11 мартӕй 18 мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыд. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы. Авариты фӕстиуӕгӕн рынчындонмӕ бахаудтой ӕртӕ адӕймаджы, сӕ иу разынд ӕнӕххӕст кары сывӕллон.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ ӕркодтой ӕртӕ ӕнӕххӕст кары сывӕллоны.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци дыууæ къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 261 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 12 шофыры разын-дысты нозтджынтӕ кӕнӕ та уыдысты наркотикты ӕндӕвдады бын.

Экономикон фыдракӕндтӕ ма ӕруадзыны фӕдыл милицийы управленийы кусджытӕ рейдты рӕстӕджы горӕты иу дуканийы баййӕфтой энергетикон нозтытӕ ӕмӕ сӕ сконфискаци кодтой.

13 марты рынчындонмæ бахаудтой æртæ адæймаджы, кæцытæ сæ хæдзары уæвгæйæ фæулæфыдысты сыгъдхъæстæ.

16 марты Дзауы районы Хуырыхъæуы зынг сирвæзт хисæрмагонд æдзæрæг хæдзарыл. Бынатмæ ссыдысты зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæ æмæ хæдзар кæронмæ басудзынæй аирвæзын кодтой.

17 марты Ленингор-Балааны фæндаджы 5-æм километры æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Ленингоры районы 77-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Лада Нива» скъæрын æмæ ахаудта фæсвæд, цæугæдонмæ. Шофыр бахауд рынчындонмæ.

Цхинвалы районы милицийы управленийы кусджытӕ баурӕдтой 52-аздзыд горӕттаг цӕрӕджы марихуанайӕ спайда кӕныны тыххӕй. 28-аздзыд горæттаг цæрæджы та марихуанайæ спайда кæныны тыххæй баурæдтой горæт Цхинвалы милицийы хайады кусджытæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.