӕ куыст ӕмӕ коллективимӕ хорз ахастытӕ биноныг кӕныны хъуыддаджы.

Цыбырты Анжелæ:

– Газет «Хурзæрин»-мæ кусынмæ æрбацыдтæн 2018 азы. Уæд нырма ахуыр кодтон паддзахадон педагогон университеты 5-æм курсы тæлмац кæныны факультеты. Тæлмац кæнын тынг уарзтон, скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд дæр. Тынг уарзтон англисаг æвзаг æмæ мæ фæндыд тæлмацгæнæг суæвын. Скъолайы  хистæр кълæсты куы ахуыр кодтон, уæд нæм нæ университетæй æрбацыдысты лектортæ, радзырдтой нын, цы факультеттæ дзы ис, уыдоны тыххæй. Тыбылты Ингæ æмæ дзæнæттаг Медойты Боболкæ тæлмац кæныны факультеты тыххæй куы дзырдтой, уæд мæм уый уæлдай цымыдис сæвзæрын кодта. Æмæ сфæнд кодтон, астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ, æнæмæнгдæр, кæй бацæудзынæн ацы факультетмæ. Стæй мæ мæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг дæр тынг разæнгард кодта. Æвæццæгæн, ацы дæсныйад сахуыр кæнын дæр мæ уымæн фæндыд, æмæ мæ мадæлон æвзаг тынг кæй уарзын.

Мæ куысты рæстæджы, кæй зæгъын æй хъæуы, зындзинæдтыл æмбæлын абоны онг дæр, фæлæ хъæрмуд коллективы æхсæн сæ æрбæстон кæнын дæр зын нæу.

Ме ‘рбацыдæй фæстæмæ кусын газеты тæлмацгæнæгæй, æмæ цыма знон æрбацыдтæн, афтæ мæ зæрдыл лæууы, фыццаг хатт ацы редакцимæ куы æрбацыдтæн, уыцы бон. Абоны онг дæр редакцийы кусджыты уæды рæдау ахаст мæ зæрдыл дарын, æмæ архайын, цæмæй æз дæр уыдоны æнгæс уон æмæ сын афтæ дзуапп кæнон.

Сæдæ азы кадджын юбилей у. Нæ кадджын ирон газет бирæ юбилейтæ нысан кодта йæ фæрнджын коллективимæ æмæ дарддæр дæр нысан кæндзæн. Фæлæ абон æз кæстæр фæлтæры номæй зæрдиаг арфæ кæнын, сæдæ азы дæргъы ирон дзырд, ирон культурæ æмæ æгъдæуттæ, цæсты гагуыйау, чи хъахъхъæдта, уыдонæн. Стыр арфæтæ ма мæ зæгъын фæнды, нæ коллективæй дарддæр, газет цæмæй рухс фена, ууыл чи фыдæбон кæны, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр, уыцы нымæцы нæ буц газеткæсджытæн дæр!

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.