Тагъд нæ горæты хæрзарæзт цы уынгтæ æрцыд, уыдонмæ бафтдзæнис ноджыдæр фараст уынджы. Гагарины, Кавказы, Икъаты Владимиры, Бушы. Мичурины, Козайы фырты Мæскуыйаг микрорайоны Владимир Путины æмæ Медведевы уынгтæ. Уыдон арæзт æрцæудзысты 2023 азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Ныртæккæ Гагарин, Кавказаг æмæ Икъаты Владимиры уынгтыл мыдыбындзытау æмызмæлд кæнынц «Водоканал»-ы кусджытæ. Ацы уынгты зæххыбын коммуникацион хæххытæ ивд никуы уыдысты сæ сырæзтæй фæстæмæ. Раивдзысты дзы дон æмæ канализацион хæххытæ, алы хæдзармæ дæр бауадздзысты дон, уый фæстæ та куыстытæм бавналдзысты газы кусджытæ æмæ уыдон сæ куыст куы фæуой, уæд та тротуартæ æмæ асфальтгæнæн куыстытæм æрæвналдзысты. Ацы уынгтæ къаннæггомау сты, уымæ гæсгæ сыл кусдзæн фæйнæ бригадæйы. Стыр уынгтыл та архайдзысты дыгай бригадæтæ – иутæ уынгтæн сæ уæллаг фарс райдайдзысты, иннæтæ та уынджы кæронæй. Ныртæккæ Мичурины æмæ Икъаты Владимиры уынгтыл кусджытæ архайынц, æнæзæрдæхудтæй, арæхстгай, цæмæй сæ кæрæдзи ма хъыгдарой æмæ сæ куыст фæуой банысангонд æмгъуыдмæ. Æппæт куыстытæн дæр ис сфидаргонд график æмæ кæд æнæнхъæлæджы ницы къуылымпыдзинæдтæ фæзына, тагъд рæстæджы ацы уынгтæ уыдзысты нæ горæты  рæсугъд уынгты æмрæнхъ.

Ацы аз сæххæст уыдзæнис Мæскуыйаг микрорайон Владимир Путины æмæ Медведевы уынджы цæрджыты бæллиц дæр. Тынг тыхстысты адæм, рæстмæ фæндаг сæм кæй нæ уыд. Къæвда бонты азмæлæн нæ вæййы цæрæн хæдзæртты рæзты. Цæрджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаджы дзыхъхъыты дон æмбырд кæны. Сæхи тыхтæй йæ барастытæ кæнынц, æркалынц  дзы хуыр, фæлæ уый бирæ рæстæг нæ ахæссы. Къæвда  рæстæджы та фехæлы æмæ дзы къахæйцæуджытæн нæ, фæлæ машинæтæн дæр зын ахизæн у.  «Æппынфæстаг махæн дæр нæ уынгтæ рафидаудзысты æмæ фервæздзыстæм нæ фыдæбæттæй. Тыхстыстæм къæвдабонты цъыфæй, хурбоны та – рыгæй. Ацы хæдзæрттæ ныл 2009 азы байуæрстой æмæ уæдæй нæ хъиутæ хæрæм. Ныр нæ цинæн кæрон нæй», – зæгъы микрорайоны цæрæг.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон министрады куыд зæгъынц, афтæмæй архайдзысты, цæмæй уынгты арæзтад ма ныддаргъ уа. Уый тыххæй, дам, ифтонг стæм техникæйы хуызтæ æмæ арæзтадон æрмæ-джытæй дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.