Адæймаджы йе ‘нæниздзинадæн пай-да чи сты, уыдонмæ, æнæдызæрдыгæй, хауы, мыд дæр. Мыды ахадындзинад егъау кæй у, уый рагæй зындгонд у æмæ уымæ гæсгæ мыдыбындзытæ дарынмæ адæймагад раджы аздæхта йæ хъусдард. Афтæ у ацы ахсджиаг къабаз райтынг кæнын Хуссар Ирыстоны дæр раздæр азты æмæ ныр дæр.

Ивгъуыд æнусы 60-æм азты нæ уæды областы уыд ахæм фæлтæрд æмæ зындгонд мыдгæстæ, куыд Гаглойты Дауыт, Мамытаты Габе, Къæбулты Георги, Тедеты Хъауырбег, Болататы Дауыт, Коцты Лаврент, Чъыбылты Раман, Хуыбецты Тъатъе, Санахъоты Гиго, Лохты Исахъ, Икъаты Серги, Тедеты Яша, Джиоты Аннæ, Цхуырбаты Алыксандр, Гаглойты Раисæ, Джиголаты Кудзи, Тыджыты Абрам, Елойты Георги æмæ æндæртæ. Ацы хъуыддаджы фæстæ нæ лæууыдысты Къостайыхъæуы администрацимæ хауæг Ход, Тъбет, Дурæфтау æмæ æндæр хъæуты мыдгæстæ Дзæгъиаты Жора, Джиоты Осман, æфсымæртæ Цхуырбаты Георги æмæ Григол æмæ æндæртæ.   Ныр дæр æрмæст Цхинвалы районы бирæ сты,  сæ мыдычыргъæдтæй дзæвгар мыд чи райсы, ахæм мыдгæстæ. Зæгъæм, Тъбеты хъæуы цæрæг, Цхуырбаты Леонид дарддæр кæны йæ фыд Георгийы хорз традици. Уый сахуыр кодта мыддарды дæсныйад æмæ æрвылаз дæр йæ зæрдæ барухс вæййы йæ куыстæй. Мыддарды куыст ма ноджыдæр кæнынц Къостайыхъæуæй Тыбылты Олег, Лохты Мурик, Джиоты Владимир, Хъабанты Гаврил, Галуанты хъæуæй Гаглойты Алик æмæ æндæртæ.

Зæгъын хъæуы, мыдæй дарддæр ма адæймагæн  стыр пайда сты мыдадз, сагъæ, мыдыбындзыты марг æмæ æхсыр, кæцытæй пайда кæнынц бирæ низты ныхмæ, куыд астмæ, хуыздæр кæны ахсæны куыст, зæрдæ, нуæрттæ, стæгниз, цармы низтæ, уыдырны æмæ æндæртæн.

Мыдгæстæн æнæаргъæвгæ куыст вæййы уалдзæджы хъарм бонты. Бас-гарынц сæ чыргъæдты, бæстон базонынц, уазал бонты куыд арвыстой сæ зымæгиуат, ныссыгъдæг сын кæнынц сæ къæртатæ, кæд цух сты хæринагæй, уæд сæм уымæй æнæмæнг фæкæсынц, ноджы ма дзы бакæнынц æндæр æнæмæнгхъæуæг куыстытæ дæр. Нæ республикæйы мыдгæсты хæрзиуæгон архайды фæрцы та нæ цæрджытæ хай-джын уыдзысты се ‘ркæнгæ продукцийæ.

                                                              ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.